27 декабря 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ…

17.03.2021 | 10:01

Еу индийаг лӕгмӕ адтӕй пил. Хуӕруйнаг  ин фагӕ нӕ лӕвардта, косунӕй ба ибӕл ауӕрдгӕ нӕ кодта.

Уотемӕй пил берӕ фӕббухстӕй, фал еухатт ба уӕддӕр исмӕстгун ӕй ӕма ӕ хецаубӕл ӕ къахӕй ӕрлӕудтӕй. Лӕг рамардӕй. Уӕд ӕ уосӕ никкудтӕй, ӕ сувӕллӕнтти ӕрбамбурд кодта, пили размӕ сӕ бакодта, ӕ къӕхти бунмӕ ин сӕ бахудта ӕма загъта:

– Пил!.. Сӕ фиди син рамардтай, рамарӕ син сӕхе дӕр!..

Пил сувӕллӕнттӕмӕ ӕркастӕй, сӕ хестӕри даргъ фиййӕй гъавгӕй исиста ӕма ‘й ӕ бӕрзӕйбӕл исӕвардта…

Уӕдӕй фӕстӕмӕ пил райдӕдта еци биццеумӕ игъосун ӕма уомӕн косун…

***

Пил фиртон кӕд ӕй, уӕддӕр дессаги цӕсгонгин разиндтӕй. Балӕдӕрдтӕй, ци фидбилиз исаразта, уой фудӕй мӕгур сувӕллӕнттӕ хъӕбӕр ӕгудзӕг уавӕри бахаудтӕнцӕ. Ӕ ракӕндӕбӕл ӕрфӕсмон кодта, ӕма седзӕртӕбӕл ауодуни ихӕс ӕхемӕ райста… Еци пилӕй игъаугидӕр уӕхӕн лӕдӕргӕ куд нӕ разиннунцӕ нуриккон дукъахуг «фиртӕнттӕ», кӕцитӕ еугурадӕмон мулкитӕбӕл ӕдзӕсгонӕй фӕххӕлӕф кӕнгӕй, исбонгинтӕ ‘нцӕ, хумӕтӕг фӕллойнӕгӕнӕг адӕм ба дзиллонӕй бустӕги исмӕгур ӕнцӕ. Уогӕ си цитӕ агорӕн!.. Адӕм уонӕмӕ уотид нимади дӕр нӕ ‘нцӕ.

Фарӕ нӕ бӕстӕ пандемий нихмӕ ку тох кодта, уӕд Forbes(дуйней тӕккӕ гъӕздугдӕр адӕймӕгути нимайӕн) уӕрӕсейӕгти номхигъдмӕ бафтудӕй авд адӕймаги, уой хӕццӕ ба нӕмӕ фӕффулдӕр ӕй мӕгурти нимӕдзӕ: кӕд ӕма нӕмӕ уӕхӕнттӕ официалон нимадмӕ гӕсгӕ 21 миллиони ес, уӕд хуӕдбарӕ экспертти гъудимӕ гӕсгӕ ба, ӕвӕдзи, уодзӕнӕнцӕ 35-41 миллиони. Уой ма зӕгъуйнаг ан,  ӕма аци адӕм хе фӕддаруни равгитӕй мӕгурдзийнадӕ ӕййафунцӕ, ӕма е, Хуцау зӕгъӕд, рӕстӕгмӕ ‘й. Фал ӕ адӕмӕй илгъгӕнӕг цъолбертӕ ба уодӕй мӕгур ӕнцӕ, ӕма е ба, исдзӕбӕхгӕнӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн нез ӕй…

Аннӕ София СВЕЧИНА, уруссаг-французаг финсӕг: «Адӕймаг гъӕздуг ӕй, ци раттуй, уомӕй; мӕгур ба ‘й, ци нӕ раттуй, уомӕй…»

Нӕ нуриккон бонгинтӕй киунугутӕ неке кӕсуй – уомӕ сӕ нӕ евдӕлуй. Уӕдта ку кӕсонцӕ ӕма аци силгоймаги загъд син зонгӕ ку уа, уӕддӕр сӕ фур мулкдзӕстӕй, цума, ести раттунгъон исуодзӕнӕнцӕ, е хъӕбӕр зинтӕй ӕруагӕс кӕнуй. Уонӕн сӕ тухст, сӕ сагъӕстӕ ‘нцӕ айдагъдӕр сӕхе рӕбунтӕ мулкитӕй тумугътӕ кӕнунбӕл.

 

Анатолий КАРПОВ, Паддзахадон Думи депутат: «Коррупций ӕма давагӕ чиновникти гъуддӕгутӕ ку февзарунцӕ, уӕд си ӕнахур дессӕгтӕ разиннуй: фудгинтӕ сӕ фудракӕндти туххӕй ӕфхуӕрд нӕ баййафунцӕ…»

Уӕрӕсей Генпрокуратури бӕрнон косӕг Виктор БАЛДИН ӕрӕги журналисттӕн куд фегъосун кодта, уотемӕй, фарӕ коррупцион фудракӕндтӕй фудгингонд ка ‘рцудӕй, еци 9 мин адӕймагей туххӕй хаст ӕрцудӕй 8 мин тӕрхонемӕй фулдӕр. Нур ба еума нимӕдзӕ: тӕрхонгонд кӕмӕн ӕрцудӕй, уонӕй ӕцӕгӕй ахӕстдони исбадтӕй дӕлӕмӕдӕр-уӕлӕмӕдӕр 18%, ӕмгъудӕй тӕрхонӕй сӕ гъуддаг фӕййевгъудӕй 35%, уотид иварӕй ба – 40%. Гъе дин коррупций нихмӕ тохи «фӕстеугутӕ»…

Александр ПРОХАНОВ, финсӕг, – ӕртӕ партий («Рӕстаг Уӕрӕсе», «Уӕрӕсей патриоттӕ» ӕма «Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау» ке байеу ӕнцӕ, уой туххӕй: «Миронови (фиццаг партий раздзӕуӕг) фатери ку ‘рцӕронцӕ, уӕд нӕ зонун кӕмӕн си ци радех кӕндзӕнӕй: иуазӕгуат, устуруат, косӕнуат…»

Ка си кӕми ӕрбунат кӕндзӕнӕй, е уоййасӕбӕл дессаг нӕй. Дессаг е ӕй, ӕма, ӕртӕ кӕлхуард фӕткъуй цийфӕнди ку фӕррайеу-байеу кӕнай, уӕддӕр си бӕзгӕ фӕткъу нӕбал рауайдзӕнӕй.