26 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

12.03.2021 | 19:47

Еу-дæс анзи кæбæл цудайдæ, уæхæн биццеу бæгънæгæй лæудтæй гъæунги… Фур уазалæй гæрц-гæрц кодта, уотемæй кастæй, тукани къæразгæй æндæмæ ка зиндтæй, уæхæн къахидарæсмæ. Уæд дин еу силгоймаг æ рази ку æрлæууидæ æма ‘й ку бафæрсидæ:

– Мæнæ дзæбæх биццеу, уанæбæрæг ци дессаг фæууидтай тукани, уотæ цæмæдесæй цæмæ кæсис?

– Хуцауæй корун, цæмæй мин уæртæ уæхæн къахидарæс радта, – загъта биццеу.

Силгоймаг ин æ къохбæл ниххуæстæй æма еумæ бацудæнцæ туканмæ. Уосæ биццеуи медæггаг хатæнмæ бакодта, æ къæхтæ ин нихснадта æма ин сæ къæхтæсæрфæнæй ниссæрфта. Уæдмæ уæйæгæнæг цъиндатæ рахаста. Уосæ сабийи къæхтæбæл цъиндатæ искодта, никки ба ма ин æ аккаг къахидарæс дæр балхæдта. Цъиндатæй ма ци фондз фæлусти байзадæй, уони ба ниввардта дзæкъоли æма ‘й сувæллонмæ равардта. Æ сæр ин æ армæй фæлмæн æрсæрфтитæ кодта æма загъта:

– Нур дæ къæхтæ гъæуама мабал суйуонцæ…

Уой фæсте биццеуæн хуæрзбон загъта æма рацудæй туканæй. Биццеу æй раййафта, æ къохмæ ин арæхстгай бавналдта, æ цæстисугтæ æргæр-гæр кодтонцæ, уотемæй æй рафарста:

– Ду Хуцауи уосæ дæ?..

Нæ зонун, еци силгоймаг æхцатæй цæйбæрцæбæл бонгин адтæй, фал ни федарæй ба æруагæс кæнуй, е цæйдæрбæрцæбæл агъазиау гъæздуг разиндтæй уодигъæдæй: куд зæрдтагонæй барæвдудта мæгур сувæллони, кæци ‘й хумæтæги не ‘схудта Хуцауи уосæ. Нури доги, сæхецæй Хуцæуттæ ка аразуй, уони уоститæй еске уæхæн гъуддаг исараздзæнæй?.. Кунæг!.. Дзиллæн хабархæссæг фæрæзнитæ се ‘дзаг æнцæ, уæззау незæй сæйгæ сувæллон фæййервæзун кæнунæн фæккæсетæ æхцайæй, зæгъгæ, курдиæдтæ. Некæд ма фегъустан, æма нæмæ гъæздугæй-гъæздугдæр ци силгоймæгтæ ес, етæ кæмæндæр фæййагъаз кодтонцæ… Агъаз кæнунцæ хумæтæг адæм…

Лилиан КАРТЕР, Америки Еугонд Штатти президент Джимми Картери мадæ уотæ загъта: «Айдагъдæр зæрæндтæн агъаз кæнуни фарс дæн, уомæн æма мæхуæдæг дæр ескæд базæронд уодзæнæн…»

Аци силгоймаги загъд хъæбæр æставд дамугъатæй ниффинсун гъæуй Федераций Совети æма Паддзахадон Думи тæккæ уиндгундæр рауæни, кæдимайди ба сенатортæ æма депутаттæ балæдæриуонцæ нæ хъиамæтгун хестæрти тухстдзийнæдтæ æма син исаразиуонцæ аккаг цардиуаги уавæртæ. Уогæ секкаг æй, еци загъд сæмæ багъардзæнæй – айдагъ сæхе зæруай нæ, фал сæ цæуæти цалдæр фæлтæрей фагæ дæр æрримæхсæнтæ кодтонцæ мулкитæй…

 

Мэрион ПИРСОН, канадæйаг æхсæни косæг: «Æ гъуддæгутæ хуарз кæмæн цæунцæ, алли уæхæн нæлгоймаги фæсте дæр дессаги силгоймаг лæууй…»

Æма, æцæгæйдæр, уотид хузæнон цъиндатæ балхæнун æ бон кæмæн нæ уидæ, еци силгоймагæн æ лæг «æхцагин» бунат ку райахæссуй, уæд æ уосæ уайтæккæдæр æрбабонгин уй: фæззиннуй ин миллионгай æфтуйæгтæ, галауантæ, мулкитæ фæсарæнти… Уæртæ Мæскуй раздæри мэр Юрий Лужковæн æ уосæ æнай-æнойти Уæрæсей тæккæ гъæздугдæр силгоймаг ку фестадæй, уæд уотæ загъта, гъома, мæн агъазæй си неци ес. Æруагæс уи кæнуй?.. Махæй нæ…

 

Людмилæ НАРУСОВА, сенатор, – еугæйттæй пикетти туххæй: «Уой ку фæууинун, æма тæккæ Федераций Совети къæпхæнтæбæл цидæр æнæхæдзаронти хузæн адæймæгутæ сæ æнæлæдæрд домæнти хæццæ ку фæллæуунцæ – хъæбæр мæстаг фæууй…»

Еуемæй, сенатор Нарусовай хузæн дарæстæ нæ даруй, етæ еугæйттæй пикетти некæд æрлæудзæнæнцæ, уомæн æма етæ «дзенетон» цардæй цæрунцæ. Иннемæй, сенаторæн æхе кизгæ Ксения Собчак ахъелæн æмбурдти ке фæййархайуй, гириззаг дарæсти ке фæззиннуй къæсибадæг мадзæлтти, уомæ гæсгæ ба уомæн, æвæдзи, лæугæ ‘й æррадони дзатмабæл… Еузагъдæй, мæгур æнæхæдзаронтæбæл илгъ кæнуни бæсти бал æхемæ дæр æма æ кизги миутæмæ дæр æркæсæд.