30 декабря 2024

РАВГИТӔН СӔ ПАЙДА БӔЛВУРД КУСТӔЙ РАБӔРӔГ УЙ!..

26.02.2021 | 15:40

Национ проекттӕ ӕнхӕст кӕнун алли регионӕн дӕр ӕй ӕ размӕцуди ахсгиаг фӕрӕзнӕ. Еци проекттӕ Цӕгат Иристони куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, ӕма нӕмӕ сӕ фӕлгӕти циуавӕр регионалон программитӕ ес, сӕ фӕрци республикӕ ӕ хузӕ, ӕ гӕнӕнтӕ куд ӕййевуй, уой фӕдбӕл ӕ фембӕлди рӕстӕг дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕртти хӕццӕ дзубанди кодта Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ӕма Хецауади Администраций национ проекттӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл дзуапдӕттӕг управлений разамонӕг АТАРАТИ Олег.

– Национ проекттӕ царди уадзунбӕл архайун райдӕдтан цалдӕр анзей размӕ, – баханхӕ кодта е ӕ радзубандий. – Фал бустӕги бӕлвурд уагӕбӕл ба ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, Уӕрӕсей Президенти 2018 анзи майи Указтӕ царди рауадзунбӕл куст ку райеудагъ ӕй, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Куд зонӕн, уотемӕй, етӕ баст ӕнцӕ Уӕрӕсей Федераций райрӕзти сӕйраг национ нисанти хӕццӕ ӕма гъӕуама ӕнхӕстгонд ӕрцӕуонцӕ 2024 анзи уӕнгӕ. Президенти фӕдзӕхститӕмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсей Хецауадӕ исфедар кодта фараст национ проекти. Евгъуд анзи июли Президент рауагъта нӕуӕг Указ, ӕма си фӕббӕлвурддӕр кодта нӕ бӕсти размӕцуди сӕйраг нисантӕ. Уотемӕй, еци национ проекттӕ иссӕнцӕ 25, сӕ инхӕст кӕнуни ӕмгъуд ба 2030 анзмӕ. Цӕгат Иристон дӕр архайуй еци проекттӕ ӕнхӕст кӕнуни гъуддаги.

Зӕгъӕн, национ проект «Демографи»-мӕ гӕсгӕ нӕ республики ӕнхӕстгонд цӕунцӕ фондз регионалон проекти, се ’хсӕн ӕнцӕ, «Фиццаг сувӕллон кӕмӕн райгурдӕй, еци бийнонтӕн финансон агъаз» ӕма «Ӕртиккаг, цуппӕрӕймаг ӕма уомӕй фулдӕр сувӕллони кӕмӕн райгурдӕй, уӕхӕн бийнонтӕн финансон агъаз». Фиццаг сувӕллон кӕмӕн райгурдӕй,  еци бийнонтӕ аллимӕйон финансон агъаз евгъуд анзи есун райдӕдтонцӕ 5,5 бийнонтемӕй фулдӕр; ӕртиккаг, цуппӕрӕймаг ӕма уомӕй фулдӕр сувӕллони кӕмӕн райгурдӕй, ӕма аллимӕйон пособи фист кӕмӕн цӕуй, уӕхӕн бийнонтӕ ба ӕнцӕ 6 минемӕй фулдӕр.

Нацпроект «Демографи»-й фӕлгӕти евгъуд анзи нӕ республики арӕзт ӕрцудӕй 230 сувӕллонемӕн бунат кӕми ес, уӕхӕн нӕуӕг рӕвдауӕндонӕ Беслӕни ӕма, республики иннӕ районти ка ес, еци рӕвдауӕндӕнттӕмӕ уӕлӕнхасӕн бӕстихӕйттӕ – цуппар. Атари-фурт куд загъта, уотемӕй, аци анз ма арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй аст нӕуӕг рӕвдауӕндони: дууӕ – Дзӕуӕгигъӕуи (сӕ дууеми дӕр бунат уодзӕнӕй фӕйнӕ 280 сувӕллонемӕн), цуппар ба – республики районти (алли рауӕн дӕр си бунат уодзӕнӕй 120 сувӕллонемӕн).

Национ проект «Ӕнӕнез-дзийнадӕ»-йи фӕлгӕти евгъуд анзи республики районти арӕзт ӕрцудӕй 36 фельдшерон-акушерон пунктти, ӕма, Атари-фурти дзубандимӕ гӕсгӕ, сӕ еугур дӕр ӕнцӕ цӕттӕ.

– Аци нацпроекти фӕлгӕти ци регионалон программитӕ ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, уонӕй еу ӕй «Онкологон незти нихмӕ тох кӕнун»-и проект. Ӕ фӕрци республики фӕззиндтӕй, еугур Цӕгат Кавкази нури уӕнгӕ бал еунӕг ка ’й, ӕма нез рагацау бӕрӕг кӕнун ка зонуй, уӕхӕн швейцариаг системӕ, ӕма ноябрӕй нури уӕнгӕ лӕггадӕ кӕнуй сӕйгитӕн. Уомӕй уӕлдай, хъӕбӕр берӕ куститӕ, уой хӕццӕ, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, устур хӕрзтӕ байагурдта Сувӕллӕнтти республикон клиникон сӕйгӕдонӕ. Евгъуд анзи си еугур куститӕ дӕр кӕронмӕ рахъӕрдтӕнцӕ, – загъта Атарати Олег.

Национ проект Ахурадӕ»-йи фӕлгӕти евгъуд анзи арӕзт ӕрцудӕй ӕртӕ скъолай Дзӕуӕгигъӕуи (ахурдзаутӕн си ес 550 бунати), Мӕздӕги (500 бунати) ӕма Цӕликки (200 бунати). Евгъуд анзи райдӕдтонцӕ ӕма нур сӕ тӕмӕни ӕнцӕ Хъизлар ӕма Черменигъӕуи скъолати арӕзтадон куститӕ. Черноярски станици ба нӕуӕг скъола аразун райдайдзӕнӕнцӕ аци анз.

Национ проект «Культурӕ» ӕнхӕст кӕнгӕй, евгъуд анзи арӕзт кенӕ бундоронӕй цалцӕггонд ӕрцудӕнцӕ гъӕути Культури хӕдзӕрттӕ – авд, уӕдта ма куклати театр «Саби».

– Иннӕ национ проект «Цӕрӕнуӕттӕ ӕма горӕттаг фӕзуат»-ӕн ӕ нисан ӕй цӕрӕнуттӕ фулдӕр аразун. Уомӕ гӕсгӕ 2019 анзи Дзӕуӕгигъӕуи 18-аг микрорайони арӕзт ӕрцудӕй нӕуӕг автомобилон над, уӕдта, 500 ахурдзауемӕн бунат кӕми ес, уӕхӕн нуриккон скъола. «Нӕуӕг горӕт», зӕгъгӕ, ке хонӕн, Дзӕуӕгигъӕуи еци райони дӕр евгъуд анзи фӕззиндтӕнцӕ нӕуӕг нӕдтӕ, донуадзӕнти нӕуӕг хизӕг, еугур инженерон инфраструктурити хӕццӕ. Еугурӕй дӕр етӕ разӕнгард кӕнунцӕ цӕрӕнуӕттӕ фулдӕр аразунмӕ, – баханхӕ кодта Атари-фурт.

Национ проект «Еугурфадуатгин горӕттаг уавӕртӕ аразун»-бӕл дзубанди кӕнгӕй, загъта, ӕ фӕлгӕти ке базилдӕнцӕ ӕма зӕрдӕмӕдзӕугӕ уавӕртӕ ке исаразтонцӕ 200 бунатеми, етӕ адтӕнцӕ, куд берӕфатерон хӕдзӕртти алливарс фӕзуӕттӕ, уотӕ фӕлладуадзӕн еумӕйаг фӕзуӕттӕ дӕр.

«Адӕми кӕлӕдздзаг хӕдзӕрттӕй нӕуӕг цӕрӕнбунӕттӕмӕ раййевун»-и национ проектмӕ гӕсгӕ аци анз цӕруни уавӕртӕ гъӕуама фӕххуӕздӕр кӕнонцӕ 92 адӕймаги, етӕ нуртӕккӕ цӕрунцӕ кӕлӕдздзагбӕл нимад ка ’рцудӕй, уӕхӕн хӕдзӕртти, сӕ еумӕйаг фӕзуат ӕй 1700 квадратон метри.

Национ проект «Хуӕрзгъӕдӕ ӕма ӕдас автомобилон нӕдтӕ»-йи фӕлгӕти евгъуд анзи Дзӕуӕгигъӕуи ӕма республики районти цалцӕггонд ӕрцудӕй автомобилон нӕдти 60 къабази – ӕдеугур 90 километри. Уой хӕццӕ, исцӕттӕ ’й нӕуӕг над «Дзӕуӕгигъӕу-Хоригъӕу-Малгобек-Мӕздӕг».

Ӕ радзубандий кӕронбӕттӕни Атари-фурт куд баханхӕ кодта, уотемӕй идарддӕр дӕр еугур мадзӕлттӕ дӕр арӕзт цӕудзӕнӕнцӕ, цӕмӕй национ проекттӕ ӕма уони хӕццӕ баст программитӕ ӕнӕкъулумпийӕй ӕнхӕстгонд куд цӕуонцӕ, уобӕл.