20 июня 2026

«ДÆ СÆРБÆЛТАУ ТОХМÆ ЦÆТТÆЙ ЛÆУУН…»

20.06.2026 | 22:02

АРТИЛЛЕРИСТИ БОНУГÆЙ

ТАУИТТИ Дриси фурт Дзегут райгурдæй 1921 анзи Дигоргоми Тауитти гъæуи. Сæ бийнонтæ 1927 анзи ралигъдæнцæ Синдзигъæумæ. Скъолай ахур кæнгæй, Дзегут газеттæмæ æрвиста уадзимистæ, фæццалх æй æмдзæвгитæ финсунбæл дæр. Æ уадзимистæ ахид фæззинниуонцæ журнал «Нæуæгдзау»-и. Дзегут астæуккаг скъола каст ку фæцæй, уæд имæ фæдздзурдтонцæ Сурх Æфсади рæнгъитæмæ. Устур Фидибæстон тугъд æй æрæййафта нæ бæсти хорнигулæн арæнбæл. Тугъди размæ Дзегут е ’мдзæвгитæй еуеми Райгурæн бæстæн соми кæнгæй уотæ финста: «Дæ сæрбæлтау тохмæ цæттæй лæуун…» Æма уотæ рæстуодæй ке соми кодта, уомæн ирд æвдесæн иссæй æ цубур, фал æхсаргин ирисхъæ.  Тугъди уæззау нæдтæбæл намусгинæй рацæугæй, Тауитти тугъдон 1944 анзи мæлæтдзаг цæфтæ фæцæй, уотемæй ма ’й æфсæддон сæйгæдонæмæ ма бæргæ бахъæртун кодтонцæ, фал ин дохтирти бон нецибал бацæй… Тугъди фиццаг бæнтти хабæрттæ Дзегут фæффинста æ бонуги. Гъулæггагæн, æ бонуг æнхæстæй нæ байзадæй, æма ма си уæддæр ци скъуддзæгтæ райервазтæнцæ, уони мухур кæнæн.

1941 анзи 21 июнь. Æмбесæхсæвæ. Еу ефрейтори хæццæ мин байихæс кодтонцæ нæ тугъдон лагерь гъæуай кæнун. Нæ лагерь адтæй сахар П-йæй инсæй километри искæсæнæрдæмæ. Махæй паддзахадон арæни ’хсæн адтайдæ фондз километрей бæрцæ. Не ’мбæлттæ нæ раййивтонцæ, æма нæ фæллад уадзунмæ рандæ ан. Еу-дууæ сахаттей бæрцæ рафунæй кодтан, уæдта райгъал ан тугъдон фæдесмæ. Нæхе рарæвдзæ кодтан. Раст еци сахат фашистти хуæдтæхгутæ фæззиндтæнцæ нæ тæккæ сæрмæ, пулеметтæй нæ æхсун байдæдтонцæ. Бæрзонд кæмидæр ба гув-гув кодта «Рамæ». Мах балæдæрдтан, е иннæ хуæдтæхгутæн надамонæг ке адтæй. Знаги хæццæ нæ истох кодтан, уотемæй хорискæсæнæрдæмæ рандæ ан еуцæйбæрцæдæр. 22 июни æхсæвæй фæстæмæ хорнигулæнмæ цæун райдæдтан. Сæумæй авд сахаттебæл бахъæрттан сахар Р-мæ. Арæнмæ ма дууæ километри æма æрдæг кæми гъудæй, уоми нæхе æрфедар кодтан.

Æмбесбон адтайдæ, уотæ бардзурд райстан: «Æхсун райдайетæ фашистон батарейти». Цуппар сахаттей дæргъи нæмгутæ ехуарæгау кодтонцæ немуцбæл. Фæстæмæ сæхе райстонцæ, æма мах дæр не ’хсун ниууагътан. Уордигæй изæрмæ бæстæ адтæй сабур.

Еуафони хонсарæрдигæй фæззиндтæй авд фашистон бомбæгæлдзæги æма дууæ «мессершмитти». Кæд бæрæг рауæн лæуудтан, уæддæр нæбæл бомбитæ не ’ргæлстонцæ, айдагъдæр нæ истребительтæ æхстонцæ пулеметтæй.

1941 анзи 5 июль. Тугъд æ карзи бацудæй. Знаги фестæг æфсæдтæ размæ лæгарстонцæ. Дзармадзантæй сæ æхстан æнæрлæугæй. Берæ си фæгъгъудæй. Ка ма си байзадæй, етæ сæхе фæстæмæ райстонцæ. Еци тугъди ни фæгъгъудæй еу-дууадæс тугъдони æма дууæ дзармадзани. Нæ медбунати лæуун нин пайда нæ адтæй æма цалдæр километри фæстæмæ рацудан. Идарддæр ци хабæрттæ адтæй, уони лæмбунæг финсунæн мин фадуат нæййес, фал радзорунмæ гъавун, знаг нæ алливарс куд æртумбул æй, æстдæс боней дæргъи  мæлæтдзаг тох фæккæнгæй, нæ къохи ке неци бафтудæй, уой туххæй.

1941 анзи 2 август. Фегъосун нин кодтонцæ, Гитлер, дан, æ тугъдонтæн бардзурд равардта Æхсæзæймаг æма Дууадæсæймаг советон æфсæдти бундзагъд никкæнун. Никки ма син зæрдæ байвардта, уой фæсте син дууæ мæйи бауолæфуни фадуат ке ратдзæнæй, уомæй.

Æхсæзæймаг æма Дууадæсæймаг æфсæдти нихмæ немуц æрæвардтонцæ æвзаргæ ’фсæдтæ. Алли бон дæр æгъзалдтонцæ бомбитæ. Еци «Рамæ» нæ уæгъдæ некæд исуагъта. Бахаудтан хъæбæр зин уавæри, æртæ хатти нæбæл æзнæгтæ аллирдигæй сæхе æртухтонцæ. Фашисттæбæл дæр æма махбæл дæр устур зæрантæ ’рцудæй. Уотемæй тухамæлттæй ратудтан æзнаги рæхис. Гитлеронтæ нимæдзæй адтæнцæ дууæ хатти фулдæр. Хуæлцæ æма нæмæ техникæ æгириддæр нæбал хъæрттæнцæ. Мæлæтдзаг тох байеудагъ æй, еу дæр ни æ хъауритæбæл нæ аурста. Фæстагмæ нæмæ æгириддæр хуæцæнгарз нæбал байзадæй. Хуæцæнгарз нæмæ адтæй, фал цæмæй æхстайанæ – гилдзитæ фæцæнцæ!

1941 анзи 5 август. Сæрмагонд бронехуæдтолгити нæмæ ’рбацудæнцæ немуци минæвæрттæ æма нин уруссагау балæдæрун кодтонцæ: фæййервæзæн уин нæбал ес. Сæйраг фронт сумахæй æй 150 километри изолдæр, уæ алливарс ба уæбæл æртумбул æнцæ СС-и æвзаргæ ’фсæдтæ. Уæхе уацари раттунæй уæлдай уин æндæр гæнæн нæбал ес.

Еци дзурдтæмæ æ гъос неке æрдардта. Уæдмæ æрбахъæрттæй бардзурд: «Не ’фсæддонтæй 200 гъæуама сосæггай байагоронцæ нæхеуæнтти. Иннетæ гъæуама сæхе бафæсвæд кæнонцæ бæрзонд хуæнхаг гъæдти, сæдæ ба гъæуама сæ дарæс раййевонцæ æма сæхе райсонцæ хутортæмæ, сæ ихæс ци ’й, уой ба син фæстæдæр балæдæрун кæндзинан. Æхсæзæймаг æма Дууадæсæймаг æфсæдти командæгæнæг…»

1941 анзи 12 август. Мах, гъома, 99-аг æхсæг дивизий 22-аг артиллерион полк, нæхе æрфедар кодтан еу гъæуи рази. Бон-сау изæрмæ æхстан æзнаги æфсæдтæ. Етæ размæ лæгарстонцæ æма лæгарстонцæ. Изæрæрдæмæ нæ сæхуæдтæ дæр дзармадзантæй æма минометтæй æхсун райдæдтонцæ, еуетæ хорнигулæнæй, иннетæ – хорискæсæнæй. Еу немуцаг æфсæддон мах æрдæмæ мотоциклбæл хæстæг æрбацудæй æма нæбæл къохихæсгæ миномет рауагъта. Дзармадзанæй фехсæн ин нæ адтæй, уомæн æма æгæр æрбахæстæг æй. Еу-дæс минуттей фæсте немуцаг æхе райста.

1941 анзи 13 август. Фæссехуар фæлгæсæн бунатæй фегъосун кодтонцæ: «Еугурæй дæр уæхе бафснайетæ акъоппити!»

Рацудайдæ фондз-авд минутти, уотæ нæбæл нæмгутæ ехуарæгау никкодтонцæ. Æхстонцæ нæ минометтæй аллирдигæй. Фæлгæсæн бунатæй ба батарейи командæгæнæг бардзурд равардта, цæмæй æзнæгти механизацигонд фестæг æфсадбæл нæмгутæ еугурæй дæр рауадзæн. Минометтæй нæ немуц уотæ хъæбæр æхстонцæ, æма акъоппæй рацæунмæ еу дæр æ нифс нæ бахаста.

Гъæуама, раст ци ’й, уой зæгъон. Мæ меднимæр рагъуди кодтон, уæддæр ардигæй уодæгасæй райервæзæн нæбал ес, мæ зæрдæбæл æрбалæудтæнцæ ме ’нсувæртæ, ме ’мбæлттæ, мæ хеуæнттæ, фашистти къохæй æ зинг кæмæн бахустæй, етæ. «Тогмæ – тог», – загътон мæ меднимæр, рагæпп кодтон акъоппæй. Кезугай æхстон æртæ дзармадзанемæй. Гилдзитæ ку нæбал адтæй, уæд бауадтæн цуппæрæймагмæ. Раст еци сахат мæ размæ рауадæй хайади командæгæнæг æма еумæ æхсун райдæдтан, ка ма нæмæ байзадæй, еци цуппæрæймаг дзармадзанæй. Фашисттæ къуаргæйттæй уæлдæфмæ куд тахтæнцæ, уой уидтан, æма нæ зæрдæ барохс æй. Æхстан, нæ гъæлæсидзаг гъæр кодтан, цæмæй нæмæ акъоппитæй еске агъазмæ рацæуа, фал нæ цæстæ некæбæл æрхуæстæй…

Никки ма еу хабар радзорун ес мæ зæрди, знаги  æртухсти рæстæг нæ тугъдонтæ сæхе куд бæгъатæрæй равдистонцæ, уой туххæй. Авд танки (еу – агъазиау, фондз ба – рæстæмбестæ æма еу – минкъий) атакæ исаразтонцæ нæ нихмæ. Нæ 76-миллиметрон дзармадзанти фиццаг батарейæ сæбæл нæмгутæ ку рауагъта, уæд си дууæ рæстæмбес танкемæн уайтæккæ сæ хъуæцæ искалдæй. Агъазиау танк дæр тугъди будури цавддорау лæугæй байзадæй.  Иннетæн еу гæрах фæккæнун дæр нæ бантæстæй, уотемæй ледзæги фæцæнцæ. Хъæбæр бæгъатæр разиндтæнцæ еци тугъди нæ дзармадзанæйæхсгутæ.

Рацудæй фондз æма инсæй минуттей бæрцæ, уотæ авд немуцаг танки галеуæрдигæй æрбацудæнцæ, дæс ба – рахесæрдигæй. Æхсун райдæдтонцæ. Нæ полкки штаби хецау, батарейи политикон разамонæги хуæдæййевæг æма къуар сурхæфсæддони фæммард æнцæ. Командæгæнгутæ æма æфсæддонтæ сæхе ниййаууон кодтонцæ акъоппити. Айдагъдæр дуккаг дзармадзани командир фæгъгъæр кодта: «Дзармадзантæй æхе еуварс ка райса, уой æнæ уæлдай дзубандийæй мæхе къохæй фехсдзæнæн!..» Нæрунцæ нæ дзармадзантæ, фашистти танкитæн кезугай сæ хъуæцæ искæлуй. Советон артиллеристти домбай цæфти фæсте æзнæгтæ сæхе райстонцæ.

Еуафони æрбауадæй еу болкъон æма цæбæлдæр фæрсуй дзармадзани кæстæр командири. Е ин уотæ: «Цо, æмбал болкъон, æма батарейи командæгæнæги фæрсæ, мæнмæ ци ’рбацудтæ?..» Уотæ дзæвгарæ рабуцæу æнцæ. Болкъон байагурдта батарейи командæгæнæги, фал, куд рабæрæг æй, уотемæй е акъоппи фæммард æй. Никки ма си мæрдтæ æма цæфтæ разиндтæй фондз æма дууинсæй адæймаги. Дзармадзани кæстæр командири æфсæддонтæй фæммард æй айдагъдæр еу. Куд уинетæ, уотемæй еунæг 76-миллиметрон дзармадзан æзнаги æвддæс танкей атакæ  бауорæдта! Рагъуди кæнайтæ, е кæбæлти лæгдзийнадæ ’й…

Мæ зæрдæбæл ма лæууй никки еу хабар. Фестæг æфсæддонтæмæ гилдзитæ нæбал адтæй. Мах дæсемæй байевдалдан, æма гъæунгти æма дзæхæрадæнтти æмбурд кæнун байдæдтан гилдзитæ æма сæ хастан къохихæсгæ пулеметæй æхсæгмæ. Е бæласæмæ исхизтæй, æхе байаууон кодта æма уордигæй «нимадта» фашистти. Уой фæрци хутор байсунбæл æзнæгти тохун багъудæй дууæ бони.

Этот сайт использует cookie для хранения данных. Продолжая использовать сайт, вы даете согласие на работу с этими файлами.

Политика в отношении обработки персональных данных