09 майя 2026

УÆЛАХЕЗМÆ НАД

08.05.2026 | 22:40

Цæгат Иристони Адæмон исфæлдистади республикон хæдзари кадгин уавæри байгон æй равдист «Уæлахезмæ над». Экспозици бацæттæ кодтонца Устур Фидибæстон тугъди Цитгин Уæлахези 81-анзон бони кадæн. Е æй фæлтæрти патриотон тадицити бастдзийнади ирд дæнцæн.

Цæгат Иристони культури министри фиццаг хуæдæййевæг Рæмонти Маринæ, равдисти архайгутæ æма иуазгутæн арфæ ракæнгæй, фæббæрæг кодта кустити бæрзонд аййевадон æмвæзадæ, историон цаутæ зæрдæбæл даруни ахсгиагдзийнадæ.

Равдисти архайгутæн ма арфæ ракодта республики ветеранти Совети сæрдар Фриати Хъазбег æма загъта, Фидибæстæ гъæуайгæнгути алли фæлтæрти ’хсæн æнгом бастдзийнæдтæ ке ес, уой.

Равдист байеу кодта аййевад армдæснидзийнадæ æма хузæкæнуйнади хузтæ. Экспозиций хузæкæнуйнади хайадæмæ ци хузтæ хаунцæ, етæ æвдесунцæ, куд евгъуд цаути бæгъатæрдзийнадæ, уотæ сабур царди фæллойнадон цард дæр. Уони ’хсæн æнцæ Людмилæ Филатовай хузæгонд портреттæ æма Уалити Милени тугъдонти æрæздæхунмæ æнгъæлмæ кæсуни зæрдæагайгæ мотивтæ, историон сценитæ: Уæлахези Туруса (Надеждæ Гер) æма Уæлахези парад (Къорнати Владимир). Уалдзæги æнкъарæнтæ æма Уæлахези символизм æ натюрморт «Уæлахези деденгутæ»-йи равдиста Ларисæ Зеленская. Сæрмагонд дзубандий аккаг æнцæ Гассити Бариси хузтæ. Етæ æргом æма карзæй æвдесунцæ тугъд æма бæгъатæр æфсæддонти  аллибони цард.

Экспозиций зингæ бунат байахæстонцæ тугъди рæстæги дзаумæуттæ. Уони фæрци равдистмæ æрбацæуæг адæм хуæздæр банкъардтонцæ еци æнзти уæзæ.

Равдисти зæрдæ агайунцæ нури рæстæги цаути хæццæ баст хузтæ. Сæрмагонд æфсæддон операций темæбæл финст æнцæ Иринæ Бочаровай хузтæ. Етæ дзорунцæ Уæрæсей Бæгъатæрти æскъуæлхтдзийнæдтæбæл.

Равдист бацæттæ кодтонцæ Цæгат Иристони Адæмон исфæлдистади республикон хæдзарæ, Цæгат Иристони ветеранти Совет, сæрмагонд æфсæддон операций ветерантæ æма «Историон-культурон рохсади центр».

Этот сайт использует cookie для хранения данных. Продолжая использовать сайт, вы даете согласие на работу с этими файлами.

Политика в отношении обработки персональных данных