22 февраля 2026

«ЛÆГДЗИЙНАДИ НÆДТÆБÆЛ»

21.02.2026 | 17:50

Ирæфи райони аллихузон мадзæлтти фæрци æнхæстгонд цæуй кæстæр фæлтæри ’хсæн патриотон гъомбæлади куст. Еумæйагæй си архайæг æнцæ ахурадон уагæдæнттæ, æхсæнадон организацитæ æма ветеранти æмæхсæнадæ. Зæгъæн, æрæги хестæр кълæсти ахурдзаутæ фембалдæнцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгути хæццæ.

Чиколай гъæуи фиццаг астæуккаг скъолай арæзт æрцудæй историон-патриотон нисанеуæг кæмæн адтæй, уæхæн мадзал «Лæгдзийнади нæдтæбæл». Архайдтонцæ си райони хестæр кълæсти ахурдзаутæ. Мадзал ба арæзт æрцудæй клуб «Альбус», президентон грантти Фонди агъазæй. Се ’мархайгутæ ба иссæнцæ сæрмагонд æфсæддон операций ветеранти Ассоциаци æма фонд «Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ»-йи  регионалон хайади Фонд. Мадзал арæзт ба æрцудæй  националон проект «Æригæнттæ æма сувæллæнттæ»-йи фæлгæти.

Программæ арæзт адтæй дууæ хайемæй. Фиццаги каст цудæнцæ лекцитæ, Устур Фидибæстон тугъди сæйраг цаути фæдбæл. Дуккаги ба дзубанди кодтонцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ.

Мадзал исаразгути нисан адтæй, цæмæй ирæзгæ фæлтæр хуарз зононцæ нæ Фидибæсти тугъдон историй цаути рæстдзийнадæ. Уой туххæй ба гъæуама пайдагонд цæуа аллихузон уæлæнхасæн гæнæнтæй. Уæлдай ахедгæдæр ба ’й, еци хабæрттæ кæстæртæ ку зононцæ, историон цаути æхуæдæг ка адтæй архайæг, бæлвурд ка зонуй еугур хабæрттæ, уонæй.

Ауæхæн проекттæ еу кæнунцæ аллихузи фæлтæрти. Ветерантæ сæ берæ зонундзийнæдтæ æма фæлтæрддзийнадæй æнæвгъауæй дех кæнунцæ кæстæр фæлтæртæн, уонæн ба, æнæмæнгæ, сæ меддуйне гъæздугдæр кæнуй.

Проект исаразгутæ куд нисан кæнунцæ,  уотемæй идарддæр дæр архайдзæнæнцæ, цæмæй куст фæппарахатдæр уа, хунд ба имæ цæуа никки фулдæр архайгутæ фæсевæди раздзæугути фæсевæди  æма ветеранти еугæндтæй.