17 декабря 2025

НАМУСГИНТÆН – КАДИ ÆГЪДÆУТТÆ…

13.12.2025 | 14:30

Æдзард тугъдонти нæмттæ исæносон кæнун – уæхæн устур нисани хæццæ Дзæуæгигъæуи 38-аг скъолай исаразтонцæ номерæн æмбурд сæ рауагъдон Хортити Алани фурт Давиди кадæн.

 

Иристони хъæболтæ, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй, терроризми нихмæ буцæути æвдесунцæ уоди федардзийнадæ æма хъаурæ. Фал тугъд тугъд æй æма знаги нæмгутæ некæбæл ауæрдунцæ, гъулæггагæн.

Нур фæндзæймаг хатт скъолай ахурдзаутæ æма ахургæнгутæ сæркъолæй лæуунцæ, сæ цæстисуг нæ уорамунцæ, къариститæмæ кæсгæй. Цардгъæуагæй фæммард æнцæ Цухурбати Роланд, Уртати Витали, Трунавичус Ричардас, Андреев Кирилл æма хуæрзæригон Хортити Давид. Айдагъ 19 анзи цудæй аци хуæрзконд, сæрæн лæхъуæнбæл. Скъолай фæсте афойнадæбæл нæ балæвардта æ гæгъæдитæ ахурмæ, рандæй æфсадмæ Приморьей краймæ. Фæндадтæй æй æфсæддон исун. Мæ бæллецмæ фæххæстæг дæн, зæгъгæ, барвæндонæй контракт бафинста æфсæддон хæйттæй еуемæ.

Запорожьей облæсти е ’фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй, бæгъатæрæй фæммард æй. Æцæгæлон зæнхæбæл никкалдæй е ’ригон тог. Федар уодигъæдæ разиндтæй ниййергутæн: анзæй фулдæр, Давиди агоргæй, куд бафæразтонцæ. Æ рамæлæти фæсте ин равардтонцæ Лæгдзийнади орден.

Æмбурди райдайæни залмæ ’рбахастонцæ Уæрæсе æма Иристони турусатæ, Национ гвардий æфсæддон оркестр ниццагъта нæ бæстæ æма нæ республики гимтæ. Адæм еу усмæ адзæмæй ралæудтæнцæ.

Цæгат Иристони ахурадæ æма науки министри хуæдæййевæг Дзанайти Марк гъигæзæрдæй ратæфирфæс кодта хеуæнттæн.

– Абони еугурей дæр имисæн, цардæй ка нæ бафсастæй, е ’мгæртти ’хсæнæй ка фæгъгъудæй, еци бæгъатæр – Давиди. Знаги нихмæ нифсгунæй рацудæй, лæгдзийнадæ равдиста. Парти «Еугонд Уæрæсе»-й хъæппæресæй нæ бæгъатæрти нæмттæ исæносон кæнунæн игон кæндзинан мемориалон фæйнæгутæ, номерæн партитæ æма æндæр имисæнтæ. Нæ фидтæлтæ Устур Фидибæстон тугъди ци æхсардзийнадæ равдистонцæ, е рагъардта сæ фæстагонти тоги, æма абони Хортити Давиди хузæн бæгъатæр лæхъуæнтæ гъæуай кæнунцæ Райгурæн зæнхæ националисттæй. Сæ нæмттæ иронх некæд уодзæнæнцæ ахурдзаути алли фæлтæртæй. Е æй патриотон гъомбæладæ, – загъта Дзанайти Марк.

Сæрмагонд æфсæддон операций ветеранти ассоциаций сæрдар Хъесати Вадим фæдздзурдта фæсевæдмæ, цæмæй ахурмæ тундзонцæ, сæ рæстæг пайдагунæй æрветонцæ. «Давид æма иннæ лæхъуæнти фæндæ адтæй, цæмæй сумах амондгун уайтæ, уæ миутæ, уæ гъудитæ уонцæ раст, зæрдæмæдзæугæ. Уотæ ку нæ уа, уæд сæ цард дзæгъæли равардтонцæ. Бæгъатæртæ нæ мæлунцæ, етæ нæ хæццæ ’нцæ, цалинмæ сæ гъуди кæнæн, уæдмæ, – загъта Вадим. – Кæддæр скъола игъæлдзæг дзæнгæрæгæй царди урух надмæ рафæндараст кодта æ рауагъдонти. Адтæнцæ уæд амондгун, фал сæ ирисхъæ хиццаг нæ рауадæй. Мемориалон фæйнæгутæй нæмæ кæсунцæ нур нæхе биццеутæ. Давид адтæй сæ еугурей кæстæр. Сæ уарзон 38-аг скъолай син кæддæриддæр имисдзæнæнцæ сæ нæмттæ. Ахурадон процесси патриотон гъомбæладæ ахсгиаг æй. Нæуæг фæлтæртæ гъæуама зононцæ æма аргъ кæнонцæ æдзард бæгъатæрти æскъуæлхтдзийнæдтæн, – загъта скъолай директор Сланти Мæдинæ.

Зæрдæмæгъаргæ зар Хортити Давиди номбæл ракодта Езети Игорь.

ЦÆГÆРАТИ Жаннæ