22 декабря 2024

АДÆМ ФÆРСУНЦÆ, ХУÆЗДÆРБÆЛ СÆ ЗÆРДÆ ДАРУНЦÆ…

21.12.2024 | 14:14

Раздæр ма куд игъосун кодтан, уотемæй 13 декабри Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн адтæй «комкоммæ бастдзийнади телеуинунадон лини», кæций рæстæги нæ республики цæргутæн равгæ адтæй сæ сагъæссаг фарстатæ раттунæн æма сæ фæндитæ фегъосун кæнунæн. Мадзал æвдист цудæй национ телеуинунадæ «Осетия-Иристон»-и комкоммæ эфири æма рахаста цуппар сахаттей бæрцæ.

Мадзали рæстæги дзубанди ци фарстати фæдбæл рауадæй, уонæн сæ еугуребæл радзоруни равгæ нин нæ гæнæнтæмæ гæсгæ нæййес, уомæ гæсгæ ба си зæгъдзинан кæцидæрти туххæй, иннетæбæл радзорунæн ба фадуат иссердзинан нæ газети иннæ номерти.

 

ТРАНЗИТОН ТРАНСПОРТИ ГЪИГÆДАРД ÆМА НÆДТÆБÆЛ ЦÆУНИ ФÆТКИТИ КЪУЛУМПИДЗИЙНÆДТÆ

Фæстаг дууæ къуæрей дæргъи нæ республики цардиуаги ци тухстагдæр фарстатæ исæвзурдæй, уонæй еу æй, контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-мæ бацæуæнтæ æма æндæр нæдтæбæл уæззау транзитон транспорт берæгæйттæй ке бамбурд æй, е. Адæм куд гъаст кæнунцæ, уотемæй уой фудæй нæдтæбæл цæуйнади фæткитæ зингæ къулумпигонд цæунцæ, нæдти алливарс рауæнти санитарон уавæр зæрдæдзоргæ иссæй.

Сергей Меняйлой гъудимæ гæсгæ, уæхæн уавæр ке исæвзурдæй, уомæн æ сæйрагдæр фуд е æй, æма гъуддаг гъæугæ хузи аразунæй ихæсгин ци ведомствитæ ’нцæ, уони минæвæрттæ фагæ æнгом æмархайд ке нæ кæнунцæ. Æма республики разамонæг куд фегъосун кодта, уотемæй исæвзургæ уавæрмæ лæмбунæг æркастæнцæ хецауади аппаратон æмбурди. Уоми ци мадзæлттæ иснисан кодтонцæ, уони æнхæст кæнуни фæрци уавæр гъæуама зингæ зæрдæмæдзæугæдæр фæууа. Зæгъæн, берæ рауæнти ма æвæрд æрцæудзæнæнцæ видеоцæстдарди уæлæнхасæн системитæ. Нуриуæнгæ уæззау транзитон транспорти кæцидæр хай цудæй, барæ син кæбæлти нæййес, уæхæн  еуварс нæдтæбæл, æма син еци системити цæстдарди фæрци ба уæхæн равгæ нæбал уодзæнæй, сæ фæливд миутæ æргомгонд цæудзæнæнцæ, æгъдау ка ихала, етæ ба æфхуæрд æййафдзæнæнцæ.

Сæрмагонд службити минæвæрттæн фæдзæхст æрцудæй, цæмæй, Дзæуæгигъæумæ бацæуæнти æма æндæр рауæнти ци транзитон транспорт бамбурд æй, уомæй нæдтæ исуæгъдæ кæнонцæ – еци хуæдтолгитæ гъæуама лæууонцæ, ци сæрмагонд æрлæууæнтæ бæрæггонд æрцудæй, уонæми.

Сергей Меняйло куд фегъосун кодта, уотемæй курдиадæ балæвардта Уæрæсей Федераций транспорти Министрадæмæ, цæмæй федералон нæдтæбæл уавæртæмæ цæстдарди бартæ лæвæрд æрцæуонцæ, нæдтæбæл цæуйнади фæткитæ æнхæст кæнуни фæдбæл нæхемæ ци Республикон центр ес, уомæ.

– Федералон министрадæ республикон косæндонæн еци бартæ ку ратта, уæд нин æнцондæр уодзæнæй нæдтæбæл цæуйнади фæткæ хузæнон кæнун, – загъта Цæгат Иристони Сæргълæууæг.

 

ЦÆРÆНУАТОН-КОММУНАЛОН ХÆДЗАРАДИ ÆМА ЛÆГГÆДТИ ÆРГЪТИ ÆГÆРОН ИРÆЗТ

Адæми ци берæ сагъæссаг фарстатæ тухсун кæнунцæ, уонæн сæ зингæдæр хай æй цæрæнуатон-коммуналон лæггæдти æргъти еудадзугон ирæзт дæр. Профилон ведомствити игъосункæнуйнагмæ гæсгæ, иннæ анзи коммуналон лæггæдти аргъбæл рæстæмбес нимадæй бафтуйдзæнæй нæудæс проценти.

Уобæл дзоргæй, Сергей Меняйло куд баханхæ кодта, уотемæй республикæ къæпхæнгай рахездзæнæй, экономикон æгъдауæй аккаг бундор кæмæн уа, лæггæдти уæхæн æргътæмæ. Æ загъд адтæй:

– Нуртæккæ республики еугур цæргутæ дæр пайда кæнунцæ льготон тарифтæй. Гъома, экономикон æмвæзади æргътæ æма льготон тарифти ’хсæн ци хецæндзийнæдтæ ес, уонæн республикæ федуй компенсацитæ. Зæгъæн, коммуналон тарифти уæхæн компенсацитæн аци анз дехгонд æрцæудзæнæй 1,6 миллиард сомей бæрцæ. Куд ма нисангонд цæуй, уотемæй 2027 анзмæ сæ тухи бацæудзæнæнцæ, экономикон æгъдауæй аккаг æма лæдæрд бундор кæмæн уа, уæхæн тарифтæ. Адæми льготон къуæрттæн идарддæр дæр компенсацитæ дехгонд цæудзæнæнцæ.

 

СÆРМАГОНД ÆФСÆДДОН ОПЕРАЦИЙ АРХАЙГУТИ ÆМА СÆ БИЙНОНТИ БАРТÆ ÆНХÆСТ КÆНУНИ ТУХХÆЙ

Комкоммæ эфири рæстæг лæмбунæг дзубанди рауадæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ æма уони бийнонтæн еугурвæрсуг агъази фарстатæбæл. Еци фарстатæбæл комкоммæ косуй фонд «Фидибæсти гъæуайгæнгутæ».

Сергей Меняйло куд загъта, уотемæй сæрмагонд операций архайгутæ æма сæ бийнонтæн льготити фæткæ урухдæр æма лæмбунæгдæр кæндзæнæй. Еци зæрдæлхæнæнтæ исахеддзæнæнцæ цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ æма банки æфстæутти феддонтæбæл, кусти бунæттæ дæттунбæл, æндæр гъуддæгутæбæл. Уомæй уæлдай, 2025 анзи Цæгат Иристон æнхæст кæнун райдайдзæнæй федералон проект «Бæгъатæрти рæстæг» дæр.

 

БÆЛЦЦÆНТТИ ТУХСТДЗИЙНÆДТÆ ÆВÆСТЕУАТÆЙ ЕУВАРСГОНД ГЪÆУАМА ÆРЦÆУОНЦÆ…

Республики Сæргълæууæгмæ æ тухстаг фарстати хæццæ æхе ка бахадта, уонæй еу адтæй Хонсайраг поселоки цæрæг силгоймаг. Е куд радзурдта, уотемæй сæумæй æма изæрæй, зæгъæн, Китайаг фæзи районæй бæлцæнттæн Хонсайраг поселокмæ рандæуни равгæ нæ фæууй. Силгоймаги загъдмæ гæсгæ, поселоки цæргутæн уодæнцойнæ фæззиндзæнæй, 12-аг маршрути автобус бæлвурддæр фæткæбæл косун ку райдайа, уæд.

Транспорт æма нæдти инфраструктури республикон комитети разамундæн ихæсгонд æрцудæй, цæмæй Дзæуæгигъæуи администраций хæццæ еумæ курдиадæмæ ’ркæсонцæ æма фарста цубурдæр æмгъудмæ лухгонд æрцæуа. Уогæ, æхсæнадон транспорти кусти хæццæ баст иннæ фæндæнттæ æма гъæститæ дæр нур бакодтонцæ транспорт æма фæндагон инфраструктури комитет æма муниципалитетти бæрни, цæмæй алли курдиади фæдбæл дæр гъæугæ мадзæлттæ арæзт æрцæуа.

 

ÆНÆНЕЗДЗИЙНАДÆ ГЪÆУАЙКÆНУЙНАДИ КЪАБАЗИ АРХАЙДИ ÆМА ХУАСТÆЙ ЕФТОНГГАДИ НÆХЪÆРТОНДЗИЙНÆДТÆ 

Адæмæн уæлдай тухстаг ци социалон фарстатæ ’нцæ, уонæн сæ зингæ хай баст адтæй æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази архайди хæццæ.

Мæздæги райони цæргутæ гъаст кæнунцæ, сæ Центрон сæйгæдони дохтир-онколог ке нæййес, уомæй. Хонсайраг поселоки цæргутæ ба корунцæ, цæмæй сæмæ коса, хуастæй æнхæст ефтонггонд афтек. Аци æма иннæ курдиæттæмæ Сергей Меняйло раздахта æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради разамунди æргом. Профилон министртæн амунд æрцудæй, цæмæй фарстатæ лухгонд æрцæуонцæ хæстæгдæр рæстæг. Зæгъæн, Мæздæги сæйгæдонæмæ дохтир-онколог нисангонд гъæуама æрцæуа къуæрей æмгъудмæ. Косгæ ба гъæуама кæна сæрмагонд бæлвурд фæткæмæ гæсгæ.

 

НОГИРАГ ХЕД КÆД ИСЦÆТТÆ УОДЗÆНÆЙ?..

Фарстати еу хай адтæй Ногири бунмæ автомобилон хеди арæзтади фæдбæл. Сергей Меняйлой загъдмæ гæсгæ, аци объекти арæзтадæ кæронмæ рахъæртдзæнæй нæуæг анзи. 2025 анзи куститæ идарддæр æнхæст кæнунæн гъæугæ фæрæзнитæ нисангонд æрцудæнцæ. Нуртæккæ бал хеди цæттæдзийнади къæпхæн хъæртуй дууинсæй процентемæ.

Зундгонд куд æй, уотемæй Ногираг хед никкалдæй 2023 анзи уалдзæги, донивулдтитæ ин æ бундор ке багъигæдардтонцæ, уой фудæй. Еци объект ке фехалдæй, е зингæ къулумпитæ æвзарун кæнуй транспортон бастдзийнади гъуддаги.

 

БИЙНОНТИ АНЗ

Бийнонти анз республики куд рацудæй, уобæл дæр цудæй дзубанди. Уæрæсейаг бийнонти цард фæрнгундæр кæнуни сæрбæлтау паддзахадæ идарддæр дæр араздзæнæй ахедгæ мадзæлттæ.

Еугур еци гъуддæгутæбæл дзоргæй, Сергей Меняйло равдиста уæхæн хъæппæрес: 25, 50, 60 æма уомæй фулдæр æнзтæ, кæрæдземæн аргъ кæнгæй, еумæ ка фæццардæй, еци къæйттæн æхцай премитæ дæттун, премий бæрцæ уодзæнæй къайади æнзти бæрцæ. Уæхæн æма æндæр гъуддæгутæ, ке зæгъун æй гъæуй, агъаз уодзæнæнцæ бийнонти æнгомдзийнадæ федардæр кæнунæн, фидтæлтиккон æгъдæутти фарнæбæл æновуддæр унæн.

 

«БÆЛДИТИ ЗАЗ БÆЛАСÆ»

Мадзали кæронбæттæни Сергей Меняйло иссæй аллианзон хуæрзауодæн акци «Бæлдити заз бæласи» архайæг. Бæрæгбони заз бæласæй республики Сæргълæууæг рафтудта, сувæллæнтти нæуæганзон бæлдитæ финст кæми ’нцæ, уæхæн æхсæз финстæги. Ка сæ ниффинста, еци сабийтæн сæхе фæндæмæ гæсгæ сæ лæвæрттæ исæмбæлдзæнæнцæ Нæуæг анзи къæсæрбæл…

*  *  *

Кæронбæттæни зæгъун гъæуй: комкоммæ эфири рæстæги дзуапп раттуни равгæ кæци фарстати фæдбæл нæ фæцæй, етæ дæр æнæргъудийæй нæ байзайдзæнæнцæ, æрвист æрцæудзæнæнцæ, сæ медесмæ гæсгæ кæмæ хаунцæ, еци профилон республикон ведомствитæ æма муниципалитеттæмæ, цæмæй сæмæ лæмбунæг  æркæсонцæ æма сæбæл гъуддагон дзуапп раттунбæл бакосонцæ.