22 декабря 2024

Æ АРФИАГ ФÆЛЛÆНТТÆ НИН ИМИСУЙНАГ ÆНЦÆ…

14.12.2024 | 19:26

Цæгат Иристони адæмон артист, Уæрæсей Федераций аййевæдти æскъуæлхт архайæг, зундгонд режиссер, актер, драматург, тæлмацгæнæг, театрæртасæг, Уæрæсей финсгути æма театралон архайгути Цæдести иуонг, Устур Фидибæстон тугъди архайæг Темирати Иласи фурт Давид райгурдæй 1924 анзи 15 августи Киристонгъæуи.

Æ исфæлдистадон цардвæндаг райдæдта 1941 анзи. Уæд ма Цæгат Иристони театралон училищей студент уогæй, Давид иссæй Цæгат Иристони паддзахадон театри агъазгæнæн хайади актер, кæций сценæбæл исаразта уæхæн рольтæ, куд Овод Войничи пьесæ «Овод»-и, Незнамов – Островскийи «Æвудæй фудгин»-и, Клавдио – Шекспири «Берæ дзахъула нецæмæй», зæгъгæ, уоми, Къоста – Хъусати Дмитрийи пьесæ «Адæми фурт»-и.

Темирати Давид зундгонд адтæй куд искурдиадæгин драматург дæр. Ниффинста дæс пьесемæй фулдæр алли жанрти – «Мастесгутæ», «Мухтар», «Фæндури кæун», «Фæдес», «Цæргæсти хонх», кæцитæ иссæнцæ драматургий Еугуруæрæсеуон конкурси лауреаттæ.

Æ уадзимистæ ’нцæ устур патриотон, дзурдта си, фиццагидæр, куд æ райгурæн зæнхи фурт. Фал еци-еу рæстæг адтæнцæ интернационалон – адæмти хæлардзийнади Давид уидта æ адæми культурон ирæзти фæрæзнæ.

Куд театралон аййевади æртасæг дæр, уотæ Темирати Давид адтæй лæмбунæг æма рæстдзийнадæбæл дзорæг. Е исаразта Ирон æма Уруссаг театрти сцени дæснитæй берети хуæрзæнхæст  сорæттæ, адтæй цæстуарзон критик. Æма уонæн иснивонд кодта æ царди фæстаг æнзтæ – 1993 анзи иссæй театралон скъола-студий разамонæг, 1996 анзи ба – нæуæг равзургæ Дигорон паддзахадон драмон театри аййевадон разамонæг. Фæсевæди хæццæ кусти раргом æй Темирати Давиди берæвæрсуг искурдиади еума фарс. Е син иссæй æцæг ахургæнæг, гъомбæлгæнæг.

Темирати Давид, ирон театралон аййевади патриарх, кæци æ цæргæбонти æдзæстхезæй фæллæггадæ кодта театрæн, Иристони культурæн, æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 2007 анзи 2 феврали.