03 декабря 2024

СОЦИАЛОН БАФИСТИТÆ ПАРАХАТДÆР КÆНУНЦÆ

31.03.2021 | 20:55

Куд зонæн, уотемæй аци анз 1 апърелæй еугур Уæрæсей дæр æ хъаури бацудæй, 3-7-анздзуд сувæллæнттæ ци бийнонти ес, уонæн уæлæнхасæн социалон бафистити нæуæг хузтæ æма сæ бафедуни нæуæг уагæвæрдтæ. Циуавæр æнцæ еци хузтæ, æма кæмæн фист цæудзæнæнцæ, уой туххæй бæлвурддæр фегъосун кодта нæ республики фæллойнæ æма социалон ирæзти министри хуæдæййевæг Айдарти Алинæ, республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ ин ци фембæлд адтæй, уоми.

Куд радзурдта, уотемæй нурæй фæстæмæ цубуркъох бийнонтæн агъази еци бæрцæ фæффулдæр кæндзæнæнцæ, фал уодзæнæй аллихузон: сувæллонæн фæццæрунæн тæккæ минкъийдæри регионалон бæрцæн, кæмæн – 50, кæмæн – 70, кæмæн ба – 100 проценти. Е аразгæ уодзæнæй бийнонтæн се ‘фтуйæггæгтæмæ гæсгæ.

– Уомæй уæлдай, нуртæккæ куст цæуй нæуæг уагæвæрдтæбæл. Уонæмæ гæсгæ, агъаз райсуни аккагбæл нимад цæудзæнæнцæ айдагъ уæлдæр амунд бийнонтæ нæ, фал, сувæллон исхæссунмæ ка райста кенæ, 23 анзей уæнгæ студенттæ кæмæн ес (фæсаууонмæ ахур нимад нæ цæудзæнæй), уæдта ма инвалид сувæллæнттæ кæмæ ес, уæхæн бийнонтæн, кенæ ба, æ минкъийæй фæстæмæ 1-аг къуари инвалидбæл нимад ка ‘й, бийнонти ‘хсæн уæхæн ку уа, уæд уонæн дæр, – загъта  министри хуæдæййевæг.

Нæуæг уагæвæрдтæ куд домунцæ, уонæмæ гæсгæ, бийнонтæй æ кари ка ‘й, уонæмæ гъæуама уа ести æфтуйæггаг: адæймаг гъæуама коса æма æ кустæн мизд еса, кенæ, миййаг, исфæлдистадон куст кæд кæнуй, уæд ин гъæуама еса гонорар, кенæ хе амалгъонадон куст кæна, кенæ ин пенси гъæуама уа, кенæ ба стипенди. Ранимад аци æфтуйæггæгтæ адæймаги фæццæруни тæккæ минкъийдæр бæрцæй минкъийдæр ку уонцæ, уотемæй син минкъий сувæллæнттæ ку уа, уæддæр син æнгъезуй уæлæнхасæн социалон агъаз дæттун. Ниййергутæмæ анзи дæргъи кæд неци æфтуйæггаг цудæй, уæд гæнæн ес, æма син аци уæлæнхасæн бафист уодзæнæй. Айдагъдæр уæд каст цæудзæнæй, цæмæннæ кустонцæ æма сæмæ æфтуйæггаг цæй туххæй нæ цудæй, уомæ. Æма аци рауæн нимад цæунцæ, адæймагæн æхецæй аразгæ ка ‘й, е ‘густдзийнади уæхæн анхосæгтæ:

– берæсувæллонгин бийнонтæн ниййергутæй сæ еу еци сувæллæнттæн адтæй гæс;

– еунæгæй сувæллон ке хæссуй, уомæ гæсгæ адæймаг косунгъон нæ адтæй;

–  сувæллонбæл 3 анзи цалинмæ нæ исæнхæст æй, уæдмæ ин æ ниййерæг адтæй гæс;

– адæймаг адтæй студент (æрмæст ибæл 23 анзæй фулдæр гъæуама ма цæуа, уæдта фæсаууонмæ ахур дæр нимади нæ цæуй);

– адæймаг æрæздахтæй æфсадæй, уæдта, ку æрæздахтæй, уобæл æртæ мæйи нæма рацудæй;

– адæймаг æртæ мæйи фулдæр нези нихмæ архайдта æма æхе дзæбæх кодта;

– æгуст ке ‘й, уой туххæй адæймаг æй регистрацигонд кустдæттуни центри;

– адæймаг адтæй ахæст, æма, кæдæй исуæгъдæ ‘й, уæдæй æртæ мæйи нæма рацудæй.

Еугур ранимад анхосæгтæмæ гæсгæ адæймаг æгуст кæд адтæй, уæд бийнонтæн уодзæнæй аци уæлæнхасæн социалон бафист есуни барæ.

Бийнонтæ есбони хецау ку уонцæ, зæгъæн, цалдæр фатери сæмæ ку уа æма уотемæй еу адæймагмæ 24 квадратон метремæй фулдæр ку хауа, кенæ сæмæ цалдæр хуæдтолги, зæнхи хæйттæ æма æндæр ахедгæ есбон ку уа, уæд син уæлæнхасæн бафист не ‘нгъездзæнæй дæттун. Аци рауæн нимад нæ цæудзæнæй, социалон агъази хузи бийнонтæн ци фатер, хуæдтолгæ кенæ æндæр есбон равардтонцæ, уой.

Дзубанди ма цудæй æййивддзийнæдтæбæл дæр.