НÆ АДÆМТИ ЕУДЗИЙНАДÆЙ ТУХГИН ÆМА ЦАРДГЪОН ÆЙ НÆ ФИДИБÆСТÆ!..
Уæрæсей дзиллæ цитгинæй ке исбæрæг кæнунцæ, нæ еци паддзахадон бæрæгбæнттæй еу æй – адæмон еудзийнади Бон. Бæрæггонд цæуй 2005 анзæй фæстæмæ алли анз дæр 4 ноябри. Аци бæрæгбонæн æ ахедундзийнадæ бæрæг даруй уомæй, æма нæ Фидибæсти сæрбæлтау нæ адæм цæйбæрцæбæл æмвæндæ-æмзундæй фæййархайунцæ цийфæнди уавæрти дæр. Нæ адæми еци разæнгарддзийнадæ бæрæг æй абони дæр, дуйней кæцидæр паддзахæдти Уæрæсемæ фудзæрдæ дарæг разамонгутæ нæ Фидибæсти нихмæ аллихузон мæнгарддзийнæдтæ æма знаггадæ ку аразунцæ, уæд. Фал сæ сонт миутæй неци рауайдзæнæй – нæ бæсти еугур адæмихæттитæ уæхæн фудголтæн алкæддæр карз нихкъуæрд лæвардтонцæ, дæттунцæ æма дæтдзæнæнцæ. Уомæн æнæ уотæ уæн дæр нæййес… Нæ газети абони номери ба мухур кæнæн аллихузон æрмæгутæ, кæцитæ, махмæ гæсгæ, æвдесунцæ нæ бæрæгбони медес.