26 декабря 2024

«БÆГЪАТÆРТÆН КАДÆ КÆНУНÆЙ ИХÆСГИН АН…»

26.10.2024 | 19:03

Сæрмагонд æфсæддон операций фиццаг бæнттæй нуриуæнгæ дæр Цæгат Иристони цæргутæй беретæ архайунцæ. Сæ лæгдзийнади хабæртти туххæй еудадзуг игъосун кæнунцæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ.

Гъулæггагæн, тугъди будурæй исигъусуй зæрдристгæнæн хабæрттæ дæр – не ’мзæнхонтæй се ’фсæддон ихæс рæстуодæй исæнхæст кæнуни сæрбæлтау æ цард ка иснивонд кодта, уони туххæй. Багъæуаги етæ бавдистонцæ нæ Фидибæстæбæл æновуддзийнадæ, æма махæн ба нæ ихæс æй уони рохс нæмттæ исæносон кæнун. Еци гъуддаги Мæздæги райони прокурор Евгений Гусаров æма е ’мгустгæнгутæ фæнзуйнаг хъæппæрес равдистонцæ – райони центри Уæлахези парки байгон кодтонцæ циртдзæвæн, сæрмагонд æфсæддон операций ка фæммард æй, еци тугъдонти номерæнæн. Мемориал æвæрд æрцудæй сосгъæди аллейи райдайæни. Аци аллейæ ниссагътонцæ æфсæддон операций архайгути номерæнæн.

Циртдзæвæн кадгин уавæри байгон кæнуни мадзали архайдтонцæ нæ республики прокуратури разамунд, Мæздæги райони æма сахари хецауадæ, Цæгат Иристони ветеранти Совети, фонд «Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ»-йи æма «Тугъдон æнсувæрдзийнадæ»-йи дæлхайæдти, æхсæнади минæвæрттæ.

Аци мадзалмæ скъола-интернати ахурдзаутæ бацæттæ кодтонцæ тематикон литературон мадзал, бакастæнцæ æмдзæвгитæ, райони культури артдзæсти архайгутæ ба равдистонцæ цалдæр музыкалон уадзимиси.

Циртдзæвæн ке номерæнæн æвæрд æрцудæй, уони рохс нæмттæ имисунæн мадзали архайгутæ еу минут æдзæмæй ралæудтæнцæ, уæдта монументи рæбун исæвардтонцæ деденгутæ æма веноктæ, хъайтартæн сæ сæртæй ниллæг раковгæй.

*  *  *

Еугуруæрæсеуон акци «Багъæуай кæнæн гъæдæ», зæгъгæ, Еугуруæрæсеуон акций фæлгæти 29 октябри бархеуонтæ æма гъæдгæстæ Дзæуæгигъæуи 0,6 гектари ниййараздзæнæнцæ сурх толдзи 200 талай. Куд нимад цæуй, уотемæй сурх толдзæн æ менеугутæ амонунцæ тухæ, фæразондзийнадæ, берæ æнзти цæрæг, ездондзийнадæ æма кадæ æвдесæг æй. Уой уомæ гæсгæ баханхæ кодтан, æма акций Цæгат Иристони оргкомитет исфæндæ кодта талатæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгути номбæл ниссадзун. Уой фæдбæл акций цæгатиристойнаг оргкомитети координатор, специалист-эксперт Кокойти Маринæ уотæ зæгъуй:

– Аци анз нæ республики æрдзон фæрæзнитæ æма экологий министрадæ унаффæ рахаста, сæрмагонд æфсæддон операций ка фæммард æй, еци бæгъатæрти кадæн талатæ ниссадзун. Æма Дзæуæгигъæуи хонсарæрдигæй Терки сæрти, Красногвардейская, зæгъгæ, ци хед ес, уомæ хæстæг фæзи исараздзинан сурх толдзи аллейæ. Нæ бæгъатæр фæсевæд, Уæлахез хæстæгдæр кæнгæй, хъазауат кæнунцæ тугъди будури, гъулæггагæн, кадæртæ си се ’фсæддон ихæстæ æхсаргинæй æнхæст кæнгæй фæммард æнцæ… Уадзæ, æма исонибони аци толдзи аллейæ нæ ирæзгæ фæлтæртæн сæ зæрдæбæл лæуун кæна нæ бæгъатæрти кадæ æма намус…