05 декабря 2024

НÆ ЦИТГИН УÆЛАХЕЗИ БÆРÆГБОНИ КАДÆН

30.11.2024 | 21:43

Нæ адæми тæккæ табуйагдæр бæрæгбон – Цитгин Уæлахези Бон – алли анз бæрæггонд æрцæуй кадгинæй. Уæлдайдæр  ба – юбилейон ку фæууй, уæд. Ци берæ алæмæти мадзæлттæ арæзт æрцæуй, уонæй еу исуй, алихатт дæр ин хецæн нисанеуæги хузæгонд (логотип) ке исфæлдесунцæ, е.

Уотæ нур дæр – нæ бæсти дзиллитæ абони сæхе цæттæ кæнунцæ иннæ анзи нæ Цитгин Уæлахези цуппаринсæй анзей бæрæгбон исбæрæг кæнунмæ. Æма бабæй рагацау федаргонд æрцудæй, уой логотип дæр. Фæлгонцгонд си æй, Сталингради Мамайи обауи сæрбæл «Райгурæн бæстæ-Мадæ», зæгъгæ, ци циртдзæвæн æвæрд æй, уой хузæ. Аци ахсгиаг цауи фæдбæл æрмæг кæсетæ 7-аг фарсбæл.