30 декабря 2024

ГОРЦЪЕМӔ РАЦУДТӔ – УӔД ТОХЕФТОНГӔЙ!..

01.09.2020 | 09:29

БЕКМÆРЗТИ Гаврили фурт Михал…Советон Цæдеси, УСФСР-и, Узбекистани ССР-и æскъуæлхт тренер, ССР Цæдеси спорти æскъуæлхт мастер, ССР Цæдеси Адæмти спартакиади дууæ хатти æма Советон Цæдеси чемпион, Уæрæсей Федераций æхсæз хатти уæлахездзау, дуйней чемпионати æвзестæ призер, ГАНЕФО-й гъæзтити архайæг иристойнаг богæлттæй айдагъ уомæн бафтудæй æ къохти фæууæлахез ун. Уомæй уæлдай – берæ дуйнеуон турнирти уæлахездзау. Идарддæр ма нимайæн?.. Махмæ гæсгæ, ци ранимадтан, етæ дæр фагæ ’нцæ, цæмæй уин бæлвурдæй бæрæг уа, еци хуæрзеугутæй ка фæххайгин æй, еци адæймаг цæйбæрцæбæл искурдиадæгин адтæй æма цæйбæрцæбæл агъазиау æскъуæлхтдзийнадæй фæццитгиндæр кодта Иристони спортивон кадæ. Абони ’й имисгæ ба уомæ гæсгæ кæнæн, æма æрæги, 30 августи Бекмæрзи-фурти райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи (1930-2013).
Бекмæрзти Михал нæ национ спортивон анзфинсти æносонгонд æрцудæй, куд æ рæстæги «æцæг танк», зæгъгæ, ке худтонцæ, тухгæнæг тухæ кæмæн нæ ирдта. Уæгъдебарæ гъæбесæйхуæсти сосæгдзийнæдтæ æ фондз æнгулдзи ху-зæн ка зонуй, берæ зундгонд чемпионти ка исгъомбæл кодта, ирон спорти туруса дæсгай æнзти дæргъи кади хæццæ сæрустурæй ка фæххаста, æ фæсте фæнзуйнаг кæстæртæ æма уони кæстæртæ ка ниууагъта, рæсугъд, парахатзæрдæ ке реуи тæлфтæй уæхæн адæймаг æма номдзуд спортивон архайæгæй…

Æ рæстæги Бекмæрзти Михали туххæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити берæ аллихузон зæрдæмæдзæугæ æрмæгутæ фæззиннидæ. Уони ’хсæнæй абони равзурстан еу – журналист Цомайти Ростислав Бекмæрзти Михали хæццæ фембæлгæй, ци интервью бацæттæ кодта, уой. Е адтæй 2008 анзи августи.
Рагацау æй зæгъæн, уæд сæ дзу-бандий рæстæг Михал ци зæрдæхсайгæ фарстати туххæй загъта æ гъудитæ, уонæй кæцидæрти фæдбæл фæстæдæр гъæугæ мадзæлттæ арæзт æрцудæй, æма нур уавæр уоййасæбæл зæрдæлдзоргæ нæбал æй…
Хъæбæр зин æй уотид зæгъун дæр, фал, гъулæггагæн, абони Михал дæр æмæ Ростислав дæр не ’хсæн нæбал æнцæ… Рохсаг уæнтæ, æма син не ’Сфæлдесæг рохс дзенети уодæнцойнæдæр бунæттæ исаккаг кæнæд…
Мах ба, Бекмæрзти Михали райгурдбæл дæс æма цуппаринсæй анзи ке исæнхæст æй, уомæ гæсгæ ин æ ном æримисун исфæндæ кодтан, уæд се ’хсæн ци рæсугъд дзубандитæ фæккодтонцæ, уонæй.
Михал еудадзугдæр æ цæстингас дардта, æ цард кæмæн иснивонд кодта, спорти еци хузæмæ – уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстмæ. Цийнæ кæнидæ иристойнаг богæлтти уæлахезтæбæл, гъенцъун кæнидæ сæ къулумпидзийнæдти фæдбæл.
Цомайти Ростислави хæццæ ба дзубанди кодтонцæ Пекини ку рахецæн æнцæ XXIX Олимпаг гъæзтитæ, раст гъе уой хуæдфæсте. Æма сæ дзубанди уонæй куд нæ райдæдтайуонцæ!..
– Нæ биццеути бæрæггæнæнтæ дæмæ, Михал, куд фæккастæнцæ?
– Раст ку зæгъон, уæд зæрди фæндæуагæ нæ рауадæнцæ, – загъта, минкъий фæммæтъæл уогæй, Бекмæрзи-фурт. – Ке зæгъун æй гъæуй, уотæ нæ рауадæнцæ сæ гъуддæгутæ, уоми еуцæйбæрцæдæр ес сæхе фудтæ дæр. Хонсар Иристони ци фудбæлæхтæ æрцудæй, ка ’й зонуй, уони фудæй дæр фæкъкъехгомау æнцæ… Фал æз уотæ гъуди кæнун: еугæр горцъемæ рацудтæ, уæд тохефтонгæй гъуди кæнун гъæуй айдагъдæр фæууæлахезунбæл. Дæ нихмæлæууæг дæуæй хъаурæгиндæр ку уа, уæд гъуди кæнæ, кудæй ибæл фæттухгиндæр уай, куд æй фæссайай, уобæл. Гъома, еунæг хъаурæ нæ, фал зундæй дæр гъæуй архайун. Æма уæд дууæ хатти хъаурæгиндæр дæ.
Ракæсай, Фадзайти Арсен, Хæдарцати Махар, Андиати Сослан куд аразтонцæ сæ архайд, уомæ. Етæ берæ æнзти дæргъи сæ уæзти искаст некæмæн лæвардтонцæ. Сæхебæл некæд фенвæрстæнцæ, олимпаг чемпионтæ уогæй дæр. Æма абони фæлтæр гъæуама уони фæнза. Уæд син бантæсдзæнæй устур уæлахезтæ дæр.
Иннæ уæхæн, ресагæ фарста. Нæ биццеутæ æндæр паддзахæдти кадæ ке гъæуай кæнунцæ, е. Гъомбæл сæ мах искодтан, нæ хед сæбæл мах фæккалдтан, хуæрзеугутæ ба æндæр кæмæндæр хæссунцæ.
Еу гъуддаг ма мæмæ бустæги раст нæ кæсуй. Таймазти Артур иссæй Олимпаг гъæзтити дууæ хатти уæлахездзау! Е кæбæлти æнтæстдзийнадæ æй. Фал… Узбекистани еугонд команди рæнгъити. Æма цума нæхе нæй, уотæ имæ дарунцæ сæ гъос уæрæсейаг дзиллон информаций фæрæзнитæ. Е ба æй Бæгъатæр. Иристони Бæгъатæр. Уомæ гæсгæ ин гъæуама уа æгæрон кадæ æма намус. Нурма æригон æй Артур, нифс имæ ес, æ цуппæрæймаг Олимпиадæмæ дæр ке рандæ уодзæнæй æма Иристони дæр Олимпаг гъæзтити æртæ хатти чемпион ке фæззиндзæнæй, уомæй. (РЕДАКЦИЙÆЙ: Михали еци бæлдæ исæнхæст æй – Таймазти Артур æртиккаг хатт иссæй олимпаг чемпион. Зæгъун ма гъæуй уой дæр, æма е ’ртæ сугъзæрийнæ олимпаг майдани хæццæ ма имæ ес æвзестæ майдан – райста æй 2000 анзи Сиднейи Олимпаг гъæзтити). Уомæн æма Иристон рагæй æй еци кади аккаг. Хæдарцати Махари ма уомæ минкъий гъудæй, фал… Фæндгæ нæ берæ цидæртæ бæргæ фæккæнуй, фал уой нæ гæнæнтæ алкæд нæ фæййамонунцæ.

– Михал, спорти надбæл ба куд ниллæудтæ, ка дæ исразæнгард кодта уомæ?
– Цубурдзурдæй, ахур кодтон Дзæу-æгигъæуи шоферти къурсити. Еууæхæни бафтудтæн, Маркуси гъæунги ци спорти-вон зал адтæй, уордæмæ. Фæууидтон, уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй си куд тренировкæ кодтонцæ, уой. Ци æй римæх-сун, мæ зæрдæмæ фæццудæй биццеути архайд. Æма бабæй дуккаг бон дæр уор-дæмæ мæ цуд исаразтон. Æфсæрмитæ-гæнгæй мæхе байстон тренер Суменати Керменмæ æма, æргом бакæсун дæр имæ не ’ндиудтон, уотемæй ин загътон, мæн дæр богал исун ке фæндуй, уой. Сумени-фурт мæмæ лæмбунæг бакæститæ кодта æма мин загъта, цæмæй тренировкитæмæ цæун райдайон.
Гъе уотемæй райдæдта устур спортмæ мæ над. Раст зæгъгæй, фиццаг бæнтти ми голлаги хузæн фæгъгъазиуонцæ, гъæ-бесæй хуæцгæ мин ке хæццæ рауайидæ етæ – мæнæй «ахургонддæр» адтæнцæ еци гъуддаги. Фал еци «голлагæ» тренери домæнтæ зæрдиагæй æнхæст кæнун ку райдæдта, уæд е дæр фæддæснидæр æй… Æма син æнцонтæй нæбал кумдтон æмпурсун.
Еуæй-еуетæмæ уотæ кæсуй, гъома, богал исунмæ берæ нæ гъæуй. Æма уомæй раст æнцæ: богал исунæн, æцæ-гæйдæр, берæ нæ гъæуй, фал æцæг æма дæсни богал цæмæй исуай, уой туххæй ба берæ хедвæллойнæ, берæ хъауритæ исхарз кæнун æма арф зонундзийнæдтæ райсун гъæуй.
Æма æз дæр мæхебæл нæ аурстон, мæ арæхстдзийнæдтæ фæббæрзонддæр кæнунбæл архайдтон æновудæй æма зæрдиагæй. Уæдмæ бафтудæнцæ мæ къохи фиццаг спортивон æнтæститæ дæр. Ме ’муæзонти ’хсæн цалдæр хатти раззагдæр бунæттæмæ рацудтæн республики, Уæрæсей æма нæ бæсти чемпионатти.
Æз хуæстæн æрдæгастæуккаг уæзи. Аци уæзи нæ бæсти еугонд команди æз нимад адтæн тæккæ хъаурæгиндæрбæл. Уомæ гæсгæ мæ бакодтонцæ еугонд командæмæ дæр, æма гъæуама 1960 анзи гъæуай кодтайнæ нæ бæсти кадæ Рими Олимпиади. Еци бæрнон еристæмæ мæхе цæттæ кодтон хъæбæр зæрдиагæй.
Фал еуæй-еу хатт спорти медæгæ дæр фæззиннунцæ галеу, хæран миутæ. Олимпиадæмæ цæугæй мæ хæццæ еци еристæмæ рарвистонцæ ме ’муæзон гурд-зиаг богал Балавадзей дæр. Хуæдтæхæги Риммæ ку тахтан, уæд нæ сæйраг тренер Купцови бафарстон, Балавадзе ба нæ хæццæ цæмæн тæхуй, æз æй уой размæ цалдæр хатти ку рамулдтон, уæдта еугонд командæмæ мæн ку бакодтонцæ, зæгъгæ. Æма мин е равардта уæхæн дзуапп: «Фæндуй æй нæ гъæбесæйху-æстмæ бакæсун. Нæ хæццæ тæхуй куд турист».
Æз баууæндтæн тренери дзурдтæбæл æма фæффедар æй мæ зæрдæ. Фал еристи ка архайдзæнæй, уони номхигъд ку бакастæн, уæд мæ кой не ’скодтонцæ. Ме ’муæзонти ’хсæн уордæмæ бахастонцæ «турист» Балавадзей. Бæргæ ма агурдтон рæстдзийнадæ, фал мæмæ ка игъуста. Мæстæй мæ зæрдæ ниддор æй. Еу рау-æн мæхецæн бунат дæр нæбал ирдтон, мæ цæститæ дони зилдæнцæ, уотемæй мæтъæлæй кастæн еристæмæ. Мæ сæ-рæй ба нæ хецæн кодта еу гъуди: «Æз еци Балавадзей æнцонтæй ку рамулдтон, уæд æй еристæмæ цæмæн рарвистонцæ, цæмæн мæ фæффудевгед кодтонцæ?.. Нæ зонун… Нæ зонун…»
… Æма, мæнæ Балавадзе рацудæй горцъемæ. Цæугæ бæргæ нифсхаст æма рæсугъд ракодта, фал… Олимпиади бай-ахæста… айдагъдæр… еуæндæсæймаг бунат…

– Уой фæсте, миййаг, дæ нифс нæ расастæй, Михал, горцъебæл дæ зæрдæ æййевун нæ байдæдтай?
– Нæ. Е нæ, фал мæхебæл никки зæрдиагдæрæй кустон. Уой фæрци мæ къохи æфтудæнцæ нæуæг æма нæуæг спортивон æнтæститæ. Некæд ми феронх уодзæнæй 1963 анз. Уæд æз ме ’муæзонти ’хсæн индийаг сахар Джакартæйи исдæн ГАНЕФО-й гъæзтити чемпион. Етæ адтæнцæ хъæбæр устур еристæ. Архайдтонцæ си дуйней дууинсæй бæсти командитæ.
Фæстæдæр мæ бафæндадтæй мæ хъауритæ уæззау уæзи дæр бавзарун. Фал мæ уæзæ 73 килограммемæй уæлдæр нæ хизтæй. Гъема цæмæй мæ уæзæ 98 ки-лограммемæ исхъæрдтайдæ, уой туххæй ме ’мбæлттæй еуемæн (къохæй хъæбæр дæсни адтæй) искæнун кодтон, æ уæзæ 25 килограмми кæмæн адтайдæ, уæхæн спортивон ронæ. Уой мæ астæубæл æрбабастон æма уотемæй спортивон уæледарæси мæхе еристи агъоммæ рабарстон. Тренертæй мæмæ беретæ дузæрдуггæнгæ æрбакастæнцæ, гъома, аци цубуртæарæзт æлвæст биццеу уойбæрцæ кæцæй ласуй, зæгъгæ. Æма бабæй син æз дæр гъазгæй загътон: «Ирон биццеутæ стæгæй уæзза-удæр æнцæ…»
Уæззаууæзонти нихмæ хуæцунмæ ку рацудтæн, уæд мæ нихмæлæугутæй берæ минкъийдæр ке зиндтæн, уомæ гæсгæ мæ гъавтонцæ æнцонтæй рампурсун, фал сæ сæ фæндитæ фæссайдтонцæ. Уæззау-уæзонти ’хсæн хуæцгæй, еу хатт исдæн нæ бæсти чемпион гъæууонхæдзарадон институти ’хсæн еристи, иннæ хатт ба райстон дуккаг бунат.
– Тренери кустмæ ку рацудтæ, уæдæй фæстæмæ берæ зундгонд богæлттæ исгъомбæл кодтай. Æнцон æй тренери куст?
– Тренербæл хъæбæр берæ ихæстæ æвæрд ес. Фиццагидæр, е æ гъомбæлгæнуйнæгтæн байгон кæнуй устур над устур спортмæ. Тренерæн нæййес нæдæр рæдуйуни, нæдæр ба æнæраст цæстфæлдахæн миутæ кæнуни барæ.
Е гъæуама æ гъомбæлгæнуйнæгтæн фæнзуйнаг уа алли гъуддаги дæр. Уой хæццæ тренер гъæуама æ гъомбæлгæнуйнæгти айдагъ спорти дæсниади техники сосæгдзийнæдтæбæл ма ахур кæна, фал – рæстдзийнадæбæл, кæдзосзæрдæ унбæл æма Райгурæн бæстæ уарзунбæл.
Еума хатт æй зæгъун – спорти гъæуама бунат ма уа æнæраст миутæн, хийнæдзийнæдтæн. Етæ спортæй гириззагдонæ аразунцæ. Уæхуæдтæ ’й куд нæ зондзинайтæ: адтæй уæхæн рæстæг æма æмбæлгæ аргъ нæ кодтонцæ нæ Иристони зундгонд спортсментæн. Сæ арæхстдзийнадæ æнхæстæй равдесунæн син гъæугæ уавæртæ нæхемæ кенæ нæ адтæй, уомæ гæсгæ нæ зундгонд богæлттæ ардигæй фесхъæтæг æнцæ, æндæр рауæнтæмæ цæугæ син рауадæй, гъæуай кодтонцæ æндæр республикити æма сахарти кадæ.
Æз мæхуæдæг берæ æнзти тренерæй фæккустон Астæуккаг Азий. Мæ хъауритæ æма зонундзийнæдтæ куд амудтонцæ, уотæ гъомбæл кодтон, мæнмæ Иристо-нæй ци биццеутæ æрæфтудæй, уони. Се ’хсæн абони ес берæ зундгонд богæлттæ. Уони хæццæ – дуйней, Олимпаг гъæзтити цалдæр хатти чемпионтæ Фадзайти Арсен, Хæдарцати Махар, Аслан (рохсаг уæд) æма æндæртæ. Æз кæддæриддæр зæр-дæй фæццийнæ кæнун, мæ къохтæй ци зундгонд богæлттæ рацудæй, уонæй алке спортивон æнтæстдзийнадæбæл дæр.
Нæ республикæй 1961 анзи Уæрæ-сей уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй ци биццеутæ архайдтонцæ, етæ Хельсинки архайдтонцæ дуйнеуон еристи æма нæ республикæмæ æрбаластонцæ дæс сугъзæрийнæ майдани. Цуппар анзей фæсте ба Иристони къуæттити скъолай минæвæрттæ Вашингтони дуйнеуон чемпионатæй исластонцæ еуæндæс сугъзæ-рийнæ майдани. Уой фæсте дæр ма берæ сугъзæрийнæ майдантæ райстонцæ мæ гъомбæлгæнуйнæгтæ бæсти æма дуйне-уон чемпионатти архайгæй.
– Ци бакæнун гъæуй, цæмæй уæгъдебарæ гъæбесæйхуæсти хузæ нæ республики амæйфæстæмæ дæр нæ республики размæ федар æма æндиуд къахдзæфтæ кæна, уой туххæй.
– Фиццагидæр нæ тренерти агорун гъæуй исонибони чемпионти нæ гъæууон биццеути ’хсæн. Уой ба уомæн зæгъун, æма нæ республики уæгъдебарæ гъæбесæйхуæсти евгъуд истори куд æвдесуй, уотемæй нæ зундгонддæр богæлттæ рацудæнцæ гъæутæй. Уони хæццæ ’нцæ: Дзарасати Саукуй, Хъулати Бадзи, Дзгойти Аслæнбег, Дзахсорати Таузбег, Тедети Елхъан, Фадзайти Арсен, Хæдарцати Ма-харбег æма Аслан æма берæ æндæртæ.
Уомæ гæсгæ нæ тренертæ гъæуама гъæутæмæ ахиддæр цæуонцæ. Уоми агорун гъæуй, исонибони нæ номдзуд богæлтти ка раййевдзæнæй, уæхæн биц-цеутæ. Никки фæгъгъомусгиндæр кæнун æма ахиддæр аразун гъæуй районти æма республикон еристæ уæгъдебарæ гъæбе-сæйхуæстæй.
Мæнæн ме ’нæнездзийнадæ минкъий еуцæйдæрбæрцæдæр фæккиудтæй, уæддæр мæ фæндуй, зæгъæн, Дигори райони уæгъдебарæ гъæбесæйхуæцгут къуар исаразун. Хъæбæр зин мин æй, уæхæн устур районæй фæстаг рæстæги еу зундгонд богал дæр ке нæбал рацудæй, е. Нæ иннæ тренертæн дæр мæ уой зæгъун фæндуй, цæмæй республики районтæмæ дæр раздахонцæ се ’ргом æма æмхъаури-тæй бацæттæ кæнæн, Иристони хестæр богæлтти фæлтæр ка раййевдзæнæй, уæхæн сагсор биццеути.


… Бекмæрзти Михали хæццæ фæдздзубандитæ кæнуни фæсте Цомайти Ростислав ци æрмæг бацæттæ кодта, уомæн искодта мæнæ ауæхæн кæронбæттæн:
«… Куд аллихатт, уотæ бабæй абони дæр бадуй Терки билгæрон зундгонд тренер Бекмæрзти Михал. Бадуй æма цæбæл-дæр арф гъудитæ кæнуй. Цума цæбæл æй æ сагъæс? Кæд, миййаг, е ’ригон бæнттæ æрлæудтæнцæ æ зæрдæбæл?! Кенæдта, нæ Иристони исонибон циуавæр уодзæ-нæй, цæйбæрцæбæл зæрдæмæдзæугæ си уодзæнæй цардарæзт нæ ирæзгæ фæлтæртæн?.. Ка ’й зонуй…
Фал еу æй, æнæмæнгæ, Михали фæндуй, цæмæй Иристони цард цæмæй нæ фæсевæд уонцæ лæгигъæдгун, уа син равгитæ сæ арæхстдзийнæдтæй æскъуæлхунæн спорти дæр æма царди иннæ къабæзти дæр цæмæй уонцæ æгъдаугин æма фæнзуйнаг…»
Нæ курухон хестæри аци гъудитæмæ гæсгæ нæ Исфæлдесæгæй корæн: Михал абони цардæгас кæд нæбал æй, уæддæр ин æ аци кувд æхемæ райсæд æма нæ кæ-стæрти царди гъуддæгути исæцæг уæд!..