ПЕНСИТИ ИНДЕКСАЦИ: КУД ÆМА ЦÆЙБÆРЦÆ
Пенсити аллианзон индексаци аци анз æнхæстгонд æрцудæй 1 январæй фæстæмæ. Уой фæрци карæмæ гæсгæ фæдзæхстадон пенсибæл рæстæмбес нимадæй бафтудæй 1,9 мин соми æма уотемæй иссæй 24,5 мин сомей бæрцæ. Уæхæн нимæдзитæ фегъосун кодта Уæрæсей Социалон фонди Цæгат Иристони хайади пресс-службæ.
Фонди минæвар куд фегъосун кодта, уотемæй карæмæ гæсгæ фæдзæхстадон пенсийæй уæлдай, индексацигонд æрцудæнцæ сахъатдзийнади туххæй, уæдта, æвæгæсæгæй ка байзадæй, еци адæми пенситæ дæр. Еумæ райсгæй, пенсити индексаций бæрцæ æнхæстгонд æрцудæй 7,3 процентемæй.
Социалон фонди минæвари дзубандимæ гæсгæ, аци анзи индексаций хецæндзийнадæ баст æй, косгæ ка кæнуй, еци пенсиесгутæн дæр сæ пенситæбæл æфтаун ке райдæдтонцæ, еци æууæли хæццæ. Адæми аци къуари карæмæ гæсгæ пенситæбæл рæстæмбес нимадæй бафтудæй 1,7 мин соми, æма уотемæй æ еумæйаг бæрцæ исхъæрттæй 20,9 мин сомемæ. Уомæй уæлдай, косæг пенсиесæг æ фæллойнадон архайд ку ниууадза, уæд ин Социалон фонд искæндзæнæй уæлæнхасæн индексаци раздæр æнзти нимæдзæмæ дæр.
Пресс-служби минæвар куд фæббæрæг кодта, уотемæй январи пенсити индексаци рахъæрттæй 38,6 миллион уæрæсейаг пенсиесæгебæл. Уонæй 31,5 миллионей бæрцæ ’нцæ, косгæ ка нæбал кæнуй, етæ. Адæми аци къуарæн сæ фæдзæхстадон пенситæбæл рæстæмбес нимадæй бафтудæй 1,9 мин соми æма уотемæй æ еумæйаг бæрцæ иссæй 24,4 мин соми.
Социалон фонди регионалон хайадæ уæхæн индексаци искодта 167,5 мин цæгатиристойнаг пенсиесæгемæн.
Нæуæганзон бæрæгбæнтти агъоммæ пенсиесгутæй беретæн рагагъоммæ байурстонцæ сæ индексацигонд пенситæ (гъома, графикмæ гæсгæ пенси мæйи фарæстæймаг бонмæ ка есуй, уонæн). Иннæ пенсиесгутæн пости хайæдтæ сæ пенситæ дæттун райдæдтонцæ 3 январæй 25 январи уæнгæ.
Уой хæццæ, Социалон фонди минæвар зæрдæбæл æрлæуун кодта уæхæн æууæл дæр. 2024 анзи кæронбæттæни бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, инфляций еумæйаг бæрцæ 7,3 процентемæй фулдæр ку рауайа, уæд Хецауади унаффæй пенситæн гъæуама арæзт æрцæуа уæлæнхасæн индексаци.
Еугур амунд фарстати фæдбæл дæр бадзорæн ес Уæрæсей Социалон фонди контакт-центрмæ уæхæн телефонæй: 8-800-100-00-01.
Уæрæсей Федераций Социалон фонди цæгатиристойнаг хайади пресс-службæ