03 декабря 2024

Ӕ ТӔМӔССАГ ФӔНДУРДЗАГЪД АБОНИ ДӔР ИЗӔЛУЙ НӔ ЗӔРДИТИ…

24.03.2021 | 15:57

ЗУНДГОНД ФӔНДУРДЗӔГЪДӔГ ЦЪОППОЙТИ ВАЛОДИЙ РАЙГУРДБӔЛ ӔНХӔСТ КӔНУЙ 70 АНЗИ

ГАСАНТИ Валерий, журналист, финсæг

ФӕндурДзагъди аййевадӕн ӕ уедӕгтӕ хъӕбӕр арф ӕнцӕ. Иристони фӕндурдзагъди профессионалон скъола нӕ национ аййевади медбӕсти цӕмӕй бундоронӕй  ӕрфедар адтайдӕ, уомӕн еу ӕма дууӕ анзи нӕ багъудӕй. Ӕ хуӕдхуз искурдиади фӕрци, фӕндурдзагъди профессионалон дӕсниадӕн ӕ хуӕрзгӕнӕгӕй ка баскъуӕлхтӕй, уонӕй еу адтӕй Республикӕ Цӕгат Иристон – Аланий культури ӕскъуӕлхт косӕг, дӕсни музыкант ӕма ахургӕнӕг Цъоппойти Валоди. Ӕ  фӕндури зӕлтӕмӕ ин еу хатт ку байгъосай, уӕд дӕ уоди рӕбунтӕ, зӕрди уедӕгтӕ  ӕнӕ фӕййагайгӕ нӕ фӕууодзӕнӕнцӕ. Дӕ цӕстити размӕ уодӕгас, цӕугӕ мӕсугти хузӕн исисдзӕнӕнцӕ фидтӕлтиккон царди нивтӕ, хуӕнхаг адӕми цардфӕлтӕрд цӕсгӕнттӕ, хуӕнхон зӕллангӕнагӕ сауӕдӕнттӕ ӕма ӕхсӕрдзӕнтӕ.

Цъоппойти Валоди музыкӕ ӕ сабийбонтӕй фӕстӕмӕ бауарзта. Ӕригон биццеуи зӕрдӕргъӕвддзийнадӕ ӕнӕ бафеппайгӕ нӕ фӕцӕнцӕ ӕ ниййергутӕ – мадӕ Дуся ӕма фидӕ Геуӕрги. Кӕд аци ездон ӕма хуӕдӕфсармӕ хестӕртӕ профессионалон аййевадӕмӕ неци барӕ дардтонцӕ, уӕддӕр сӕ зӕрдитӕ рохс адтӕнцӕ, Валоди культурӕн лӕггадӕ кӕнуни фӕндагбӕл ке ӕрлӕудтӕй, уомӕй. Ӕма нӕ фӕррӕдудӕнцӕ.

Музыкалон инструменттӕй Валоди фулдӕр бауарзта аккордеон. Ӕлхӕнгӕ ба ин ӕй Мӕскуй бакодта ӕ мади ‘нсувӕр Солтан. Куддӕр аци музыкалон инструмент биццеу рауидта, уотӕ ибӕл базуртӕ базадӕй. Ӕма ‘й ӕ гъӕбесӕй нӕбал иста. Ци уати адтӕй, е байдзаг ӕй музыки зӕлтӕй.  Уонӕмӕ лӕмбунӕг нийгъустонцӕ Валодий хестӕртӕ. Ӕхцӕуӕн син ке адтӕй, уой ба игъустонцӕ сӕ ездон медбилти худтӕй.

Фӕстӕдӕр Валоди ку рагъомбӕл ӕй, уӕд ӕхе медӕгӕ федарӕй искарста: «Ӕз гъӕуама исуон музыкант». Ӕма 1967 анзи бацудӕй Дзӕуӕгигъӕуи музыкалон-педагогон училищемӕ. Ами ин ӕ зонундзийнӕдтӕ ӕргом кодта зундгонд музыкант, рохситауӕг Александр Шахмурадов. Уоми Валодийӕн фулдӕр фадуат фӕцӕй теори ӕма аккордеони аййевадон гӕнӕнтӕ хуӕздӕр ӕма арфдӕр базонунӕн. Ахури фиццаг ӕнзти Александр ӕвеппайди бафепайдта Валодий ӕрдзон искурдиади равналӕнтӕ, ӕ зӕрдӕргъӕвддзийнадӕ. Ӕма имӕ лӕмбунӕгдӕр ӕ цӕстӕ дарун райдӕдта, ахури программӕй уӕлдай ма ӕ хӕццӕ ахур кодта дуйнейи ӕма уруссаг устур композиторти уадзимистӕ. Студент уогӕй, Валоди аккордеонбӕл цагъта композитортӕ Арам Хачатуряни ӕма Римский-Корсакови музыкалон хӕзнатӕ «Танец с саблями» ӕма «Полет шмеля». Уӕдмӕ Валоди архайун райдӕдта ӕхуӕдӕг мелодитӕ гъуди кӕнунбӕл дӕр.

Ӕцӕг искурдиадӕгин адӕймаг ездонӕй, хуӕдӕфсармӕй фӕддаруй ӕхе. Раст уӕхӕн адӕймаг адтӕй Валоди. Училищей ци зонундзийнӕдтӕ райста, етӕ имӕ фагӕ нӕ фӕккастӕнцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ бацудӕй Краснодари культури институтмӕ. Ӕма си ӕнтӕстгинӕй каст фӕцӕй дирижери ӕма зартӕгӕнӕги къуӕртти разамонӕги хайадӕ. Ахури фӕсте Иристонмӕ ку иссудӕй, уӕд никки зӕрдиагдӕрӕй бавналдта исфӕлдистадон кустмӕ. Ӕ аййев цӕгъдтитӕ ахиддӕр райдӕдтонцӕ игъусун радио ӕма телеуинунадӕй. Ахид ӕй аййевадон равдистити архайунмӕ ӕрбахониуонцӕ аци аййевадон артдзӕстити редактортӕ ӕма журналисттӕ. Мӕнӕ мин си куд радзурдта зундгонд режиссер, телеуинунади ветеран Берозти Тамарӕ:

– Валоди адтӕй искурдиадӕй ӕма ездондзийадӕй ӕнхӕст адӕймаг. Аййевади ин адтӕй ӕхе армдзӕф ӕма къохирайст. Некӕци фӕндурдзӕгъдӕги хӕццӕ ‘й фӕххӕлӕмулӕ гӕнӕн ес. Фидтӕлтӕй нӕмӕ ци мелодитӕ байзадӕй, уони дӕр рӕсугъдӕй хаста адӕми рӕнгъӕмӕ. Уонӕй еу ӕй «Туркмӕцӕугути цагъд». Ку имӕ игъосай, уӕд цидӕр ӕнахур мӕтъӕл зӕлти уацари бахауй адӕймаг. Нӕ фидтӕлтӕ сӕ райгурӕн уӕзӕгӕй ӕбӕрӕг надбӕл ке цудӕнцӕ, сӕ сӕрӕн, сӕ идарддӕри хъисмӕтӕн ке неци зудтонцӕ, уой хъӕбӕр раст равдиста Валоди.

Мадта кафунӕн ци цӕгъдтитӕ кодта Цъоппой-фурт, уоми ба ирдӕй равдиста фидтӕлтиккон царди тузмӕг, фал деси ӕфтауӕг нивтӕ. Етӕ цӕститӕ рази рауайунцӕ цохъати, курӕтти, сабур ездон кафт кӕнгӕй. Еци-еу рӕстӕг аййев ӕй сӕ къахрайст ӕма иуӕнгти змӕлд. Сӕ къӕхтӕ ба цума  цагъди алли зӕлмӕ игъосгӕй змӕлунцӕ, уотӕ зиннуй адӕймагмӕ.

Валодий адӕм фулдӕр зудтонцӕ, куд аккордеонӕй цӕгъдӕг, фал нӕхе хроматикон фӕндурбӕл  дӕр ӕ армдзӕф хъӕбӕр хуӕдхузӕй бӕрӕг дардта. Мадта ин ци симди цагъд ӕма вальс байзадӕй, е ба! Иристони адӕмон поэт Чеджемти Ӕхсари хӕццӕ сӕ еумӕйаг исфӕлдистадон ӕмгустдзийнади тиллӕг дӕр бӕркадгин адтӕй. Сӕ зартӕ «Цъӕйдон», «Тӕхынц  сыгъзӕрин азтӕ», «Хъайырты Хъазыбеджы зарӕг» ӕма ӕндӕртӕ ахид игъусунцӕ абони дӕр радио ӕма телеуинунадӕй. Адӕмӕн ӕнцӕ уарзон. Мадта сӕ сӕ репертуармӕ хуӕдахур ӕма профессионалон зартӕгӕнгутӕ ӕма музыканттӕ разӕнгардӕй ке хӕссунцӕ, е дӕр хуарзӕн ӕримисуйнаг куд нӕй. Етӕ ‘нцӕ: Хутугати Маринӕ, Илурти Риммӕ, Секъинати Альбинӕ, Хадихъати Аллӕ, Кокойти Аллӕ, Дзуццати Сослан, Лалити Хъазбег ӕма Габанти Марат.

ЦЪОППОЙТИ Валоди

Цъоппой-фурт устур лӕггадӕ бакодта нӕ культурӕн, куд рохситауӕг ӕма ӕригон музыкантти гъомбӕлгӕнӕг. Е бундор ӕрӕвардта Ногири музыкалон скъолайӕн. Ӕхсӕвӕ – бон не ‘ртасгӕй, архайдта аци гъӕуи нӕуӕг аййевадон артдзӕсти рохс иссодзунбӕл.  Ардӕмӕ ӕрӕмбурд кодта дӕснийӕй – дӕснидӕр ӕма фӕлтӕрдгундӕр ахургӕнгути. Исаразта син исфӕлдистадон, методикон кустӕн еугур гъӕугӕ фадуӕттӕ.

Абони кӕд аци скъолай бундорӕвӕрӕг ӕгас нӕбал ӕй, уӕддӕр ӕй нӕ иронх кӕнунцӕ, уарзонӕй ӕй имисунцӕ аци артдзӕсти ахургӕнгутӕ. Валодий ка нӕ зудта, еци ӕригон фӕлтӕрӕн ба зӕрдиагӕй радзорунцӕ ӕ царди ирд, берӕвӕрсуг искурдиади туххӕй. Сауӕнгӕ ма ӕхуӕдӕг бацӕттӕ кодта ӕма мухури рауагъта ирон фӕндурдзагъди мелодити нотити ӕмбурдгонд. Раздӕр куд загътон, уотемӕй Валодий музыкалон сеси бунӕй ци уадзимистӕ рацудӕй, уони феййевдзигӕнӕн неке хӕццӕ ӕма нецӕй хӕццӕ ес. Ӕнцӕ хуӕдхуз ӕма зӕрдӕмӕ арф ка хезуй, уоди рӕбуйнаг къумтӕ ка рохс кӕнуй, уӕхӕн уадзимистӕ.

Валоди къуар анзей дӕргъи бакуста Хетӕгкати Къостай номбӕл паддзахадон университети адӕмон кафти ӕскъуӕлхт ансамбль «Иристон»-и. Ами дӕр айдагъ ӕ ездон дзурд, фезмӕлд адтӕнцӕ устур зунди  скъола, аци ансамбли алли архайгутӕ дӕр имӕ кастӕнцӕ раст хеуони цӕстӕй.

Зӕгъун ма гъӕуй уой дӕр, ӕма Валоди айдагъ дӕсни музыкант нӕ адтӕй, фал ма адтӕй хуарз бийнонти хестӕр. Ӕ бийнойнаг Лариси хӕццӕ исгъомбӕл кодта ӕртӕ хъӕболи: фурт Марат, кизгуттӕ Маринӕ ӕма Зӕлини. Етӕ дӕр сӕ фиди фарнӕ ӕма кади номӕй  сӕрустур ӕнцӕ. Адӕми ‘хсӕн ӕнцӕ нимади ӕма ӕгъдаудӕттӕг кӕстӕртӕ.

Лӕгӕн ӕ цард ӕнзтӕй баргӕ нӕ фӕууй, фал адӕми ‘хсӕн ци ном ниууадзуй, уомӕй. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий ӕскъуӕлхт архайӕг, искурдиадӕгин фӕндурдзӕгъдӕг Цъоппойти Валоди цалдӕр анзей размӕ фӕцӕй ӕ зӕнхон цард. Фал ӕ хуарз гъуддӕгутӕй, ӕ искурдиадӕ ӕма аййевадӕй ци фӕд ниууагъта, уомӕн фесӕфӕн нӕййес. Ӕ рохс ном арфиаг дзиллити зӕрдити байзадӕй ӕностӕмӕ.