28 апреля 2024

ПАЙДАХÆССÆГ КУСТАДÆ ИРОНХГОНД МА УÆД…

08.04.2021 | 15:56

ХАЙТИ Ларисæ, химион наукити кандидат, РАЕ-й профессор

Иронхуати байзадæнцæ нæ раздæри царди адæм æнтæстгинæй кæмæй пайда кодтонцæ, еци гъуддæгутæй берæ кæцидæртæ. Зæгъæн, циллей золкъи кустадæ. Аци куст раздæр дзаманти беретæ кодтонцæ, уæлдайдæр ба гъæути цæргутæ. Нур ба имæ е ‘ргом некебал æздахуй. Уотемæй ба экологон æгъдауæй циллей золкъæ æй кæдзос цæрæгой, уомæн æма цæруй тута бæласи сифтæй. Ку раустур уй, уæдта æхебæл райдайуй нивæндун нимæдзæ асти хузæн, æ уæле сæ кæрæдзебæл нихасуй æма си рауайуй тумбул къубулойнæ. Еци къубулойнæ ихалун ку райдайай, уæд си рауайуй дессаги рæсугъд, сæнтуорс, цæхæртæкалгæ цилле халæ. Уогæ ба аци листæг золкъæн ци дессæгтæ бантæсуй, зæгъгæ, деси бацæуй адæймаг. Аци халæ аллихузи хуарæнтæй хурст ку ‘рцæуй, уæдта си хъумац байтаунцæ æма си аллихузи дарæстæ хуйунцæ.

Цилле халæй конд уæледарæс бауæрæн æгириддæр неци зæран хæссуй, æхцæуæндзийнадæй уæлдай. Сауæнгæ ма си горцъетæ дæр аразунцæ, кæнунцæ си сапойнæ дæр. Мадта си медицинон кустади ба никки парахатдæрæй пайда кæнунцæ. Цæттæ си кæнунцæ, аллихузи незтæ ка дзæбæх кæнуй, уæхæн хъазар хуастæ. Аци золкъи медæгæ ес инсулин, æ коми ба ес фермент коконаза, æма гъе уой фæрци нивæндуй цилле халæ дæр.

Махмæ циллей золкъи куст, гъулæггагæн, некебал кæнуй. Фал иннæ бæстити ба си парахаттæй пайда кæнунцæ нерæнгæ дæр ма. Зæгъæн, Китайи. Уоми си уæлдæр ранимад гъуддæгутæй уæлдай ма цæттæ кæнунцæ цитгин хуæруйнаг дæр. Махмæ ба ‘й æ гъæлæси дæр неке бакæндзæнæй. Уомæн дæр æнæ зæгъæн нæййес, æма циллей золкъæ фиццагидæр уонæмæ фæззиндтæй.

Æз ма мæхуæдæг хуарз гъуди кæнун, хестæр фæлтæр махмæ дæр, уæдта нæ синхон Кæсæг-Балхъари дæр сæ кæстæрти хæццæ куд бундоронæй кодтонцæ цилле хали куст. Мадта уæди сабийтæ лискъæф афони бæлæсти сæрæй бунмæ нæбал хезиуонцæ, бафсæдæн син нæ адтæй адгин зайæгойæй. Лискъæфи ес берæ кальций, е ба, куд зонæн, уотемæй æстæг федар кæнуй, ес ма си берæ æндæр пайдахæссæг бауæргъæдтæ дæр.

Æрæги ба мæбæл æхцæуæн хабар исæмбалдæй. Цæветтонгæ, циллей золкъи еума гъæугæ менеуæг бæрæггонд æрцудæй. Медицинон наукити кандидат Галачити Сослани разамундæй кæстæр фæсевæд Махъоти Мæринæ, Махъоти Лаурæ, Сæвлати Ацæмæз, Хъарати Таймораз рартастонцæ, циллей золкъи къубулойни фæрци цъумур дон кæдзосгæнæн ке ес, уой. Уони гъудимæ гæсгæ, циллей къубулойнæ дони ку ниввæрай, уæд æхемæ æмбурд кæнуй аллихузи знаггадæхæссæг цъумур бауæргъæдтæ, еу загъдæй, дон кæдзос кæнуй, фæлсодзæни хузæн. Уой фæсте ба еци донæй æдасæй æнгъезуй пайда кæнун. Аци фæрæзнæ уæлдай хъæбæрдæр багъæудзæнæй æдзæрæг, æвадуат рауæнти бахауæг адæми. Аци æргъудидзийнади фæдбæл ба ма изолдæр фæлварæнтæ арæзт цæуй. Нури уæнгæ дæр æй куд некема æргъуди кодта?!. Сæ цæрæнбон берæ уæд, нæ искурдиадæгин кæстæртæн. Никки бæрзонддæр уæлахезтæ сæ къохи æфтуйæд! Æма бæргæ хуарз уидæ, нæ дзиллæ фæстæмæ се ‘ргом ку раздахиуонцæ аци пайдахæссæг кустмæ.