27 декабря 2024

КӔСТӔРИ ЗИН НӔ ФӔУУИНГӔЙ, БӔРГӔ, КУ ЦӔУИДӔ МАДИ ЦАРД…

10.02.2021 | 17:20

«Царди медӕгӕ алцӕмӕн дӕр ес карӕ. Айдагъ дӕр еунӕг ниййерӕг мадӕн нӕййес карӕ. Алли афони дӕр нӕ гъӕугӕ кӕнуй. Ку райгурӕн, ку райрӕзӕн, нӕ кари ку бацӕуӕн нӕхуӕдтӕ, уӕддӕр ин нӕ зӕрдитӕй фӕххецӕн уӕн нӕ фӕууй…»

Уотӕ зӕгъуй ӕ новеллитӕй еуеми поэт ӕма публицист Колити Виталий. Ӕма уомӕй ни ӕ хӕццӕ арази  ка нӕ уодзӕнӕй.  Ӕхецӕй ни ‘й ка нӕ зонуй, еци гъудий ӕцӕгдзийнадӕ… Ӕма мадӕн ӕ карӕ нӕ фӕббӕрӕг кӕнуй ӕ кӕстӕртӕй зӕрдрохс ке фӕууй, уомӕ гӕсгӕ. Фал ин уонӕбӕл ести бӕлах ку исӕмбӕлуй, уони зин ин ӕвзаргӕ ку рауайуй, уӕдта ин е ӕгӕрдӕр ма фӕббӕрӕг уй ӕ карӕбӕл. Ӕ бийнонти цӕрдиуагӕй райдзаст бӕргӕ адтӕй ӕ зӕрдӕ Тауасити-Бесолти Надесӕн дӕр, ӕ зӕнӕги нифсдӕттӕг хабӕрттӕй.. Фал ӕ еци зӕрдрохсдзийнадӕ ӕрбатар ӕй, ци ӕверхъаудзийнӕдтӕ ин ӕвзаргӕ рауадӕй, уони уӕззаудзийнадӕй… Уӕддӕр имӕ разиндтӕй хъаурӕ ӕма фӕразондзийнадӕ, ӕ иннӕ кӕстӕрти ӕ рӕвдуд ке гъӕуй, уобӕл сагъӕс… Ӕма нӕ абони дзубанди дӕр уой фӕдбӕл ӕй…

 

БИЧИЛТИ Алетæ, Уæрæсей журналистти Цæдеси иуонг

Нӕ рагфидтӕлтӕй нӕмӕ ци таурӕхътӕ ӕрбахъӕрдтӕй, уонӕй еуеми куд загъдӕуй, уотемӕй хӕпсӕн, дан, ӕ бӕдолӕ уӕрдуни цалхи бунмӕ бахаудтӕй ӕма ӕрбатӕппӕлӕнгӕ ‘й. Ӕ фурзинӕй ин ӕ кӕунӕй банцайӕн нӕбал адтӕй, гъарӕнгӕ кодта:

– Уӕ мӕ цӕстирохс!.. Мӕ еунӕг цийнӕ!.. Мӕ хъоппӕгъдзӕстӕ уорсдӕллагхъур хъӕболӕ, мӕ хори тунӕ!.. Уӕрдуни цалхи амӕттаг мин цӕмӕн бадӕ?.. Нур ма ӕнӕ дӕуӕй куд цӕрдзӕнӕн?..

Уобӕл берӕ рӕстӕг нӕ рацудӕй ӕма рамардӕй  Хори фурт. Хор  ӕ фурмӕтӕй ӕма гъенцъунӕй  ӕндӕмӕ нӕбал кастӕй, ӕ тунтӕй нӕбал ӕндавта зӕнхӕ, нӕбал ин лӕвардта ӕ гъар. Ӕма цӕрӕгойӕй, зайӕгойӕй уазалӕй тухсун байдӕдтонцӕ.

Уӕд, ӕ бӕдолӕ уӕрдуни цалхи буни кӕмӕн фӕммард ӕй, еци хӕпсӕ ку исфӕндӕ кӕнидӕ Хормӕ хатӕг фӕццӕун. Гӕппитӕгӕнгӕ имӕ исхъӕрдтӕй еуафони ӕма ‘й сабуртӕ кӕнун, хатун имӕ райдӕдта:

– О Хорти Хор! Нӕ царддӕттӕг Хор! Ду куд ӕнгъӕл дӕ, уӕхӕн бӕлах айдагъ дӕубӕл ӕрцудӕй?!. Уагӕр ди мӕ бӕдоли хузӕн хъоппӕгъдзӕстӕ, уорсреу, рӕсугъд, ӕ цуппар къахемӕй дӕр накӕ кӕнунмӕ ка арӕхстӕй, уӕхӕн хъӕболӕ ку фӕгъгъудайдӕ!.. Уӕд, ӕвӕдзи, дӕ цардбӕл дӕр дӕ къох исистайсӕ…

Хор ин  еци зӕгъдтитӕ ку ӕригъуста, уӕд ӕхе нӕбал бауорӕдта, ӕ цъухидзаг ниххудтӕй ӕма загъта:

– Кӕд мӕ биццеу дӕ бӕдоли хузӕн дӕр нӕ адтӕй, уӕд, ӕвӕдзи, абони уӕнгӕ дӕр мӕхе дзӕгъӕли хуардтон…

Ӕма бабӕй Хор раздӕри хузӕн ӕ цӕститидзаг ракастӕй дуйнемӕ ӕма кӕсуй абони дӕр…

… Нӕ зонун, аци таурӕхъ Тауасити Надесӕ ескӕд фегъуста ӕви нӕ. Ӕз ба ‘й ӕримистон, уӕлдайдӕр ба, Хор ӕ зиндзийнадӕн ниффӕразгӕй ӕхе куд лӕдӕргӕй равдиста, уомӕ гӕсгӕ, уомӕн ӕма уӕхӕн уавӕри уогӕй, аци хъиамӕтгун  силгоймагмӕ дӕр разиндтӕй уоди хъаурӕ ӕма зӕрди федардзийнадӕ, ӕ кӕстӕрти адзали ристӕй хъонц кӕнунбӕл нӕ фӕцӕй, ӕ бон иссӕй ниффӕразун, уомӕн ӕма ‘й лӕдӕрдтӕй ӕ иннӕ цардӕгас кӕстӕрти гъӕуй, куд Мадӕ ӕма Нана, уотӕ ӕ рӕвдуд ӕма ауодундзийнадӕ… Ӕма цитгинӕй рахаста, уӕдта нерӕнгӕ дӕр ма рӕстуодӕй хӕссуй ӕ карни зин дӕр ӕма ӕхцӕуӕн дӕр ка ‘й, ӕ еци уӕргътӕ…

Ӕма мӕ уомӕ гӕсгӕ фӕндуй рахабӕрттӕ кӕнун аци хумӕтӕг, фал алӕмӕти арфиаг менеугутӕй ӕнхӕст силгоймаги туххӕй. Лӕдӕрун ӕй, уой аккаг зӕгъуйнӕгтӕ ӕнхӕстӕй раргом кӕнуни мӕхемӕ ци ихӕс райстон, уой исӕнхӕст кӕнун мӕ кӕд хъӕбӕр фӕндуй, уӕддӕр, ӕвӕдзи, нӕ исарӕхсдзӕнӕн. Уомӕн ӕма сӕ зӕрдӕ куд ӕнкъаруй, уомӕн уотид дзурдтӕй бавдесӕн нӕййес. Уӕдта ӕрдзи уогӕ дӕр нӕййес уӕхӕн дзурдтӕ, мади зӕрдиуаги ӕцӕгдзийнадӕ ирдӕй равдесунӕн ка исбӕзза.

Уой, ку зӕгъун, бӕргӕ лӕдӕрун, фал уӕддӕр мӕ нифс бахастон, Надесӕ ӕма ӕ бийнонти карни хабӕрттӕ ракӕнунмӕ… Куд мин бантӕстӕй, уомӕн ба ӕвдесӕн уӕхуӕдтӕ, мӕ финст мин ка кӕсдзӕнӕй, еци дзиллӕ…

 

Зӕрдрохсӕй сӕ цардиуагӕ аразтонцӕ…

Мӕ дзубанди ба райдайуйнаг дӕн мӕнӕ ауӕхӕн гъудийӕй. Куд хуӕнхбӕстон, уотӕ нӕ адӕммӕ рагӕйдӕр ес фӕткӕ нӕ царди берӕ цидӕр растауйнӕгтӕ хуӕнхти бӕрзӕндти хӕццӕ барун. Е фулдӕр хӕттити раст фӕууй. Фал нӕ цардарӕзти ба уӕддӕр ес уӕхӕн ахсгиагдзийнӕдтӕ, кӕцитӕ еци бӕрзӕндтӕй уӕлиаудӕр ӕвӕрд цӕунцӕ – етӕ ба алкӕддӕр адтӕнцӕ ӕма нерӕнгӕ дӕр ма ӕнцӕ лӕги кадӕ, лӕги ном.

Царди ӕнӕфенхуӕрсгӕ уагӕвӕрдӕй еу уӕхӕн ӕй, ӕма адӕймаг ӕ хестӕртӕ сӕ кари ку бацӕунцӕ, уӕд сӕхебӕл уоййасӕбӕл нӕбал фӕттухсунцӕ. Уӕлдайдӕр ба, цӕуӕт ӕма цӕуӕти кӕстӕртӕ кӕмӕн фӕззиннуй, еци ниййергутӕ – сӕ цийнӕ, сӕ мӕтӕ, сӕ фӕдонтӕ исунцӕ. Сӕ бартӕ сӕ кӕстӕртӕмӕ раттунцӕ. Еци фӕткӕй ба ӕнтӕсуй иннӕ ахсгиаг фӕткӕ – ниййергутӕ сӕхуӕдтӕ ку  нӕбал фӕуунцӕ, уӕддӕр син сӕ ном, сӕ тог ӕма сӕ муггаг, сӕ цӕуӕт ӕма сӕ цӕуӕти цӕуӕт фӕххӕссунцӕ.

Лӕгӕн ӕ ном ӕхецӕй исфедауй. Лӕгъузбӕл лӕгъузи ном исбадуй, хуарзӕн ба ӕ ном дӕр хуарзӕй байзайуй.

Ездон лӕг ӕхе хӕдзари дӕр иуазӕг ӕй, е ӕ царди фулдӕр рӕстӕг ӕхсӕнади гъуддӕгути сӕрбӕлтау ку рарветуй, кадӕ ӕма намуси аккаг дӕр уӕд фӕууй.

Еуӕй-еу адӕймӕгутӕ сӕ цардӕн аргъ кӕнун нӕ фӕззонунцӕ. Царв ӕма сӕ мудӕй хӕссӕ, папулин уӕледарӕси сӕ дарӕ, уӕддӕр царди адӕ нӕ фӕллӕдӕрунцӕ. Некӕд нецӕмӕй бафсӕдуй сӕ цӕстӕ, мулкгӕнгӕ рамӕлунцӕ. Некӕд некӕми син ракӕнунцӕ сӕ хуарзи кой, неци ниууадзунцӕ сӕ фӕсте растауйнагӕй. Иннӕ адӕммӕ бӕрзондӕй фӕккӕсунцӕ, раст цума цӕргӕси хузӕн мӕргъти паддзах фӕуунцӕ. Фал сӕхе фӕссайунцӕ уомӕй.

Уогӕ, цӕргӕсӕн дӕр еу хузи кӕми фӕуунцӕ ӕ тӕхӕнтӕ! Идардмӕ фӕккӕсуй, идардмӕ фӕууинуй, бӕрзӕндти тӕхун ӕй фӕффӕндуй, нихкъуӕрӕнтӕй ӕхе багъӕуай кӕнунмӕ хуарз фӕййарӕхсуй. Фал уӕддӕр зин ӕй цӕргӕсӕн дӕр, мӕргъти паддзахӕн. Ӕма уӕд хумӕтӕги адӕймагӕн  ба ӕнцон куд уа?.. Нӕ  ин ес цӕргӕси равгитӕ, бустӕги ба силгоймагӕн, ниййерӕг мадӕн.

Уомӕ гӕсгӕ мӕ финсти сӕйраг дзубанди уодзӕнӕй мади карни фӕдбӕл, ӕ зӕрдрист ӕма цийни туххӕй. Баруагӕс уи уӕд, некема исхъаурӕ кодта мади аккаг дзурдтӕ иссерун, уой зӕрдӕ, гъудитӕ балӕдӕрун ӕма ӕнхӕстӕй равдесун.  Фал уӕддӕр,  куд арӕхсун, уотӕ зӕгъон мӕ  гъудитӕ.

Тауасити Сафай фурт Хаджиморат ӕма Бесолти Умӕтий кизгӕ Надесӕ сӕ цард байеу кодтонцӕ 1948 анзи.  Бесолти киндздзон кизгӕбӕл берӕ дзоргутӕ адтӕй, фал Хаджиморати нивӕ исхаудтӕй. Уорсцъарӕ, цъӕхцӕстӕ кизгӕ ӕма саухелӕ лӕхъуӕн хуарз федудтонцӕ еумӕ. Сӕ амонд ӕма сӕ цард иссӕнцӕ еумӕйаг дӕс ӕма дууинсӕй анзей дӕргъи. Сӕ уинд зӕрдесгӕ, сӕ каст фӕлмӕн, лӕдӕргӕ, уоди кондӕй цъаййи донӕй кӕдзосдӕр, ходӕзмолӕ, ходӕндзаст…

Хуӕрзӕригонӕй бавзурстонцӕ фӕл-лойни уаргъ, фӕууидтонцӕ тугъди ӕгудзӕг бӕнттӕ. Колхозон будурти косгӕй бафӕсмардтонцӕ кӕрӕдзей. Тугъди рӕстӕги Хаджиморат (гъӕубӕсти ‘й уарзонӕй Дадо худтонцӕ) куста механизаторӕй, бӕргӕ томар кодта фронтмӕ, фал ӕй нӕ рауагътонцӕ, дӕсни специалисттӕ гъудӕнцӕ фӕллойнадон фронти. Республики нимад цудӕй раззагдӕрти хӕццӕ, бӕрзонд ӕнтӕстдзийнӕдтӕ ӕвдиста, паддзахадон хуӕрзеугутӕй ӕнӕ хай некӕд адтӕй. Адтӕй имӕ цалдӕр майдани, Кади грамотитӕ, къуар хатти ‘й исӕвзурстонцӕ депутатӕй  Ирӕфи райони Совети, еу хатт ба нӕ республики Сӕйраг Совети депутатӕй, исаккаг ин кодтонцӕ нӕ республики ӕскъуӕлхт механизатори кадгин ном дӕр. Фидбилизи бӕлахи фудӕй кустгъон ку нӕбал адтӕй, уӕд иста республикон персоналон пенси.

 

Цард еци цӕуӕги цӕуй, ӕрлӕууӕн ин нӕййес…

Хаджиморат (рахесæрдигæй) фæлладуадзæни е ’мгъæуккæгти хæццæ.

Дадой берӕ уарзтонцӕ гъӕубӕсти, нимад ӕма кадгин адтӕй адӕми цӕсти. Ӕ бацуд дӕр ӕма ӕ рацуд дӕр – сӕ бунати.

Дадо хуарз ку нӕ зудтайдӕ е ‘мгарӕ ӕмгъӕуккаг Кертанти Тӕхири, адтӕнцӕ кӕрӕдзебӕл ӕхцул ӕрдхуӕрдтӕ. Тӕхир зундгонд адтӕй ӕнӕгъӕнӕ  республики дӕр куд журналист ӕма поэт. Ӕма ин Дадо е ‘мдзӕвгитӕ куд нӕ зудтайдӕ. Ахид си кӕцидӕрти дӕр радзоридӕ.

Зӕгъӕн:

Ци кӕнун ӕз фулдӕр уарзт? –

Сувӕллонӕн ӕ ниххудт.

Ци мин радтуй устур маст? –

Сувӕллонӕн ӕ никкудт!..

Хуцауи фӕрци Тауасити бундор кӕстӕртӕй  гъӕздуг адтӕй. Ниййергути боц рӕвдудӕй ӕфсес уогӕй, зиндзийнадӕ ӕма гъӕуагӕ ӕнӕзонгӕй, фондз сабийи, ӕртӕ биццеуи ӕма дууӕ кизги: Маирбег, Тимӕ, Ермак, Аким ӕма Заремӕ. Сӕ еу иннемӕй лӕдӕргӕдӕр.

Уӕлдай  боц уарзтӕй уарзта  Дадо ӕ цӕуӕти цӕуӕти. Раст цума се ‘мгарӕ адтӕй, уотӕ сӕ гъӕзтитӕй сӕ хӕццӕ гъазидӕ, сӕ авдӕнтӕ дӕр син ахид уозидӕ. Ӕхецӕй уӕд ӕнӕбӕрцӕбӕл боз уидӕ. Кӕстӕртӕ еугурӕй ку ӕрбамбурд уиуонцӕ, уӕд Наде ӕма Дадобӕл цийфӕнди ӕнкъард  бони дӕр хор ракӕсидӕ.

Гъеууотӕ, ӕдзӕстхезӕй бийнонтӕ кадӕ ӕма радӕй ӕрвистонцӕ сӕ царди бонтӕ. Фал се ‘хсӕн сау хъӕмагинӕй адзал фӕммедӕг ӕй, фӕллух кодта Дадой царди уедӕгтӕ, – ӕ бийнонтӕй ӕй байста.

Алли адӕймагӕн дӕр бӕрӕг рӕстӕг, бӕрӕг карӕ фӕууй ӕ зунд ӕма ӕ хъаурӕ хуӕздӕр бавдесунмӕ. Адӕймаг ӕ зӕрдиуагӕ ӕма ӕ гъудитӕй адӕймаг ӕй, ӕнӕ уонӕй ба къодах уидӕ. Ӕвӕдзи,  зин цӕрӕн дӕр ин уомӕй ӕй, кӕд царди берӕ хуӕрзтӕ ес, уӕддӕр.

Цард еци цӕуӕги цӕуй, ӕрлӕууӕн ин нӕййес. Ӕ еци фӕткӕ еугӕндзон ӕй, догӕй – догӕмӕ си неци ӕййивд цӕуй. Уогӕ уоййасӕбӕл ӕнӕййевгӕ ба уӕддӕр нӕ фӕууй, ӕ исконди цидӕртӕ фендӕрхузон унцӕ рӕстӕгутӕ ӕма дзамантӕмӕ гӕсгӕ, уой хӕццӕ ба ма етӕ адӕми зундирахасти дӕр фӕббӕрӕг унцӕ. Ӕцӕг некӕци рӕстӕгутӕ ӕма дзамантӕ сӕ цийфӕнди тухгиндзийнӕдти фӕрци дӕр некӕд ӕма нецихузи раййивтонцӕ еу гъуддаг – мади зӕрдиуагӕ. Айдагъ мади зӕрдӕ не ‘ййевуй ӕрдзон исконд – уӕртӕ кӕддӕр недзамантӕй ба нури уӕнгӕ дӕр мади зӕрдӕ куд хӕстӕг есуй ӕхемӕ ӕ цӕуӕти цийнӕ дӕр ӕма рист дӕр, уой хумӕтӕг дзурдтӕй балӕдӕрун кӕнун, мӕнмӕ гӕсгӕ, неке бон ма иссӕй… Сауӕнгӕ мадӕ ӕхуӕдӕг дӕр нӕ исарӕхсдзӕнӕй уой уотид дзурдтӕй ӕнхӕстӕй раргом кӕнунмӕ. Уомӕн ӕма ‘й зӕрдӕ фӕллӕдӕруй, ӕма уой ба цъухи дзубандитӕй нӕ равдесдзӕнӕ… Мади зӕрдӕ кӕд цийнитӕмӕ фӕббӕллуй ӕма уонӕй ниррохс уй, уӕддӕр ин еци равгитӕ ба цард алкӕд нӕ исаккаг кӕнуй, зинтӕ дӕр ин бавзарун кӕнуй… Ӕма уонӕй ба уӕлдай хъӕбӕрдӕр фӕрресуй, уой дӕр уойбӕрцӕбӕл ӕгӕронӕй, ӕма ӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонти си нӕ банцайуй еци рист. Тухамӕлттӕй хӕсдзӕнӕй  зинти уаргъ… Нӕ фидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ: «Ниййерӕг мади зӕрдӕ ресагӕ ‘й, ӕ рист  ба ӕностӕмӕ не ‘нцайуй…»

Куд нӕ уа Наде ӕнкъард, ӕ зӕрдӕ цалдӕр хатти уоййасӕ уӕззау зинтӕ бавзаргӕй. Ниййергутӕ сӕ сабийти фӕгъгъомбӕл кӕнунцӕ, сӕхе уодтӕй хъӕбӕрдӕр син фӕттӕрсунцӕ. Адзал ба син ӕй сӕ гъӕбесӕй рарӕдовуй. Ӕгириддӕр имӕ нӕ багъаруй, еци ӕверхъаудзийнадӕ цӕйбӕрцӕбӕл тӕрегъӕд ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл гъезӕмарӕдзийнадӕй сӕ исуаргъгин кӕнуй сӕ уӕлзӕнхон царди кӕройнаг бони уӕнгӕ… Райзайунцӕ ниййергутӕ зӕрдсастӕй, бустӕги ба мадӕ, кӕугӕ-кӕугӕй, къолбӕрзӕйӕй, иуонгбастӕй:

Астæуккаг рæнгъи бадунцæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) Надесæ, Хаджиморат æма сæ фурт Маирбег; æртиккаг рæнгъи лæуунцæ Аким æма Альбинæ; разæй ба лæуунцæ сæ цæуæт Тотраз, Сабинæ æма Инал.

Адтӕй хуӕрзконд ӕма ӕмбаргӕ,

Хизтӕй зӕрдити ӕ лигъз каст.

Кодта ӕхемӕ е ӕздахгӕ

Махӕй алкӕмӕ дӕр ӕ уарзт.

Уӕхӕнӕй гъуди кӕнӕн Надей киндзӕ Хъамболти Хъазбеги кизгӕ Альбини. Тауасити къӕсӕрбӕл ӕрбакъахдзӕфӕй фӕстӕмӕ бӕрзонд хаста киндзи ном. Ӕ цардӕмбал Акими хӕццӕ хестӕрти зӕрдитӕ рохс кодтонцӕ ӕ хуӕрзӕгъдаудзийнадӕй, ӕфсармӕ ӕма гъӕйтдзийнадӕй.

Альбинӕ хеуӕнтти берӕ уарзта, арӕхстӕй си алке хӕццӕ дӕр цардиуаги хабӕртти архайунмӕ, Надейӕн ба – ӕ уодӕнцойнӕ. Ниййерӕг мадӕ ӕма ӕ бӕдоли хузӕн цардӕнцӕ – зӕрдрохсӕй,   кӕрӕдзей уарзгӕй. Фал ӕнӕнгъӕлти син сӕ еци райдзастдзийнадӕ ӕрбайсафта фидбилиз – уалдзигон тӕвдӕ рӕстӕги къолӕсӕри буни гази пец ниггупп ласта, арт раргъавта Альбини ӕма иссугъдӕй. Сӕйгӕдонӕмӕ ма ‘й уодӕгасӕй бӕргӕ исхъӕртун кодтонцӕ. Уоми устур тургъи ӕмбурд дзиллӕй лӕудтан ӕнгъӕлдзауӕй, Хуцауӕй курдтан, кӕдимайди ба ‘й фӕййервӕзун кӕнидӕ, фал… Адзал фӕхъхъаурӕгиндӕр ӕй… Нӕ уарзон Альбинӕн ӕ рохс дуйне баталингӕ ‘й… Нур дӕ бон уӕд, ӕма иссерӕ уӕхӕн хъаурӕ, цӕмӕй ин раздахай ӕ цард…  Уотӕ ни бӕргӕ фӕндадтӕй алкедӕр… Фал кӕми ес уӕхӕн ӕхсарӕ ‘рдавгӕ, мардӕн райгас  кӕнуни равгӕ кӕми ес…

 

Ӕ зини ин ӕкӕстӕртӕ нифсдӕттӕг иссӕнцӕ…

Рохсаг уо, нӕ киндзӕ, адтан алкӕд дӕуӕй арази, хуӕри хузӕн ирдтан ди мах рӕвдуд. Нӕ зини дӕр ӕма не ‘нцони дӕр махӕй нӕ дӕ иронх…

Альбинӕ, кӕд ӕ уӕлзӕнхон цардӕй е ‘носон дуйнемӕ цардгъӕуагӕй райевгъудӕй, уӕддӕр уӕлзӕнхӕ ба ӕ карнӕ уоййадӕбӕл нӕ фескъудӕй – ӕ кизгӕ Сабинӕ ин бӕрзонд хӕссуй ӕ ном ӕма ӕ кадӕ, раст ӕхе хузӕн – рӕвдаугӕ каст, федауцӕ хедард ӕма цуд, фӕлмӕн медбилтихудт, ӕгъдау ӕма ӕфсармӕ. Абони ӕй хуарз киндзӕ, уарзон мадӕ, адӕмуарзон синхаг. Мадта Альбинӕн ӕ дууӕ фурти Тотраз ӕма Инал дӕр цӕунцӕ адӕми тонхи, фауӕ ‘рхӕссӕн сӕмӕ нӕййес.

Альбинӕ уотӕ ӕверхъауӕй ке бастъалдӕй, е уоййасӕбӕл фӕрресун кодта Надей, ӕма ӕ фурзинӕй ӕ нифс, ӕ хъаурӕ фӕссастӕнцӕ. Бийнонти цардиуаги хабӕртти уаргъ фулдӕр ӕхебӕл ӕрӕнцадӕй, кӕд Сабинӕ ӕма биццеутӕн берӕ ӕнтӕстӕй, уӕддӕр мади сагъӕстӕ берӕ ‘нцӕ, сувӕллӕнттӕ бӕргӕ рагъомбӕл ӕнцӕ, фал ӕнӕ мадӕй куд уодзӕнӕнцӕ. Уобӕл куд нӕ рагъуди кӕнидӕ, ӕма Аким ӕхе куд дардзӕнӕй, ӕ царди хабӕрттӕ идарддӕр куд уодзӕнӕнцӕ…

Уӕхӕн гъудити хӕццӕ цардӕй Наде, уотемӕй еу ма фудхабар – хестӕр фурт Маирбеги кизгӕ Дианӕ идард араббаг зменсгун зӕнхи нигӕд ӕрцудӕй, ӕ мард ӕрбаласун ин нӕ бауагътонцӕ. Нӕ бафсастӕй ӕ сабийтӕбӕл цийнӕ кӕнунӕй, хъӕбӕр цардгъӕуагӕй ӕй адзал байста ӕ тумугъ бийнонтӕй.

Надей зӕрдрист никки арфдӕр фӕцӕй, фал ӕхе ниффедар кодта. Иннӕ кӕстӕрти сагъӕс кӕнун гъудӕй, зӕрдитӕ син ӕвардта. Етӕ дӕр ӕй лӕдӕрдтӕнцӕ, бустӕги ба – Аким. Адӕймагӕн царди медӕгӕ ӕ мадӕй хъазардӕр гъӕуама маке уа. Мади хъиамӕттӕ некӕд неке бахатдзӕнӕй, уӕдта уӕхӕн фӕндӕ дӕр маке искӕнӕд, еци гъуддагӕн нецихузи ес исаразӕн, ӕгириддӕр ин си неци рауайдзӕнӕй… Уӕддӕр адӕймагӕн ӕ равгӕ куд ӕй, уотӕ ба архайа мади барӕвдаунбӕл. Надей банимайун, уомӕн ӕгъдау раттун тӕккӕ устурдӕр ихӕсбӕл нимадта Аким. Уогӕ цӕуӕтӕй иннетӕ дӕр. Уотӕ адтӕй ӕма ин ӕнтӕсгӕ дӕр кодта. Боз си адтӕй мадӕ, кӕд ин еуӕй-еу хатт рахилӕ кӕнидӕ, уӕддӕр.

Кустуарзон, ӕнӕзийнадӕ, алцӕмӕ дӕр арӕхстӕй, сауӕнгӕ ма дзол дӕр искӕнидӕ. Надей къох рӕуӕг кодта аллихузи. Адӕми хӕццӕ зудта цӕрун, берӕ ‘й уарзтонцӕ, е ӕ мардӕвӕрӕн бони бӕрӕг адтӕй. Еу бон иннӕ хӕттити хузӕн рацудӕй фонс гъуд кӕнунмӕ, ӕрӕгӕмӕ ку зиндтӕй, уӕд мади зӕрдӕ куддӕр ӕнахур фӕкъкъӕпп ласта ӕма рауадӕй ӕскъӕтмӕ. Ӕ уодӕнцойнӕ фурти раййафта уӕлгоммӕй. Ӕ зӕрдӕ банцадӕй ӕ кустӕй.

Ци кӕна, ци, дӕ мадӕ?

Кӕуйнаг ин ӕрбадӕ.

Цубур адтӕй Акими цард. Дууӕ анзей фӕсте еума устур бӕлах – Ермак дӕр еу рӕстӕги фӕсте ӕносон дуйней амӕттаг фӕцӕй, ӕртӕ бонемӕ ӕрбатӕппӕлӕнгӕ ‘й фуднезӕй… Надейӕн ӕ ростӕ нӕма басор ӕнцӕ цӕстисугӕй, уотемӕй иннӕ бӕдолӕ ӕрбамардӕй. Еу иннемӕй цардгъӕуагӕдӕр. Наде! Мадӕ, Нана, Устур Нана! Дӕ берӕ кӕстӕртӕ лӕуунцӕ сӕргубурӕй дӕ рази. Ниссӕрфӕ дӕ цӕстисугтӕ ӕма ракӕсай: дӕ алфамбулай ӕрбатумугъ ӕнцӕ дӕ берӕ кӕстӕртӕ, сӕ ходун син берӕ ку уарзис, дӕ цӕститӕ ку ниррохс унцӕ сӕ фӕууиндӕй аллихатт, ӕма син уо нифсдӕттӕг.

О, нӕ дзӕбӕх мадӕ, дӕуӕн лӕггадӕ кӕнунӕй ка бафсӕддзӕнӕй!..

 

Цийфӕнди ку уа, уӕддӕр бӕнттӕ цӕунцӕ ӕма фарнӕ хӕссунцӕ…

Цийфӕнди, еу иннемӕй уӕззаудӕр уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ кӕд бавзурста Наде, уӕддӕр зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма абони гъӕздуг ӕй – уомӕн ӕма  ӕ зӕнӕгӕн ес цуппӕрдӕс сувӕллони, еугурӕйдӕр цардгъон ӕнцӕ, беретӕ си сӕхуӕдтӕ иссӕнцӕ тумугъ бийнонтӕ, зӕрдӕ сӕмӕ рохс кӕнуй. Мадта уони цӕуӕт ба ӕнцӕ цуппар ӕма инсӕй. Етӕ еумӕ ку ӕрбамбурд уонцӕ, уӕд кувд нӕ, фал киндзӕхсӕвӕри фагӕ ‘нцӕ сӕхуӕдтӕ. Мадта хӕстӕгути бӕрцӕ дӕр дзӕвгарӕмӕ хъӕртуй. Ӕ равгӕ си кӕмӕн куд ӕй, уотӕ Надей рази фӕуунцӕ еудадзугдӕр, Маирбег кӕдӕй косгӕ нӕбал кӕнуй, уӕдӕй ӕ мади рази фӕууй ӕма си Хуцау исарази уӕд сӕ еугуремӕй дӕр.

Зӕрдӕ, ци федар дӕ,

Зӕрдӕ, ци карз дӕ!

Зӕрдӕ, ци фӕлмӕн дӕ,

Зӕрдӕ, ци хуарз дӕ!..

Ӕвзаг ӕнӕ ‘стӕг ӕй, фал уӕддӕр ӕстӕгутӕ ниссӕттуй, мадта зӕрди дӕр арф гъӕдгинтӕ ниууадзуй. Еске зӕрдӕмӕ никкӕсӕн нӕййес, фал хе зӕрдӕбӕл ба алкӕддӕр ӕнгъезуй тӕрхон кӕнун. Зӕрдӕ ӕй тӕккӕ рӕсугъддӕр сауӕдӕнттӕй сӕ еу ӕма ин е ‘змӕлд лӕдӕрун гъӕуй.

Нур Наде, ӕвӕдзи, ахид никкӕсуй ӕ зӕрдӕмӕ. Ӕ цардвӕндаги  берӕ аллихузон цаутӕ ӕма хабӕрттӕй еуетӕ, кенӕ иннетӕ рауайунцӕ ӕ цӕститӕбӕл. Уонӕй кӕцидӕртӕмӕ гӕсгӕ хатгай ӕ медбилти байдзулуй, фал фулдӕр хӕттити ба мӕтъӕл, зӕрдрист.

Ма ресӕ, зӕрдӕ, ма ресӕ, фуд гъуди дӕхемӕ ма есӕ… Бӕргӕ, мади зӕрдӕ, ку нӕ ресидӕ ӕгириддӕр, уомӕй хуӕздӕр уӕд ци уидӕ!

О, хъазар мадӕ, дӕу адӕ

Ку неке кӕнуй мӕнӕн!

Наде куд мадӕ, куд устур Нана, уотӕ кӕстӕртӕн фӕззӕгъуй:

– Ӕз Хуцауи дзурдӕй сумах хицӕмӕ уойбӕрцӕ цӕрун, мӕ хортӕ. Гъӕздуг цӕмӕй исуайтӕ, уобӕл уӕ нӕ архайун кӕнун. Ӕз сумахӕй ӕндӕр гъуддаг корун: агоретӕ зунд, лӕгдзийнадӕ уӕмӕ уӕд. Уӕ рацуди ӕгъдау куд уа, адӕми цӕстиварди куд уайтӕ. Ӕнӕфидбилиз, зӕрдрохс!..

Дзӕбӕхӕй сӕбӕл цӕуӕнтӕ Надей фӕндитӕ ӕ берӕ кӕстӕртӕбӕл.

Бонтӕ цӕунцӕ ӕма фарнӕ сӕ хӕццӕ хӕссунцӕ…