05 декабря 2024

ЧЕРЧЕСТИ Хъасболат МАДИ ФÆДЗÆХСТ

23.11.2024 | 21:46

ДЗИУАТИ Батрази конд хузæ

Уалдзигон сæумæ. Хори фиццаг тунтæ мин цидæр æхцæуæндзийнадæ уадзунцæ ме ’уæнгти. Идардæй мæмæ думгæ æскъæфуй нæуæгконд дзоли адгин тæф.

Кæсун нæ уорссæр æносон хуæнхтæмæ. Уæлæ айнæг къæдзæхи дæллаг фарсæй ци толдзæ бæласæ зиннуй, уомæ бабæй никки æдзинæгдæр кæсун. Уоми иронхуати байзадæй мæ царди рæсугъддæр уалдзæг. Æхсæрдæсанздзудæй рафтудтæн уордæмæ. Нæ уæриккитæ си хизтон. Бонсауизæрмæ еуæрдæмæ, уæдта иннердæмæ тезгъо кодтон цъæх кæрдæгбæл. Мæ зармæ мин æгомуг къæдзæхтæ фæрсаг кодтонцæ. Цæргæс фæссабурдæр кодта æ тæхун, дон – æ цуд. Æригъуста мæмæ æрдзæ еугурæйдæр.

Еухатт ба лискъæфдзауæни адтæн. Æрбадтæн, уалæ думгæ æ рæсугъд къабæзтæ кæмæн æзмæлун кæнуй, еци бæласи буни. Уагътон мæ фæллад. Мæргъти гъæлæстæ мин мæ реуи игурун кодтонцæ циуавæрдæр æбæрæг бæллецтæ. Мæхуæдæг дæр æй нæ балæдæрдтæн, куд райгъустæй мæ цийни зар… Фал… Фал мæ зар фескъудæй æрдæгбæл. Мæ цæститæй рауидтон, сауæдони билæбæл ци деденæг ирæзтæй, уой. Зарунмæ нæбал, фал дзорунмæ дæр нæбал исарæхстæн. Мæ реуи цирагъи хузæн иссугъдæнцæ æбæрæг бæллецтæ.

Уæд фиццаг хатт балæдæрдтæн рæсугъддзийнади тухæ, уарзондзийнади адæ. Уæдæй нуриуæнгæ мæ æлвасуй е æхемæ. Аци райдзаст бони дæр бабæй мæ цæститæбæл уайуй е ’ртæхдзæстæ цæсгон. Тæрсун, мæ зæрди тæгтæбæл ци æрхæндæг цирæгътæ содзунцæ, уонæн рахуссунæй. Мæ зæрдæ дзоруй мæ мадæмæ дæр. Æхсæвæй-бонмæ имæ синхи уоститæ бадгæ кæнунцæ, тухст сæйгæ ’й. Фал мæмæ уæддæр еци рæсугъд деденæги цæститæ седунцæ сæхемæ.

Гъо, æма бабæй гъæуама аци сæумæ фæццæуон æ размæ.

… Байгон кодтон, мæ мадæ ци уати хуссуй, уой дуар. Бацудтæн арæхстгай æ размæ. Æ росбæл ци арф нос ес, уобæл цæстисуги ’ртæх æруадæй æма бази уорс цъарæбæл рафæд кодта. Фарсбæл ауигъд зæронд сахатти цъæхснаг æзгули ихалуй уати æгуппæгдзийнадæ. Уотæ мæмæ кæсуй, цума сахаттæн æ алли цъинк дæр мæ мади зæрди цæф æй.

Нæ бафеппайдта мæ мадæ, æ разæй куд рацудтæн, уой. Нæ фæууидта, æ гъæццоли сæрæй куд æрхаудтæнцæ мæ цæстисугтæ, уой дæр. Нæуæгæй бабæй февзурдæй мæ цæстити рази еци деденæги рохс цæсгон. Ехх, цæйбæрцæ тухæ дæмæ ес,  рæсугъддзийнадæ?!. Адæймагæн æ мæтæ, æ сагъæстæ фæссорис. Æрцæрун кæнис лæги зæрди арви цъæх.

Мæнæ исхъæрттæн, минкъий думгæй дæр кæмæн тарстæн, еци деденæгмæ. Нæбал имæ æфсæдун кæсунæй. Еуæй-еу хатт искæсун хуæнхти ’рдæмæ æма гъæрæй исдзорун: «Ехх, хуæнхтæ, куд фæразетæ, уотæ æгуппæгæй кæсун аци деденæги рæсугъддзийнадæмæ? Куд нæ базмæлун кæнетæ уæ фæтæн усхъитæ, куд нæ ракафетæ æ алливарс, Нарти гуппурсарти хузæн, сæрустур æма медбилти ходгæй?»

Нæбал кæсуй зæрдæ мæ коммæ. Æрæвналдтон зир-зиргæнагæ къохтæй æрдзи хъæболæмæ. Æртудтон, бонæ мæбæл анз ке туххæй кодта, еци цардæфсес деденæги. Æрхастон æй зæлдагæ къохмæрзæни тухтæй нæхемæ. Равардтон æй мæ мади фæлмæн къохтæмæ. Амондгун худтон мæхе. Æцæг ибæл нæ бацийнæ кодта мæ мадæ, нæ фæррохс æй æ фæлорс цæсгон дæр. Æрхаудтæй деденæг æ къохтæй.

Цидæр æнахур рист искодта мæ зæрдæ. Уалдзигон бон мæмæ фæккастæй уазал фæззигон æнкъард бони хузæн. Арв цума еугурæйдæр сау мегъти буни фæцæй, æма хори тунтæн сæ бон нæбал æй ракæсун. Уатæй мæмæ райгъустæй мæ мади фæсос гъæлæс: «Биццеу, рацæуай мæ размæ, гъæуис мæ!..» Еци дзурдтæ мин никкидæр базмæлун кодтонцæ мæ зæрдæ. Нирризтæн къæхти бунæй сæрмæ. Мæ кæун исхъæрттæй мæ хъури уæнгæ. Фæндæ мæ адтæй гъæрæй никкæун. Фал мæ цæститæбæл рауадæнцæ мæ фиди фæстаг дзурдтæ, тугъдмæ ранæхстæр уни размæ. Е мин фæдзахста: «Биццеу, макæд сорæ дæ маст цæстисугæй!» Мæхе фæффедар кодтон. Бацудтæн уæззау къахдзæфтæй мæ мади размæ. Разилдта æ фæлорс цæститæ мæнæрдæмæ. Фæсос гъæлæсæй райдæдта дзорун: «Биццеу, ду кастæ деденæгæн æ рæсугъддзийнадæмæ, фал  имæ раздæр басмотун гъудæй». Никкидæр ма мин цидæр фæдзæхсунмæ гъавта, фал сæ æ бон нæбал бацæй зæгъун. Нæбал райгъустæй æ фæсос уолæфт дæр. Æ листæг къох ауигъдæй райзадæй хуссæнæй пъоли ’хсæн. Нæбал балæдæрдтæн, куд мæ исистонцæ синхи уоститæ мæ мади уазал гъæбесæй. Рахудтонцæ мæ тургъæмæ.

Лæуун, нæ тургъи астæу ци устур æнгозæ бæласæ ес, уой буни. Кæнуй листæг сæлфунæг. Кæуй уалдзигон арв. Ставд цæстисугтæ калуй, ци бæласи буни лæуун, е дæр.

Тургъæ адæмæй байдзаг æй. Цæунцæ адæм. Лæгтæ, уоститæ, зонгитæ. Фæйнердæмæ тонуй нæ тургъæ.

– Рохсаг уæд…

Мæ зæрди иннердæмæ бахизтæнцæ содзгæ дууæ дзурди. Мæ гъостæбæл уадæнцæ мæ мади фæстаг дзурдтæ: «Биццеу, ду кастæ деденæгæн æ рæсугъддзийнадæмæ, фал имæ раздæр басмотун гъудæй!..»