04 февраля 2026

СТАЛИНГРАД СÆ СÆ КЕМИ ÆРЦÆУН КОДТА

03.02.2026 | 15:00

Аци бæнтти ма Уæрæсей бæрæггонд цæуй еума агъазиау историон цау – æртæ æма цуппаринсæй анзей размæ, 1943 анзи 2 феврали советон æфсæдтæ дæрæнгонд фæцæнцæ, Сталинградмæ ка лæбурдта æма уотемæй æртеголи ка бахаудтæй, еци немуцаг-фашистон æрдонгти зингæ хай.

Дзиллон хабæрхæссæг фæрæзнитæ куд имгъосун кæнунцæ, уотемæй Уæрæсей æдасдзийнадæ гъæуайкæнуйнади Федералон служби æхсæнадон бастдзийнæдти Центр æрæги раргом кодта, 1942 анзи Сталингради, уæдта Кавказ æма Ростови облæсти фæзуæттæй немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ рæстæгмæ ке байахæстонцæ, еци рауæнти фæсфронти æсгарæн куст куд цудæй, уой æвдесæг архивон æрмæгутæ.

Медгъуддæгути Адæмон комиссаради (НКВД-й) Сталингради облæсти управлений 1942 анзи 2 августи арæзт æрцудæй  сæрмагонд хайадæ – исхудтонцæ ’й цуппæрæймаг хайадæ.

Комкоммæ бæлвурдгонд æрцудæй  æ сæйраг ихæс – облæсти партизанти отрядтæ æма диверсион къуæртти архайдæн разамунд дæттун æма син æфсæддон æсгаргути хæццæ федар бастдзийнадæ аразун.

1942 анзи 18 декабри, Сталингради рæбунти Сурх Æфсади размæмпурсти (операци «Уран») хуæдразмæ медгъуддæгути Адæмон комиссаради цуппæрæймаг управлений (фæсфронти тъасхи) сæргълæууæг Павел Судоплатов, медгъуддæгути адæмон комиссари хуæдæййевæг В. Меркуловмæ балæвардта тъасхæгæнгути фæрци бамбурдгонд æвдесæнти бундорбæл бацæттæгонд æрмæг Сталингради, Кавкази, уæдта Хъалмухъи автономон республики уавæри туххæй.

Еци документи сæрмагонд бунат ахæссуй, немуцаг æфсæддонтæн сæхемæ ци зæрдиуагæ æвзурун байдæдта, уой хецæн хай – «Нихмæлæууæги æфсæддонти зæрдити уагæ Хонсари». Æма си амунд ес: «Сталингради фронти ци немуцаг æма италиаг æфсæддонтæ тохуй, етæ сæхуæдтæ дæр бустæги арази нæбал æнцæ сæ разамунди миутæй, уомæ гæсгæ ба си исахид æнцæ тугъдæй раледзуни фæззиндтитæ. Уæхæн раледзæг немуцаг æфсæддон уой фæдбæл уотæ загъта: «Уруссаг æфсæддонтæ ку æрбампурсонцæ, уæд немуцаг æфсæддонтæ сæ къохтæ исдардзæнæнцæ…»

Уæлдай карздæр ба дзорун райдæдтонцæ италиæгтæ. Румынæгтæ æма австрийæгтæ куд дзурдтонцæ, уотемæй немуц уонæбæл дæр не ’ууæндунцæ, æма тугъдон фæткитæ уотæ аразунцæ, цæмæй  сæ «æмцæдесонтæ» сæ цæстдарди уонцæ.

Нæ радзубандий кæронбæттæни ба ма æримисуйнаг ан немуцаг финсæг Белль Генрихи (1917-1985) загъд: «Абони уæнгæ дæр немуцæн сæ фулдæр хай нæма балæдæрдтæй, Сталинградмæ сæ ке неке худта, уæдта кæми фæууæлахез æнцæ, уоми сæхе тогцъух сирдти хузæн ке æвдистонцæ…» Сæ номдзуд æмзæнхони аци загъд Германий нури разамонгутæ кенæ зонгæ дæр нæ кæнунцæ, кенæ ба ’й зонунцæ, фал æй балæдæруйнаг нæ ’нцæ, æма бабæй тугъдмондагæй хилкъахæнтæ аразунцæ… Нæуæг Сталинград бабæй сæ багъудæй?..