ХУÆРЗЕУГУТÆ – ХУÆЗДÆРТÆН
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйлой Указæй æ кустадон æнтæстдзийнæдти туххæй зундгонд журналист Хæмицати Морисæн лæвæрд æрцудæй Цæгат Иристони Кади грамотæ.
Хæмици-фуртæн кадгин хуæрзеуæг равардтонцæ, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Мухури æма дзиллон коммуникацити гъуддæгути фæдбæл комитети ци æмбурд адтæй, уоми. Æ кадгин хуæрзеуæги туххæй Морисæн райарфæ кодта комитети сæрдари ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Эльдар Афашоков.
Хæмицати Морис айдагъ журналист нæй, е зундгонд æй куд финсæг, тæлмацгæнæг æма футболон комментатор дæр. Уæрæсей журналистти Цæдеси иуонг уогæй, Хæмици-фурт мухури рауагъта берæ публицистон уадзимистæ æма киунугутæ. Газеттæ «Рæстдзинад» æма «Северная Осетия»-йи е ци зæрдиаг куст фæккодта, уой фæрци Иристони журналистики байахæста зингæ бунат.
Фембæлди архайæг адтæй Æрæдони 4-аг лицейи ахурдзау Цопанти Мария дæр. Æригон кизгæ нурма фиццаг къахдзæфтæ кæнуй журналиститики къабази, фал æ архайд нуриуæнгæ бæрæггонд æрцудæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги Арфи финстæгæй. Æрæги кизгæ е ’сфæлдистадон куст балæвардта Цæгат Иристони Сæргълæууæги преми райсуни конкурсмæ журналистики къабази. Нæ зæрдæ дарæн, еци исфæлдистадон ериси дæр æ архайд æнтæстгин ке уодзæнæй, уобæл.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий мухури æма дзиллон коммуникацити гъуддæгути фæдбæл Комитети пресс-службæ