ХАБÆРТТÆ. НИСАНТÆ.
Цæгат Иристон Белоруссий республики ’хсæн ци федар политикон æма хæдзарадон бастдзийнæдтæ ес нерæнгæ дæр, етæ гъæуама фæххузæнондæр уонцæ. Уомæн æвдесæн æй е дæр, æма æнсувæрон паддзахади бæрнон минæвæрттæ нæ республикæ бабæрæг кодтонцæ æма бæлвурдæй æрдзубанди кодтонцæ идарддæр дæр æмгустадæ гъомусгиндæр кæнуни фарстатæбæл. Етæ хаунцæ идарддæри ирæзти аллихузон архайди къабæзтæмæ.
Фембæлди кæронбæттæни федаргонд æрцудæнцæ Цæгат Иристон æма Белоруссий æхсæн базарадон-экономикон, наукон-техникон æма культурон æмгустади мадзæлтти туххæй бадзурдтæ.
* * *
Республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Тебиати Сослан куд игъосун кæнуй, уотемæй медицинон комплекстæ идарддæр зелунцæ районти гъæутæбæл: нерæнгæ бал медицинон æркæстити рацудæй 35 мин адæймагемæй фулдæр.
Абони уæнгæ нæ республики косуй уæхæн еуæндæс медицинон цæугæ комплекси. Ес си флюорографтæ, маммографтæ æма хуæддзæугæ фельдшерон-акушерон пункттæ. Сæ сæйраг ихæс æй, цæмæй идард гъæути цæргутæн фадуат уа се ’нæнездзийнади уавæр исбæрæг кæнунæн.
* * *
Паддзахадон Думи депутатти къуар фæндæ бахаста, цæмæй бауæрæй сахъат адæм æма бауæрæй сахъат кæстæртæ дæр – кæд син медицинон амунддзийнæдтæмæ гæсгæ барæ ес медицинон фæрæзнитæй пайда кæнун – транспортон феддонтæ федунæй уæгъдæгонд æрцæуонцæ, уой туххæй. Дзубанди цæуй, хуæдтолгитæй пайда кæнуни барæн си медицинон æвдесæндартæ кæмæ ес, уонæбæл.
* * *
Нæ республики æнæнгъæлти цаути министради пресс-службæ куд игъосун кæнуй, уотемæй аци анзи райдайæнæй фæстæмæ Цæгат Иристони æрцудæй 1270 зингисервæзти. Уони рæстæг зингхуссунгæнгутæ-ервæзунгæнгутæ æдасдæр рауæнмæ ракодтонцæ 1138 адæймаги, фæййервæзун кодтонцæ мæлæтæй 10 адæймаги. Зингисервæзтити рæстæг, гъулæггагæн, 4 адæймаги фæммард æй. Зингисервæзтити фулдæр хай (1085 цауи) æрцудæй, цæрæг кæми нæбал адтæй, уæхæн азгъунстити, 633 ба, фæсалæ кæми иссодзидæ, уæхæн рауæнти.
Сувæллæнтти фудæй зингисервæзтитæ республики не ’рцудæй.
* * *
Республики бюджетæй 15 миллион соми дехгонд æрцæудзæнæй Дзæуæгигъæуи физкультурон-æнæнездзийнадæ федардæргæнæн комплекс «Клеверспорт»-и арæзтадæн. Спортивон комплекси уодзæнæй фитнес-центр тренажерти хæццæ, аллихузон спорти хузти архайунæн залтæ, накæгæнæн донуæттæ силгоймæгтæн æма нæлгоймæгтæн хецæнтæй, сауæнгæ ма саунитæ æма абанатæ.
Спортивон комплекси се ’нæнездзийнадæ лæвар федар кæндзæнæнцæ сахъат адæймæгутæ, пенсиесгутæ, седзæр сувæллæнттæ æма æвæрæз бийнонти зæнæг.