05 декабря 2024

НÆРТОН ЛÆГИ НÆРТОН ФÆЛЛÆНТТÆ

30.11.2024 | 21:35

ДЗАНАЙТИ Азанбег (Плити Иссæн ци хузæ искодта, уой рази).

Дзанайти Азанбеги туххæй берæ æрмæгутæ финст æрцудæй. Уогæ уонæн сæ фулдæр æнцæ æ исфæлдистади туххæй. Уомæ гæсгæ абони нæ газети ниммухур кæнунæн равзурстан æ хуарз æрдхуард Цæрикъати Осмæни фурт Маирбеги уац – е æй æвдесуй, куд адæймаг, уотæ циуавæр адтæй нæ номдзуд хузæгæнæг.

Иристони разагъди хузæгæнгути кой кæнгæй, мæнмæ гæсгæ, Туйгъанти Махарбеги фарсмæ, фиццаги-фиццагидæр, æрæвæрун æнгъезуй Дзанайти Азанбеги. Айдагъ ирон культурæ æма аййевади нæ, фал æндæр рауæнти дæр уæхæн хуæдхуз исфæлдистадæбæл ахид не ’сæмбæлуй адæймаг. Азанбеги искурдиадæ уотæ берæвæрсуг адтæй, æма рахизтæй хузæкæнуйнади, графики, скульптури арæнтæй æма ибæл бафтудæй сценаристи, режиссери æма кинохузæгæнæги дессаги ацъагъуæ. Ци жанртæ ранимадтон, уонæй ин алкæмидæр хъæбæр дæсни æрмдзæф ке ес, е бæрæг æй æ уадзимистæй. Азанбег æ аййевадон стильмæ гæсгæ лæууй бæрзонд реалистон æмвæзадæбæл. Сауæнгæ æ федæни куститæмæ ци эскизтæ искодта, етæ дæр ахедунцæ уадзимисти хузæн.

Адæймаг деси ранигъулуй, хузæгæнæг æ еу февналдæй куд бæлвурд æма раст райаразта детальтæ, алкедæр си æ гакки куд исбадун кодта. Уой туххæй æй натурæ дæр некæд багъудæй – адæймæгути, бæхти, æндæр цæрæгойти æма предметти фезмæлдтитæ, вазуггин раййевæ-баййевæ æ цирен зæрди цæститæ уайтæккæ райахæссиуонцæ æма гæгъæдибæл цардæгасæй фегуриуонцæ.

Е ’рмадзи ку уинæ, уæд мин фиццагидæр ме ’ргом сæхемæ æздахтонцæ æ эскизтæ, дес кодтон – куд уинагæ ’й æ цæстæ, куд арф æнкъаруй æ уод, куд рæстдзæвийнæ ’й æ арм!

Æ равналæнтæ парахат æма идæрдтæбæл куд рахæссунцæ Азанбеги!

ДЗАНАЙТИ Азанбег. «Хетæгкати Къоста – хузæгæнæг».

Хузæкæнуйнади æма графики къабæзтæ ин еугурæйдæр коммæгæс адтæнцæ: цардæй ист хузтæ, пейзаж, сорæт. Уой хæццæ, зæгъæн, цардæй ист хузти уинæн теми парахат масштабтæ, персонажти композицион æнаййеп райвæрд.

Дзанайти Азанбег æ хузæ «Алантæ»-й уæлдай ку неци исаразтайдæ, уæддæр æ ном æносмæ байзадайдæ нæ культури. Аци хузи ирдæй разиндтæй æ профессионалон тухæ, æ искурдиади парахат равналæнтæ си уинæн бæлвурдæй. Уогæ еу æма дууæ уæхæн хузи не ’саразта Дзанай-фурт. Ранимайдзæнæн си цалдæр: «Плити Исси бæхгин æфсад», «Демонстраци Батуми», «Тугъдтитæ Гизæли бунмæ», «Киндзи рахунд». Нарти кадæнгитæмæ гæсгæ ци иллюстрацитæ искодта, етæ Туйгъанти Махарбеги нæртон серий хæццæ еумæ иссæнцæ ирон национ графики сугъзæрийнæ фонд.

Сорæттæ финсуни аййевади Азанбеги искурдиадæ хъæбæрдæр рабæрæг æй Хетæгкати Къостай æма Тæбæхсæути Балой фæлгонцти. Уотæ арæхстгинæй архайдта хузæгæнæг скульптури дæр. Аци жанри æ хуæздæр куститæ ’нцæ «Бæхгин», «Зæронд лæгтæ», «Богæлттæ» æма æндæртæ.

ДЗАНАЙТИ Азанбег. «Киндзи рахунд».

Æ искурдиадæ берæвæрсуг æма ахедгæ ке адтæй, уобæл дзорæг æй, Азанбег кинематографий ци исаразта, е. Профессионал нæ адтæй, уотемæй ин еу февналдæн бантæстæй сценари ниффинсун æма æнхæстметражон аййевадон кинонивæ «Ирон легендæ» исесун. Равдистонцæ æй еугурцæдесон экрантæбæл дæр. Кино фæлдесгæй ин устур агъаз фæцæй æ хузæгæнæги искурдиадæ – хузтæ есгæй дæр, дарæсти хабæрттæ кæнгæй дæр. Кинонивæбæл адæм исæмбалдæнцæ хъæбæр æхцæуæнæй, хуарзбæл æй банимадтонцæ профессионалон критиктæ. Азанбеги е исразæнгард кодта нæуæг кинонивæ исесунмæ – аци хатт ирон адæмон бæгъатæр Кермени туххæй. Сценари цæттæ адтæй, уотемæй Дзанайти хузæгæнæги гъостæбæл æрцудæй, финсæг Плити Грис, дан, студи «Гурдзистон-фильм»-и хæццæ дзубанди кæнуй æхе сценаримæ гæсгæ Кермени туххæй кинонивæ исаразунбæл. Хузæгæнæг æма финсæги ’хсæн рауадæй хъаугъа, гъуддаг гъæуама сауæнгæ тæрхондонæмæ дæр бацудайдæ. Партий обкоми уæди секретарь Хъæбæлоти Билари фæрци тæрхондони уæнгæ не ’рхъæрттæй хабар: рæсугъд нæ адтайдæ дууæ номдзуд лæгей буцæу æнæгъæнæ республикæбæл ку райгъустайдæ, уæд. Азанбеги фæндадтæй рæстдзийнадæ, е æй куд лæдæрдтæй, уотемæй исбæрæг кæнун, æма имæ уотæ кастæй, цума Хъæбæлой-фурт æ надбæл æрлæудтæй. Е ин хъæбæр зин адтæй æма имæ сæрмагонд финстæг барвиста – æ зæрди ци маст исæмбурд æй, уой еугурæйдæр, дзурдтæбæл нæ ауæрдгæй, искалдта. Аци хабæрттæ æз берæ фæстæдæр базудтон. Хузæгæнгути Цæдеси сæрдарæй ку кустон, уæд мæмæ еууæхæни министрти Совети сæрдари хуæдæййевæг Узегати Солтан телефонæй æрбадзурдта, Хъæбæлоти Билар, дан, коруй, цæмæй уæ Цæдеси æрдзоронцæ Абойти Заурбеги кадгин ном «Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг»-мæ бавдесуни фæдбæл фарстабæл.

Заурбеги æз хуарз зудтон, æ исфæлдистади хæццæ зонгæ адтæн, кæд е Мæскуй цардæй æма куста, уæддæр. Аргъ ин кодтон куд адæймаг æма куд хузæгæнæг – кадгин ном ин раттонцæ, уой нихмæ нæ адтæн. Фал хузæгæнгути Цæдеси правлений аци фарстабæл ку дзурдтан, уæд ма си æндæр фæндон фæззиндтæй: Дзанайти Азанбеги ба, дан, «УСФСР-и адæмон хузæгæнæги» ном раттунмæ бавдесæн. Еци дууæ фæндонебæл исарази ’нцæ хузæгæнгутæ, æма æз хабар Узегати Солтанæн балæдæрун кодтон.

ДЗАНАЙТИ Азанбег. «Поэмæ бæхи туххæй».

Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте мæмæ Солтан æрбадзурдта æма мин уотæ, Хъæбæлоти Билар, дан, Азанбеги еци кадгин номмæ бавдесуни нихмæ æй – цæмæн, уой дæр мин цубурæй загъта.

Хузæгæнгути Цæдеси правлени аци гъуддагмæ ци цæстæй ракастайдæ, е мæ цæститæбæл рауадæй, æма исфæндæ кодтон Биларæн æхе хæццæ радзорун. Бацудтæн имæ æ косæнуатмæ. Билар мин балæдæрдтæй мæ цуди сæр æма æвеппайди уотæ:

– Кæд Дзанай-фурти туххæй æрбацудтæ, уæд дин æй рагацау зæгъун – гъуддагæй неци рауайдзæнæй…

Уæддæр мæмæ, зæгъун, байгъосæ. Æма ин ракодтон Азанбеги хабæрттæ сæрæй бунмæ, еци номи аккаг ке æй, е ди, зæгъун, баруагæс уæд. Билар мæмæ кæронмæ байгъуста, уæдта уотæ, еци номи аккаг ке æй, уобæл, дан, нæ цæуй дзубанди, фал æхе куд даруй, е æй рагъуди кæнуни аккаг. Æма мин райхалдта æ зæрдрист. Устур аргъ, дан, кодтон Дзанай-фуртæн, бæрзонд, дан, ин æвардтон æ искурдиадæ, кинонивæ «Ирон легендæ» ку аразта, уæддæр имæ фæккастæн – кинопленкæй, оператортæй, транспортæй. Никки ма, дан, бæрнон бунæтти ка куста, уонæн бафæдзахстон, алцæмæй дæр имæ фæккæсетæ, зæгъгæ, агъаз гъæуагæ æй ма уадзетæ. Уой фæсте ба, дан, мæмæ уæхæн æнахъæл, æфхуæрæн дзубандитæ ку ниффинста, уæд десæй куд нæ рамардтæн! Билари гъæлæси маст уойбæрцæбæл нæ адтæй – фудæнгъæл ке фæцæй, уобæл тухстæй хъæбæрдæр. Фал уæддæр фæстагмæ загъта:

– Искурдиадæн берæ гъуддæгутæ хатиргонд цæуй, гъема, Дзанай-фуртæн дæр хатир фæууæд.

ДЗАНАЙТИ Азанбег. «Æригон фиййау».

Нæ дзубанди зинтæй цудæй, фал, Хуцауæй арази, æ кæрон хуарз рауадæй. Гъе æцæг аци фарста уобæл нæ ралух æй. Цæйбæрцæдæр рæстæг ку рацудæй, уæд дин кæсун æма еу бон мæ косæнуатмæ, мæстæй цæхæртæ калгæй, ку ’рбалæборидæ Азан. Кадæр ин фегъосун кодта, обкоми бюро, дан, унаффæ рахаста, дæуæн кадгин ном «УСФСР-и адæмон хузæгæнæг» раттуни туххæй. Æ пурхæ мæбæл искалдта, мæн æнæуой, дан, мæ цæмæн бавдистайтæ еци номмæ. Мæ сæр æй не ’рлæдæрдтæй, уотæ хъæбæр цæбæл исмæстгун æй, уой, цалинмæ мин нæ балæдæрун кодта, партий къохæй мæ неци есун фæндуй, зæгъгæ, уæдмæ.

– Æма дин ци кодта парти? – бафарстон æй æз.

Æма мин радзурдта Плити Гриси хæццæ се ’хсæн ци рауадæй, уой. Билар, дан, партий номæй ме ’знаги фарс радзурдта. Цæмæй гъуддæгутæ кæронмæ базудтайнæ, уой туххæй мæ е ’рмадзæмæ бахудта æма мæмæ равардта, Хъæбæлой-фуртмæ ци финстæг ниффинста, уой къопи. Устур деси куд нæ ранигъулдайнæ, æ бафхуæрæгмæ цитæ ниффинста, уони ку бакастæн, уæд: эпитетти тæккæ карздæртæбæл нæ байаурста, искалдта æ мæститæ еугурæйдæр.

Хъæбæлой-фурти фæндадтæй, дууæ дзурддзæугæ лæгей ’хсæн ци буцæу рауадæй, уой райеуварс кæнун, цæмæй культури косгути æведауцæ миутæ адæмбæл ма рапурхæ адтайуонцæ. Еци еугур хабæрттæ Азанбегæн фæдздзурдтон, фал имæ, цума, мæ дзубандитæй неци багъардта. Фæстагмæ уотæ дæр ма загъта, ци ном мин равардтонцæ, уой райсунмæ дæр, дан, нæ бацæудзæнæн. Æма, æцæгæй, диплом дæттунмæ ку ’рцудæй гъуддаг, уæд æхе фæттиллеф кодта. Уой фæсте мæмæ Сæйраг Совети президиумæй фæдздзурдтонцæ, æма диплом рахастон, Азанбегæн æ хæдзарæмæ бацудтæн, кадæ æма радæй ибæл æй исæмбæлун кæнон, зæгъгæ. Цæй кадæ æма радæ! Диплом райста æма ’й æ тумбочкæмæ багæлста, мæнæн ба уотæ, фæйнæ, дан, баниуазæн. Æз ин исрæуонæ кодтон, цидæр гъуддæгутæ мæ ес, зæгъгæ, æма рацудтæн.

ДЗАНАЙТИ Азанбег. «Тæбæхсæути Бало Отеллой роли».

Гъе уæхæн адтæй Дзанайти Азанбег – галеу миутæ нæ хатир кодта, адтæй цæхгæрмæ принципиалон, æ позицитæбæл лæудтæй хъæбæр федарæй, мæнгæ демократийæй æ исæфт уидта, кедæрти хузæн аллихузи нæмттæмæ, регалитæмæ нæ бæлдтæй. Æнæуой царди ба адтæй сувæллони хузæн хæларзæрдæ, æнæхийнæ. Ходгæ ефстагмæ кодта, фал ку баходидæ, уæд æнæгъæнæй дæр раргом уидæ æ сæйраг менеуæг – адæмуарзондзийнадæ. Æ царди туххæй ма еу уæхæн хабар: дзаумауæй дæр, хуæруйнагæй дæр æнхæст некæд адтæй, уæдта уомæ бæлгæ дæр нæ кодта. Æ исфæлдистадон кусти туххæй ести къапеккитæ ку райсидæ, уæд си æлхæдта профессионалон литературæ, уæдта кино есунæн ци гъудæй, уони. Уомæ гæсгæ алкæддæр æййафта æхца гъæуагæ, фал бухстæй мæгур цæрдтитæн. Бустæги зин уавæри ку бахауидæ, уæлдайдæр имæ иуазгутæ ку фæззиннидæ, уæд æфстау дæр райсидæ. Е ’рмадзæ хузæгæнгути Цæдеси тургъи адтæй, æма мæмæ еуæй-еу хатт æрбауаидæ мæ кустмæ, еуминкъий мин æхца февæрæ, зæгъгæ. Никки ма бæлвурд æмгъуд искæнидæ, уæд дæбæл исæмбæлдзæнæй, ци ди райстон, е, зæгъгæ. Еу уæхæн хабар дæр нæ гъуди кæнун, æма афойнадæбæл ма бафистайдæ е ’фстау. Фал сæйраг е нæй. Хузæгæнгути Цæдеси уæди рæстæгути адтæй сæрмагонд хигъд – исфæлдистадон агъаз, зæгъгæ. Еуæй-еуетæ æгæр ахид дæр ма пайда кодтонцæ еци хигъдæй. Азанбегæн ба ку зæгъианæ, курдиадæ рафинсæ, зæгъгæ, уæд æ къох ракъуæридæ. Куддæр имæ æгадæ кастæй æма еунæг хатт дæр нæ ниффинста фæййагъаз кæнуни туххæй курдиадæ.

Мæ цубур имисуйнæгти кæрони ма уой зæгъуйнаг дæн: кæд Азанбег нæ аййевади агъазиау фæд ниууагъта, уæддæр æ еугур исфæлдистадон хъауритæ равдесун æ къохи нæ бафтудæй – æнафони мæлæт æй не ’хсæнæй ратудта. Берæ фæндитæ ма имæ адтæй, берæ цидæртæ исаразунмæ бæлдтæй, фал ин нæбал бантæстæй. Ци бунтæ ин байзадæй, уонæн дæр кæронмæ аргъгонд нæма æрцудæй, æма е ба нæ аййевадæртасгутæмæ хауй.

ЦÆРИКЪАТИ Маирбег (1927-2000) Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг