ФУДИМЕЛÆ ГЪÆУАМА ЕУМÆЙАГÆЙ ИСКУНÆГ КÆНÆН!..
Нæ доги тæккæ æверхъаудæр фудмиутæ иссæнцæ терроризм æма экстремизм. Етæ ке фудæй исæгæр æнцæ нæ нури доги, уонæмæ нимади дæр нæй е, æма сæ фудмиутæй знаггадæ ке кæнунцæ æвуд адæмæн, сæ фудæй ке бабун æнцæ æдзард сувæллæнттæ, сæ ниййергутæ…
Еци фудрахастдзийнæдти нихмæ карзæй-карздæрæй тох кæнуй Уæрæсей Федераци. Тох кæнуй еугур равгитæ æма гæнæнтæй. Уæхæн архайд еудадзугдæр æнхæстгонд цæуй Цæгат Иристони дæр. Æрæги ба Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университет æма нæ республики национ политикæ æма æндагон бастдзийнæдти министради хъæппæресæй Дзæуæгигъæуи Национ наукон киунугæдони арæзт æрцудæй æхсæнрегионалон наукон-практикон конференци. Архайдтонцæ си куд нæ республики хецаудзийнади æнхæстгæнæг оргæнти косгутæ, бунæттон хеунаффæйади оргæнтæ, æхсæнадон организацитæ æма дини еугæндти минæвæрттæ, уотæ иуазгутæ Мæску, Пятигорск, Ростов, Грозна, Донецк æма Лугански сахарти уæлдæр ахургæнæндæнтти гъуддаг лæмбунæг æвзарæг эксперттæ.
Конференций дзубанди ба цудæй Уæрæсей Федераци терроризм æма экстремизми нихмæ тох кæнуни фæдбæл 2024-2028 æнзтæмæ ци мадзæлттæ нисангонд цæуй, уонæбæл. Уони фæдбæл æ радзубандийæй мадзал байгон кодта Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети философи æма политики кафедри разамонæг, профессор Дзахæти Ларисæ.
Æмбурди архайгутæ æма иуазгутæн райарфæ кодта нæ республики Сæргълæууæги агъазгæнæг, терроризми нихмæ тохгæнæг къамиси аппарати разамонæг Олег Баранов, республики национ политикæ æма æндагон бастдзийнæдти министри хуæдæййевæг Вадим Лесь, Хетæгкати Къостай номбæл университети наукон архайди проректор Тенгиз Тиникашвили.
Æмбурди пленарон хаййи цæмæдесаг докладтæ искодтонцæ Пятигорски паддзахадон университети профессор Мая Аствацатурова, Уæрæсей наукити Академий æхсæнадон наукити наукон информацити институти æнæлухгонд фарстатæ ахур кæнуни центри разамонæг Юрий Черный, Грознай Х.И. Ибрагимови номбæл Комплексон наукон-æртасæн институти косæг, политикон наукити кандидат Али Салгириев, Ростови Терроризм æма экстремизми нихмæ архайæг центри психолог Дарья Юношева.
Конференций рæстæг терроризм æма экстремизми нихмæ архайди аллихузон мадзæлтти фæдбæл ахургæндтæ дзубанди кодтонцæ хецæн секцити. Аци фарстатæбæл исаразтонцæ цæлхæмбурд дæр. Кæронбæттæни ци резолюци исфедар кодтонцæ, уоми æвдист æрцудæнцæ идарддæри архайди нисантæ æма регионти фæлтæрддзийнадæй хуæздæр пайда кæнуни мадзæлттæ.