30 октября 2024

РÆСТУОДÆЙ ÆНОВУД ФÆЛЛОЙНИ ÆНЗТÆ

26.10.2024 | 19:07

Дæс æма инсæй анзи исæнхæст æй, Цæгат Иристони пусулмæнтти уодварнон Управлени арæзт ку ’рцудæй, уобæл. Еци цау цитгинæй исбæрæг кодтонцæ нæ республики дзиллæ. Евгъуд геуæргибони Евгений Вахтангови номбæл Уруссаг академион театри арæзт æрцудæй кадгин æмбурд. Архайдтонцæ си куд нæ республики æхсæнади минæвæрттæ, уотæ берæ иуазгутæ Уæрæсей берæ регионтæй, Цæгат Кавкази еугур республикитæй, Мæскуйæй, Поволжьейæй, Мордовийæй, Донецки æма Лугански адæмон республикитæй, сауæнгæ фæсарæнтæй дæр.

Æмбурд байгон кæнгæй, нæ республики пусулмæнтти уодварнон Управлений сæрдар, муфтий Гуæцæлти Хаджиморат зæрдиагæй райарфæ кодта мадзали архайгутæн æма æ радзубандий загъта:

– Дæс æма инсæй анземæ управлени федар ислæудтæй æ къæхтæбæл. Уой хæццæ, раййивта æхсæнади цæстингас пусулмон динмæ, динбæл хуæст ка нæй, фал уодигъæдæй рæстаг ка ’й, етæ дæр æма æууæндагæ адæм хуæздæр лæдæрун райдæдтонцæ кæрæдзей, æма уой нимайун устур къахдзæфбæл æхсæнадон царди размæцуди. Управлени еудадзуг кæнуй гуманитарон, хуæрзауодæн æма социалон агъаз, фæккæсуйнаг ка ’й, еци адæмæн, уæлдайдæр ба нуртæккæ, сæрмагонд æфсæддон операци ку цæуй, уæд…

Æмбурди архайдта æма си радзубанди кодта нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз:

– Нæ берæнацион республикæн хъазар æнцæ алли дини, алли адæмихæттити минæвæрттæ дæр. Интернационалон лимæндзийнадæн бундор исæвæрун, нæ хуарз æгъдæуттæ æма фæткитæ, нæ уодварни хæзнатæ арæхстгинæй багъæуай кæнун æй нæ еумæйаг ихæс. Пусулмæнтти æхсæнадæ кæддæриддæр архайдта æма архайуй республики социалон-экономикон райрæзт, фæсевæди патриотон гъомбæладæ, адæмти ’хсæн лимæндзийнадæ æма кæрæдзей лæдæрундзийнадæ федар кæнуни гъуддæгути.

Еци гъуддæгути сæ æновуд архайди Тускъати Таймораз Парламенти Кади гæгъæдитæй æма Арфи финстæгутæй исхуарзæнхгин кодта пусулмон æхсæнади гъуддæгути æновуддæрæй архайгутæй къуарей: .

Бæрæгбон рахаста æртæ бони, æма уони дæргъи кадгин æмбурдæй уæлдай ма арæзт æрцудæй берæ æндæр аллихузон мадзæлттæ. Æма уони туххæй ба бæлвурддæрæй рахабар кæндзинан нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми..