26 декабря 2024

СÆЙРАГДÆР ИХÆС ÆЙ – АХЕДГÆ АРХАЙД НАЦИОН ПРОЕКТТИ!..

02.11.2024 | 15:16

Цæгат Кавкази федералон зилди Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвари размæ косæг советæн æрæги видеобастдзийнади фæрци ци кезуй æмбурд адтæй, уоми лæмбунæг дзубанди цудæй фиццагкезуй национ пректтæ æнхæст кæнуни уавæрбæл, уæдта 2030 анзи уæнгæ райрæзти нæуæг программитæбæл бакосуни хæццæ баст фарстатæбæл. Аци мадзали архайдта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.

Президенти Æнхæстбаргин минæвар Цæгат Кавказаг федералон зилди Юрий Чайка æмбурди райдайæни куд фæббæрæг кодта, уотемæй фиццагкезуй национ проектти уагæвæрдтæ царди рауадзунбæл ахедгæ куст цæуй регионти. Уой баханхæ кæнгæй ма æ радзубандий уотæ загъта:

– Хецаудзийнади еугур къабæзтæн дæр сæ аллибони архайди гъæуама вазуггиндæр уа национ проекттæбæл куст. Еци гъуддаги федералон зилди регионтæ æнгом æмгустадæ кæнунцæ хецаудзийнади федералон оргæнти хæццæ. Уой туххæй æз арфиаг дæн Цæгат Кавкази субъектти разамонгутæ æма хецауæдти сæрдартæй.

Юрий Чайка æ радзубандий зингæ æргом раздахта, куд фæнзуйнаг фæлтæрддзийнади æвдесæнтæмæ, уотæ, нерæнгæ ма аци бæрнон кусти ци хецæн къулумпидзийнæдтæ ес, уонæмæ дæр. Æ загъдмæ гæсгæ, национ проекттæбæл кусти хуарз фæлтæрддзийнадæбæл æнцойнæ æма къулумпидзийнæдтæй афойнадæбæл хатдзæгтæ кæнгæй, гъæуй разæнгардæй тундзун раздæр федаргонд еугур нисантæ афойнадæбæл æма гъæугæ хузи исæнхæст кæнунмæ.

Регионти разамонгутæ еугурæйдæр сæ радзубандити бæлвурд хабæрттæ фегъосун кодтонцæ, национ проектти уагæвæрдтæ сæмæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уой фæдбæл. Зæгъæн, Сергей Меняйло куд фæббæрæг кодта, уотемæй Цæгат Иристон гъомусгинæй архайуй æртиндæс федералон национ проекттеми. Уони бундорбæл республикæ бацæттæ кодта æхсæз æма дууинсæй регионалон программи. Амунд проекттæ æма программиттæ æнхæст кæнуни гъуддаги республикæ цæйбæрцæбæл æнтæстгинæй архайуй, уомæн ирд æвдесæн æй е дæр, æма уой фæдбæл федералон рейтингти бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ Цæгат Иристон раздæри 82-аг бунатæй исхизтæй 24-аг бунатмæ.

– Уой хæццæ, республикæ косуй, 2030 анзи уæнгæ нæуæг фиццагкезуй проекттæмæ ци объекттæ бахæссун гъæуй, уони проектон-хæрзти документацибæл дæр, – фегъосун ма кодта Сергей Меняйло æ радзубандий. – Еци фарстай фæдбæл регион æнгом æмархайд кæнуй федералон профилон ведомствити хæццæ. Еугур бæрнон косгутæн дæр фæдзæхст æрцудæй еугур фадуæттæй дæр æнхæстæй испайда кæнун, цæмæй Цæгат Иристон ахедгæ хузи архайа нæуæг национ проектти дæр.

Совети иуонгтæ аци æмбурди рæстæг ма се ’ргом раздахтонцæ федералон зилди аллибони царди æндæр ахсгиаг фарстатæмæ дæр.

Цæгат Кавкази зилди субъектти разамонгутæй уæлдай ма дзубандий архайдтонцæ æма сæ феппайуйнæгтæ æма фæндитæ бахастонцæ Уæрæсей Федераций Паддзахадон Думи граждайнаг æхсæнади ирæзти, æхсæнадон æма динти еугæндти фарстати фæдбæл Комитети сæрдар Ольгæ Тимофеева, Уæрæсей Федераций æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри фиццаг хуæдæййевæг Виктор Фисенко, Уæрæсей рохсади министри хуæдæййевæг Андрей Николаев, Уæрæсей энергетики министри хуæдæййевæг Евгений Грабчак, Уæрæсей Хецауади проектон архайди департаменти директори ихæстæ æнхæстгæнæг Сергей Ткаченко..