«БОЗ ÆМА УИ СÆРУСТУР АН!..»
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн адтæй фембæлд бархеуонти батальон «Алани»-й службæгæнгути хæццæ. Уоми сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн исаккаг кодта паддзахадон хуæрзеугутæ.
Нæ республики разамонæг зæрдиагæй райарфæ кодта не ’мзæнхон бархеуонтæн, уоди федардзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ, Фидибæстæбæл æновуддзийнадæ ке ’вдесунцæ, уой туххæй. Æ радзубандий уотæ баханхæ кодта:
– Тагъд æртæ анзи исæнхæст уодзæнæй бархеуонти къуар «Алани»-й исарæзтбæл. Батальони службæ кæнунцæ, сæрмагонд æфсæддон операций райдайæни Фидибæсти сæрбæлтау тохи ка балæудтæй, еци нæртон игурдтæ. Царди цийфæнди хабæрттæ ку ’рцæуа, уæддæр сумах мæнæн уодзинайтæ æнсувæртæ. Сумахæй алкæмæйдæр дæн боз æма сæрбæрзонд.
Сергей Меняйло ма куд загъта, уотемæй республикæ идарддæр дæр еугурвæрсуг агъаз кæндзæнæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн.
Аци фембæлди рæстæг батальони æфсæддонти къуарæн лæвæрд æрцудæнцæ паддзахадон хуæрзеугутæ. Уæрæсей Президенти Указæй Лæгдзийнади орден аккаггонд æрцудæй Дзигойти Александр æма Дудайти Ренатæн.
Майдан «Иристони намусæн» лæвæрд æрцудæй Басити Аланæн, Болатати Владиславæн, Икъоти Юрийæн, Арсен Шепиевæн, Гассити Максимæн, Остъати Русланæн æма Ибрагим Аболовæн.
Никки ма батальони иуонгти устур къуарæн исаккаг кодтонцæ майдан «Сæрмагонд æфсæддон операций архайæг».