«ÆВЗАГ МИН ДЗОРУНМÆ ЛÆВÆРД ÆЙ!..»
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло нæ республики Парламентмæ барвиста «Республикæ Цæгат Иристони паддзахадон æвзæгти туххæй» закъони проект.
Куд амунд цæуй, уотемæй закъони проект арæзт æй Уæрæсей Федераций Закъон «Уæрæсей Федераций адæмти æвзæгти туххæй» æма Цæгат Иристони Конституций уагæвæрдти бундорбæл. Æма си федаргонд цæунцæ барадон бундортæ уомæн, æма паддзахадон æвзæгтæй æнхæстæй пайдагонд куд цæуа дзиллон рахастдзийнæдти, уотæ – паддзахадон хецаудзийнади æма бунæттон хеунаффæйади оргæнти архайди, ахуради, науки, культури æма æндæр къабæзти.
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Парламентæн бафæдзахста, цæмæй аци закъони проектбæл арæзт æрцæуа æхсæнадон æркаст, цæмæй æ хæццæ базонгæ уонцæ, куд гæнæн æма амал ес, уотæ фулдæр дзиллæ, равгæ син уа сæ гъудитæ æма зæгъуйнæгтæ зæгъунæн – е ахсгиаг æй уомæй, æма куд фулдæр адæм байархайуонцæ æркасти, уотæ ахсгиаг документ æнхæстдæр æма цардгъондæр уодзæнæй… Цæмæй аци закъони проекти хæццæ базонгæ уни, уой туххæй дзубандий архайуни æма сæ гъудитæ зæгъунæн равгæ уа нæ газеткæсгутæн дæр, уомæ гæсгæ ба ‘й абони мухур кæнæн нæ газети 2-3 фæрстæбæл. Текст исистан нæ республики Парламенти официалон сайтæй.
…Нæ номдзуд поэт Гурджибети Блашка æ уадзимистæй еуеми уотæ финста: «Æвзаг мин дзорунмæ лæвæрд æй…» Æ еци загъд ин, махмæ гæсгæ, уотæ лæдæрун гъæуй, æма нин нæ мадтæлон æвзаг нæ Исфæлдесæгæй лæвæрд æй, цæмæй нин цитгин уа æма ибæл зæрдиагæй дзорæн, гъæуай æй кæнæн, архайæн, цæмæй нæ ирæзгæ фæлтæртæ дæр ибæл æхцул уонцæ. Уомæ гæсгæ ба æнгъæл ан, æма мæнæ ци закъони проекти туххæй цæуй кой, уой туххæй дзубандий дæр æнæзийнадæй байархайдзинан.