26 декабря 2024

ГӔРӔНТӔ – НАРКОТИКТИ ӔНӔЗАКЪОН ЗЕЛДОХӔН

24.03.2021 | 14:38

Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслав си сӕрдареуӕг кодта, уотемӕй адтӕй наркотикти ӕнӕзакъон зелдохи нихмӕ Республикон къамиси радон ӕмбурд.

Фембӕлди райдайӕни Битарти Вячеслав куд фӕннисан кодта, уотемӕй наркотикти ӕнӕзакъон зелдохи фарстатӕ ахсгиаг ӕнцӕ, куд дуйнеуон ӕмвӕзадӕбӕл, уотӕ Уӕрӕсей Федераций, уӕдта Цӕгат Иристони дӕр.

Наркотикти ӕнӕзакъон зелдохӕн фадуӕттӕ ка аразуй, еци фудгӕнӕг къуӕрттӕн паддзахади ‘рдигӕй гъӕуама уа аккаг нихкъуӕрд.

– Зундгонд куд ӕй, уотемӕй Уӕрӕсей Президенти Указӕй федаргонд ӕрцудӕй 2030 анзи уӕнгӕ Уӕрӕсей Федераций наркотикти ӕнӕзакъон зелдохи нихмӕ архайди паддзахадон стратеги. Фарстамӕ бардареуӕг еугур ведомствитӕ дӕр сӕ архайд гъӕуама еци документти аккаг райаразонцӕ, ахедгӕдӕр мадзӕлттӕ аразонцӕ наркотикти ӕнӕзакъон зелдохӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕруни гъуддаги. Федералон ӕма республикон ведомствитӕй уӕлдай, стратегий уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнуни гъуддаги бӕрнон ихӕстӕ ӕвӕрд цӕуй муниципалитетти сӕргълӕугутӕбӕл дӕр, – загъта Битарти Вячеслав.

Уой фӕсте ӕмбурди архайгутӕ байгъустонцӕ профилон ведомствити дзуаппон радзубандитӕмӕ, фӕббӕрӕг кодтонцӕ аци анзи архайди сӕйрагдӕр фӕндӕгтӕ. Сӕрмагонд ӕргом ӕздӕхт ӕрцудӕй, ӕнагъонтӕ ӕма фӕсевӕди ‘хсӕн наркотиктӕ парахат кӕнуни нихмӕ ци профилактикон мадзӕлттӕ арӕзт цӕуй, уомӕ.

Дзубандий архайдтонцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Парламенти Сӕрдар Алексей Мачнев, Цӕгат Иристони сӕйраг федералон инспектор Челӕхсати Владимир, республики Сӕйраг тӕрхондони Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Гусати Сергей, наркотикти нихмӕ архайди Къамиси аппарати разамонӕг Луизӕ Лебедева, республикон министрадтӕ ӕма ведомствити разамонгутӕ, уӕдта тухи структуритӕ ӕма муниципалитетти минӕвӕрттӕ.

 

Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ӕма Хецауади пресс-службӕ