АГЪАЗ КЕ ГЪÆУЙ, УОНИ УОДÆНЦОЙНÆН
Сæрмагонд æфсæддон операций не ’мзæнхон архайгутæй е ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй ка фæссахъат æй, уонæн агъазгонд цæуй гъæугæ социалон-медицинон фæрæзнитæй. Зæгъæн, фарастемæй си ефтонггонд æрцудæнцæ спортæй архайунæн агъазгæнæг нуриккон протезтæй.
Уомæй уæлдай, фонд «Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ»-йи цæгатиристойнаг хайадæ сæрмагонд æфсæддон операций æртæ архайæгемæн равардта къохæй æскъæрунæн хуæдтолгити дæгъæлтæ. Фонд æмцегадæ кæбæл кæнуй, еци адæмæн аци анзæй фæстæмæ ес уодæнцойнæ адаптивон уæледарæси комплекттæ есуни фадуат. Специалисттæ гъигæдардбаййафæг æфсæддон службæгæнгутæн агъаз кæнунцæ цæрæнуæттæ сæ домæнтæн райаразуни гъуддаги Демобилизацигонд æфсæддонти уодæнцойнæдзийнадæн фатертæ æма хæдзæрттæ ефтонггонд æрцæунцæ агъазгæнæг системæ «умный дом»-æй, гъæдæрмæгæй арæзт хæдзарадон дзаумæуттæй, æвæрд æрцæунцæ пандустæ æма æндæр гъæугæ фæрæзнитæ.
Курдиадæ барветунæн кенæ хабæрттæ бæлвурддæрæй базонунæн бадзорун гъæуй амунд Фондмæ телефонæй (8-8672-54-88-89), кенæ ба гъигæдардбаййафæг адæймæгутæй алкæмæн дæр сæ федаргонд социалон цæстдаргутæй хабæрттæ исбæлвурд кæнун.
Нæ республики ка косуй, бархеуонти еци къуæрттæ не ’фсæддонтæн агъаз кæнунцæ аллибони фарстатæ лух кæнунæн. Бархеуонтæ цæрæнуæттæ бафснайунцæ, фæккæсуйнаг адæймæгутæн хуайраг, хуастæ æма арæзтадон æрмæгутæ бахъæртун кæнунцæ, уæдта ма æндæр гъуддæгутæ аразунцæ.
* * *
Аци финстæгутæ, зæгъун æнгъезуй, зингæ æнхæстдæр кæнунцæ игъустгонд Киристонгъæуæй рацæуæг зундгонд силгоймаги хузист, иссæнцæ æ вазуггин æма зин исфæлдистадон фæллæнтти, æ бæлдтаг нисантæмæ тундзундзийнади дессаги æвдесæн. Устур советон финсæг Николай Тихонов айдагъ уотид нæ бакастæй æ роман, фал ма ин æновудæй архайдта куд æ роман ниммухур кæнуни, уотæ æ ирисхъи гъуддæгути дæр.