«КАДИ НОМ УИН БАФЕДАУÆД, КУ ХУÆЦАЙТÆ НИФСГОНДÆЙ!..»
Уотæ е ’мдзæвгитæй еуеми финста Гурджибети Блашка – æхсаргин тугъдон, нæ национ аййевадон литератури бундорæвæргутæй еу. Æма еци нистауæн уотид дзурди рæсугъдæн нæ загъта. Уомæ тундзтæй æхуæдæг дæр æ цубур царди дæргъи, е адтæй æ уодиконди нифсхастдзийнадæ. Уой уæлдай бæлвурдæй раргом кодта, 1904-1905 æнзти уруссаг-япойнаг тугъди рæстæг. Уоми ин е ’фсæддон ихæсмæ гæсгæ комкоммæ тугъдон цаути архайгæ нæ адтæй, уæддæр æй æхецæн нæ исаккаг кодта, е ’мбæлттæ знаги нихмæ мæлæтдзаг тох ку кодтонцæ, уæд еуварс ун, æма æрлæудтæй сæ фарсмæ. Гъулæггагæн, æ тугъдон ирисхъæ æгæр цубур рауадæй – 1905 анзи 18 июни бæгъатæр тох кæнгæй, фæммард æй. Еци æверхъау цау ку ’рцудæй, уобæл æхсæз инсæй анзи ке исæнхæст æй, уомæ гæсгæ ин абони имисæн æ рохс ном нæ газети мухургонд æрмæгутæй.