«ФÆЛТÆРИ ГЪÆЛÆС: МУГГАГИ АНЗФИНСТÆЙ – ФИДИБÆСТИ ИСОНИБОНМÆ!..»

ТЕМУРТИ Агубей фурт Мæхæмæт æ бийнонти хæццæ.
Уотæ исхудтонцæ, Иристони райони территориалон æвзарæн къамис æма Ирæфи райони централон киунугæдонæ еумæйагæй æрæги ци форум исаразтонцæ, уой. Архайдтонцæ си территориалон æвзарæн къамиси, райони æвзарæн участокти къамисти иуонгтæ, уæдта сæ цæуæт æма уони цæуæт. Адтæнцæ ма си дзиллон хабархæссæг фæрæзнити, райони æхсæнади æма дзиллон гъуддæгути разæнгардæй архайæг фæсевæдон еугæндти минæвæрттæ.
Сæйрагдæр архайгутæ ба си иссæнцæ дууæ муггагей æртæ фæлтæри: Темурти Агубей фурт Мæхæмæт æма Айдарти Мухтари фурт Рамазани бийнонтæ. Мадзал рауадæй дессаги зæрдæмæдзæугæ, æхцæуæн æма æргом дзубандий хузи. Хестæр фæлтæри минæвæрттæ ракодтонцæ сæ царди хабæрттæ, æримистонцæ раздæр, советон доги дзиллæ куд рæстуодæй æма æновудæй архайиуонцæ æвзурстити, куд цийнаг исуиуонцæ адæмæн, раст цума комкоммæ сæхе бийнонти, сæ муггаги бæрæгбон уидæ, уотæ цитгинæй сæ рарветиуонцæ. Еци еугур хабæрттæмæ гæсгæ ба сæ радзубандити сæйрагдæр медес е адтæй, æмæ нури æвзурстити рæстæг дæр æнæмæнгæ бæрнондзийнадæ равдесун ке гъæуй, е. Хестæрти гъудимæ гæсгæ, фæсевæди гъуди дæр адтæй: æвзурстити архайун æй æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг гъуддаг, уомæн æма е ни алкæмæн дæр æй æ граждайнаг зундирахасти бæрзонддзийнади æвдесæн.
Мадзал уæлдай зæрдæхцæуæндæр рауадæй, æ нисанеуæги фæдбæл сувæллæнттæ цæмæдесаг нивæцæнтæ ке бацæттæ кодтонцæ æма си хестæрти зæрдитæ ке барохс кодтонцæ, уомæй. Сабийтæ радзурдтонцæ сæ гъудитæ бийнонти, Райгурæн бæсти, æвзурстити рæстæг гъæлæс кæнуни барæй æнхæстæй испайда кæнун куд ахсгиаг æма бæрнон æй, уой туххæй. Экранбæл равдисти фæрци форуми архайгутæн радзурдтонцæ хестæртæ, æвзарæн къабази ветерантæ, æрдзурдтонцæ æвзурстити истори, куд цудæнцæ æвзарæн кампанитæ алли рæстæгути, æма куд æййевгæ цудæй нæ бæсти æвзарæн системæ.

АЙДАРТИ Мухтари фурт Рамазан æ бийнонти хæццæ.
Мадзали ахедгæдæр гъуддаг ба иссæй, «Царди бæласæ», зæгъгæ, зæрдæбæлдарæн арæзт си ке ‘рцудæй, е. Алли архайæг дæр си ниффинста æ ном, ниууагъта æ муггаги анзфинсти хай. Е иссæй фæлтæрти ‘хсæн бастдзийнади, нæ рæстмæ æгъдæутти æма фæткити æнæфæккеугæ алæмæтдзийнади æма нæ исонибонмæ еумæйаг бæлдити ирд æвдесæндар.
Еу загъдæй, мадзал рацудæй фæлмæн, хæлардзийнади уагæбæл, æма ма никкидæр бæлвурддæрæй равдиста, бийнонти царди уагæвæрдтæн кадæ кæнун, фæлтæрти ‘хсæн федар æма æновуд æмбæстагдзийнадæ Уæрæсей исонибонæн æндон бундор ке ‘нцæ, уой. Арфæ кæнæн мадзал исаразгутæн дæр, æ еугур архайгутæн дæр, сæ кæдзосзæрдæдзийнади туххæй зæрдиагæй ке архайунцæ, цæмæй фæлтæрти ‘хсæн федар рахастдзийнæдтæ уа, уой фæдбæл.
СОСРАНТИ Жаннæ