14 ноября 2024

ИСКУРДИАДÆГИН ФÆСЕВÆДИ ХЪÆППÆРЕС

02.11.2024 | 15:17

Аци бæнтти Цæгат Иристони сæйраг сахари æ куст кæнуй Дзæуæгигъæуккаг фæсевæдон æртиккаг форум. Фæсевæди минæвæрттæн фадуат ес сæ ахсгиагдæр социалон æма  исфæлдистадон проекттæ рæнгъæмæ рахæссунæн.

Зундгонд куд æй, уотемæй фиццаг уæхæн урух фæсевæдон æмбурд Дзæуæгигъæуи арæзт æрцудæй 2022 анзи сахари администраций сæргълæууæг Милдзихти Вячеслави хъæппæресæй. Форуми сæйрагдæр нисантæ адтæнцæ хъæппæресгин æма искурдиадæгин  фæсевæди еу фæзуатбæл æрбамбурд кæнун, æхсæнади идарддæри райрæзтбæл æрдзорун, æригæнтти цæмæдесагдæр исфæлдистадон проекттæн цардмæ над раттун…

Æртиккаг форум игон кæнгæй, сахари администраций разамонæги хуæдæййевæг Ходи Мæдинæ куд бафеппайдта, уотемæй дууæ анземæ фæсевæдон æмбурд æ бунат иссирдта æхсæнади царди, æ архайгутæ аразийæй байзайунцæ, организатортæ син ци фембæлдтитæ бацæттæ кæнунцæ, уонæй.

– Дузæрдуггаг нæй, уæхæн форумтæ гъæугæ ке ’нцæ, фæсевæди гъомус раргом кæнунæн агъаз ке фæууодзæнæнцæ, е. Æмбурди еугур архайгутæн дæр мæ зæрдæ зæгъуй цæмæдесаг фембæлдтитæ æма æнтæстгин архайд! Нифс мæ ес, форуми кусти рæстæг берæ хъæппæресгин фæсевæди хæццæ ке базонгæ уодзинан, сахари идарддæри райрæзти сæрбæлтау ахедгæ фæндитæ ке фегъосдзинан, уомæй, – загъта Мæдинæ.

Еумæйаг кадгин æмбурди фæсте форуми архайгутæ сæ куст раидарддæр кодтонцæ цалдæр фæзуатебæл. Фæсевæдæн исаразтонцæ ахурадон лекцитæ, семинартæ, мастер-класстæ, исфæлдистадон лабораторитæ, культурæ, аййевадæ æма спорти зингæ архайгути хæццæ фембæлдтитæ…  Зæгъæн, æригæнтти еу къуар базонгæ ’й ехин галауан «Тагбан»-и кусти хæццæ, иннетæн ба Оперæ æма балети театри фембæлд адтæй Мариинаг театри Дзæуæгигъæуккаг хайади сæйраг балетмейстер Суанти Валерийи хæццæ. Уомæй уæлдай, форуми архайгутæ бабæрæг кодтонцæ Цæгат Иристон-Аланий Парламент, Национ музей, фæсевæди Галауан, хе минкъий кустуат Михайловски гъæуи æма уотæ идарддæр.

Фæсевæдон форуми кустæн хатдзæгтæ искæндзæнæнцæ. Цæттæгæнæн комитети зæрдæ байвардтонцæ, форуми архайгутæ æмбурдмæ ци социалон æма исфæлдистадон проекттæ бавдистонцæ, уонæн сæ ахедгæдæртæ æнхæстгонд ке цæудзæнæнцæ сæрмагонд муниципалон программи фæлгæти. Уой хæццæ, æртæ хуæздæр фæсевæдон проектемæн исаккаг кæндзæнæнцæ æхцай гранттæ.