29 апреля 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ…

24.03.2021 | 14:50

Уосӕпаддзах Шримала дин, ӕ галауани ци курухон лӕг цардӕй, уой ку бафӕрсидӕ:

– Рӕсугъд силгоймӕгтӕ фулдӕр хатт ӕнамонд фӕуунцӕ. Цӕмӕн уотӕ ‘й?

Лӕг ин дзуапп равардта:

– Ӕндаг бакастӕй рӕсугъд фӕуунцӕ ӕма фулдӕр сӕ федауцӕбӕл фӕгъгъуди кӕнунцӕ. Уӕхӕн силгоймагӕн ӕ зӕрдӕ зудӕ ӕма кӕрӕф ӕй. Ӕма цума ӕ федауцӕ базайраг ӕй, уой хузӕн ӕй устурдӕр аргъбӕл рауӕйӕ кӕнунмӕ фӕттундзуй. Ӕма ӕ уоди нӕбал байзайуй бунат ескӕмӕн хуарзи бацӕуни менеуӕгӕн. Амонд ба деденӕгӕй уӕлдай нӕй – гӕвзукк мӕри нӕ зайуй…

– Гъӕздугутӕ ба уодӕй уотӕ цӕнкул цӕмӕн фӕуунцӕ?

– Цӕнкул, сахъат адӕймаг фӕразондӕр ӕй, уӕдта тундзуй, цӕруни монцӕй ефтонгдӕр ӕй ӕма ин, гъай-гъай, фулдӕр ӕнтӕсуй – гъӕздуг дӕр уой фӕрци исуй. Фал бонгинтӕй алкӕмӕн нӕ бантӕсуй ӕ берӕ мулкӕй раст пайда кӕнун. Гъо, фал, паддзах, ду мӕ уонӕй цӕмӕн фӕрсис? – рафарста курухон лӕг. – Гъуди кӕнӕ Хуцаубӕл, ескӕмӕн хуарзи бацӕунбӕл, хӕларзӕрдӕ унбӕл, уӕд амондӕй дӕр хайгин уодзӕнӕ ӕма мулкӕй дӕр…

Курухон лӕги аци фӕдзӕхст кӕмӕн балӕдӕруйнаг ӕй, уонӕн сӕ фулдӕрӕй-фулдӕремӕ гъаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕнӕй. Уомӕн ӕма зундгонд сатирик Михаил Задорнови загъдмӕ гӕсгӕ: «Мах нӕ зӕрдӕбӕл гъӕуама дарӕн еу рагон зундгин гъуди: цийфӕнди сагъӕссаг фарста дӕр ӕй ӕнтӕстдзийнадӕмӕ нади райдайӕн, ӕ нисанеуӕг ин раст ку лӕдӕрай, уӕд. Махӕн ба абони нӕ сагъӕссагдӕр фарста ӕй, хуӕрунӕй, давунӕй, мӕнгӕттӕ дзорунӕй нин бафсес ке нӕбал ес, ейӕ. Кӕрӕдзебӕл гадзирахаттӕй цӕуӕн, кӕрӕдзей сайӕн. Хуӕруйнаггӕнӕг давуй катлет, депутат ба – ӕфсӕнвӕндаг…»

Маргарет ДЮРАС, французаг финсӕг: «Еугуремӕй хъӕбӕрдӕр сайдтон, еугуремӕй хъӕбӕрдӕр ке уарзтон, еци нӕлгоймӕгти…»

Аци силгоймаги загъдмӕ гӕсгӕ, уотӕ зӕгъун дӕр ӕнгъезуй, цума уӕрӕсейаг хецаудзийнади бӕрзонд рауӕнти бадгутӕ, нӕ абониккон цардиуаги содзаггагдӕр фарстатӕ кӕмӕй аразгӕ ‘нцӕ, еци министртӕ, депутаттӕ ӕма ӕндӕртӕ сӕ адӕми уойбӕрцӕбӕл уарзунцӕ, ӕма ‘й еудадзуг расайӕ-басайӕ кӕнунцӕ, ӕнхӕст кӕнунмӕ ӕгириддӕр ке нӕ гъавунцӕ, уӕхӕн зӕрдӕвӕрдтитӕй… Ӕцӕг, сӕхе ба нӕ сайунцӕ – сӕхецӕн сӕ ци бафӕндуй, уой уайтӕкки ранхӕст кӕнунцӕ.

 

Анастасия Волочкова, балеринӕ: «Етӕ метрой ӕрӕмбурд унцӕ, киной ӕрӕмбурд унцӕ, кафей дӕр. Фал мӕн лӕвар концертмӕ ба сӕ ӕгириддӕр нӕ фӕндуй ӕрбацӕун. Дзиллӕ, уӕхе ӕрлӕдӕретӕ! Цӕсгон уӕбӕл ес?..»

Мӕнӕ «хуарз уосӕ»! Фиццагидӕр бал дӕхуӕдӕг дӕхе ку ӕрлӕдӕрисӕ. Адӕм ди зӕрдцъӕх ку фӕцӕнцӕ дӕ къӕсибадӕг миутӕй – телеуинунади ӕма социалон хизӕгти фӕззиннис уӕд дӕ гириззаг хӕбӕццитӕй, уӕд ӕрдӕгбӕгънӕгӕй, кӕми ба майдард бӕгънӕгӕй… Дессагӕн, уӕд ма син дӕ концертти ба уадессагӕй ци равдесуйнаг дӕ?..

Ӕ царди хабӕрттӕ райаразунӕн ин кӕддӕр ка фӕййагъаз кодта, етӕ ‘нцӕ ӕхсӕз: ахурдзау – ӕ ахургӕнӕги, уосгин фурт – ӕ мади, ӕ уарзондзийнадӕбӕл ка исустурзӕрдӕ ‘й, еци лӕг – ӕ уоси, ӕ нисан ӕ къохи кӕмӕн фӕцӕй – ӕ агъазгӕнӕги, таргъӕдӕй райервӕзӕг – ӕ надамонӕги, ка исдзӕбӕх ӕй, еци сӕйгӕ – ӕ дохтири…

Аци рагониндийаг ӕмбесондмӕ ма бафтаун ӕнгъезуй нӕ абониккон цардиуагӕй: нури уӕрӕсейаг бонгинтӕ феронх ӕнцӕ, уоййасӕбӕл агъазиау ӕнай-ӕнойти ке есбони фӕрци рагъӕздуг ӕнцӕ, еци адӕми. Мадта сӕ ӕверхъаудзийнадӕ адӕмӕн ӕхецӕй ба иронх нӕй, ӕма еци бонгинтӕ, адӕм си ӕ фурмӕстӕй карз дзуапп ку ӕрагора, уомӕй нӕ тӕрсунцӕ?..