27 декабря 2024

АХУРАДИ НӔУӔГ МАДЗӔЛТТӔЙ ӔНХӔСТӔЙ ПАЙДАГОНД ЦӔУДЗӔНӔЙ

17.03.2021 | 16:30

Нӕуӕг ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй нӕ республики ахуради системи. Аци анз Иристони сувӕллӕнтти рӕвдауӕндӕнттӕ ӕма астӕуккаг скъолати райдайдзӕнӕй полилингвалон ахурадӕ. Уой фӕдбӕл журналисттӕн фегъосун кодта Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ахурадӕ ӕма науки министради национ ахуради хайади ӕвзаги политики сӕргълӕууӕг Нӕкусати Иринӕ.

Куд радзурдта, уотемӕй аци гъуддагбӕл рагацау бакустонцӕ лӕмбунӕг ӕма ӕй ахедгӕ мадзал нӕ республики маддӕлон ӕвзаг багъӕуай кӕнуни кусти.

Иристони алли рауӕнти нури уӕнгӕ байгон кодтонцӕ полилингвалон ахуради 20 къласи скъолати ӕма 90 къуари рӕвдауӕндӕнтти.

– Аци нӕуӕгдзийнадӕ хъӕбӕр берӕ ниййергути зӕрдӕмӕ фӕццудӕй. Ци ӕй полилингвалон ахурадӕ? Райдайӕн скъолай 1-аг къласи ахури 75 проценти цӕуй маддӕлон ӕвзагбӕл, 25 проценти ба уруссаг ӕма иннӕ фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕбӕл. Дуккаг къласи еци проценттӕ еухузонмӕ ӕййивд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ, гъома, маддӕлон ӕвзагбӕл – 50 проценти, иннӕ ӕвзӕгти ахурадӕ дӕр 50 проценти. Цуппӕрӕймаг ӕма фӕндзӕймаг кълӕсти ба ахурадӕ цӕудзӕнӕй, полилингвалони размӕ куд цудӕй, уотӕ. Нури уӕнгӕ бӕлвурдгонд ӕрцудӕнцӕ, нӕуӕг полилингвалон ахурадӕ кӕми цӕудзӕнӕй, еци скъолатӕ ӕма рӕвдауӕндӕнттӕ. Аци программи нисантӕ урух ӕнцӕ. Араздзӕнӕнцӕ фембӕлдтитӕ ахурадон киунугути авторти хӕццӕ, ӕвзурст ӕрцудӕнцӕ ахургӕнгутӕ дӕр. Ахургӕнгутӕ ма сӕ зонундзийнӕдтӕ дӕр бӕрзонддӕр кӕнунбӕл архайдзӕнӕнцӕ. Ӕнӕмӕнгӕ, ӕмбӕлдзинан ниййергути хӕццӕ ӕма син лӕмбунӕг дзордзинан, ци ӕй полилингвалон ахурадӕ, ци дӕттуй, цӕхуӕн ахедундзийнадӕ ин ес, уони. Алли анз дӕр полилингвалон ахуради архайгути нимӕдзӕ кӕндзӕнӕй фулдӕр, косдзинан, цӕмӕй ӕ гӕнӕнтӕ ӕма фадуӕттӕ дӕр урухдӕр кӕнонцӕ, – загъта Нӕкусати Иринӕ.

Полилингвалон ахуради фарстатӕ агъаз ӕнцӕ ӕвзаги ирӕзтӕн ӕма еци ахуради фӕрци маддӕлон ӕвзӕгтӕ багъӕуай кӕнунӕн ӕма сӕбӕл кӕстӕр фӕлтӕр дзоронцӕ – уомӕн арӕзт цӕунцӕ.

Нӕкусати Иринӕ ма радзурдта ахургӕнгути конкурсти ӕма уӕлахезти туххӕй дӕр. Куд загъта, уотемӕй 17 феврали нӕ республики адтӕнцӕ ахургӕнгути дӕсниади еугуруӕрӕсеуон конкурстӕ: «Афӕдзы ахуыргӕнӕг», «Афӕдзы хъомылгӕнӕг» ӕма «Педагогон дебют». Архайдтонцӕ си нӕ республики 100 ахургӕнӕги. Евгъуд ӕнзти хӕццӕ рабаргӕй, аци нимӕдзӕ берӕ фулдӕр адтӕй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕмӕ интеллектуалон ӕгъдауӕй гъӕздуг зонундзийнӕдтӕй хайгин ахургӕнгутӕ берӕ ке ес. Ӕнцон ихӕслӕвӕрдтӕ син нӕ адтӕй еристи, фал, фиццаг тури дӕр исбӕрӕг ӕнцӕ уӕлахездзаути ‘хсӕн иристойнаг ахургӕнгутӕ ӕма идарддӕр ахайдтонцӕ дуккаг тури. Мартъий кӕрони уодзӕнӕй еугуруӕрӕсеуон конкурси кӕронбӕттӕн мадзал ӕма уоми нӕ министрадӕ уӕлахездзаути исхуарзӕнхгин кӕндзӕнӕй Кади гӕгъӕдитӕ ӕма сӕйраг призтӕй, – дзурдта идарддӕр Нӕкусати Иринӕ.