«НИФС, ЛÆГДЗИЙНАДÆ УАРЗЕТÆ, СКÆНТÆ МУГГАГМÆ СТУР НОМ…»
Уотæ нин фæдзахста нæ номдзуд финсæг æма рохситауæг Малити Геуæрги æ уадзимистæй еуеми. Æма ихæсгин ан, еуемæй, æ рохс ном ин æностæмæ цитгинæй имисунæй, иннемæй ба æ фæдзæхст арфиаг гъуддæгутæй æнхæст кæнунæй. Гъе уомæ гæсгæ ’й абони нæ газети фæрстæбæл имисæн, уой туххæй æй номдзуд ахургонд Абайти Васой уац æма Геуæргийæн æхе финст уадзимистæ. Уомæн хуарз рæуагæ дæр ес – аци бæнтти æ райгурдбæл æнхæст кæнуй æстдæс æма æхсæзинсæй анзи (1886-1942). Малити Геуæргий райгурæн бонбæл нæуæг анзнимадмæ гæсгæ нимад цæуй 5 ноябрь (зæронд анзнимадмæ гæсгæ ба – 23 октябрь). Фал æ номерæнæн æрмæгутæ ба рагацау мухур кæнæн, уомæ гæсгæ, цæмæй фæрразæнгард кæнæн нæ дзиллæ æма кæдимайди ба ин цитгингæнæн мадзæлттæ арæзт æрцæуидæ. Еци гъуддаг нæ абони уæлдай ахсгиагдæрæй гъæуй – циуавæрдæр къæсибадæг дзæнгæдагæнгутæ багъавунцæ дигорон æвзаг æма литературæ исдзурдтаг кæнунмæ, гъома, цæмæн гъæунцæ, зæгъгæ. Æма син мах, Малити Геуæргий лæгдзийнæдтæй æма алæмæттаг исфæлдистадæй зæгъæн: еци æдзæстуарзонтæ цийфæнди фудвæндитæ ку аразонцæ, уæддæр дигорон æвзаг дæр æма дигорон литературæ дæр цард-цæрæнбонти цардæгас уодзæнæнцæ, сæ гъомусадæй уодзæнæнцæ цæмæдесаг нæ дзиллæн, нæ национ культурæ цардгъонгæнæг алæмæти фæрæзнæ.