26 декабря 2024

ЦИЙФӔНДИ КУ УА, УӔДДӔР БӔГЪАТӔР БӔГЪАТӔР ӔЙ!..

07.05.2021 | 15:42

Устур Фидибӕстон тугъди ӕцӕг бӕгъатӕрдзийнадӕ ка бавдиста, ӕ тог ӕнӕвгъауӕй ка калдта нӕ Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау, уӕхӕнттӕ адтӕнцӕ мингай тугъдонтӕ. Фал, гъулӕггагӕн, сӕ еугурей ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕн аккаг аргъгонд не ’рцудӕй.

Куд царди, уотӕ тугъди медӕгӕ дӕр адтӕй ӕхе гъолондзийнӕдтӕ. Карнӕ еуети исесидӕ Кади хонхи бӕрзондмӕ, иннети ба, кӕд ӕма уоййасӕбӕл исцитгин кӕнуни аккаг уиуонцӕ, се ‘хсаргин хъиамӕттӕмӕ гӕсгӕ, уӕддӕр кенӕ син гъӕугӕ аргъгонд не ’рцӕуидӕ, кенӕ ба бустӕги ӕнӕргъудийӕй байзайиуонцӕ. Уотемӕй ба уони байвӕрд еумӕйаг тохмӕ ӕнӕуӕзгӕдӕр нӕ адтӕй, кӕмидӕрти ба, ка ’й зонуй, никки агъазиаудӕр. Уотӕ дӕр рауайидӕ, ӕма, Райгурӕн бӕстӕ ӕ рӕстӕги ци бӕгъатӕрти исхуарзӕнхгин кодта аллихузон хуӕрзеугутӕй, уонӕй беретӕбӕл ӕмбӕлгӕ дӕр нӕбал искодтонцӕ сӕ ордентӕ ӕма майдантӕ, уотемӕй рандӕ ’нцӕ се ’носон дуйнемӕ. Кӕбӕлдӕрти ба ма исӕмбалдӕнцӕ фӕстугъд, дӕсгай-инсӕйгай ӕнзтӕ рацӕугӕй, хаттӕй-хатт ба – сауӕнгӕ сӕ фӕсмӕрдӕ.

Нӕ дзиллӕй 1941 анзи ӕ уарзон адӕмӕн хуӕрзӕбон ка разагъта ӕма знаги нихмӕ тохмӕ ка рандӕ ’й, етӕ адтӕнцӕ дӕсгай мин адӕймӕгутӕ. Беретӕн си сӕ зинг ӕносмӕ бахустӕй идард рауӕнти, кӕмӕн ба фӕсарӕнти паддзахӕдтӕ знаги дзӕмбутӕй уӕгъдӕгӕнгӕй дӕр. Кадӕртӕ ба – ӕнӕгъӕнӕ уал анзи фӕттох кодтонцӕ, тугъди кӕрони ба, Берлин есгӕй, сӕ адзал иссирдтонцӕ.

Адӕймаг, ӕвӕдзи, дорӕй федардӕр ӕй, ӕндӕр етӕ ци зиндзийнӕдтӕн ниффӕразтонцӕ, ци лӕгӕвзарӕнти сӕрти рахизтӕнцӕ, уонӕй ӕгайнӕг къӕдзӕхтӕ фӕйнердӕмӕ фӕххаудтайуонцӕ.

Цӕгат Иристони мингай тугъдонтӕ хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕнцӕ аллихузон паддзахадон хуӕрзеугутӕй, нӕудӕс ӕма ӕртинсӕйемӕн ба си Райгурӕн бӕстӕ исаккаг кодта Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй уони нимӕдзӕ зингӕ фулдӕр адтайдӕ. Нӕ тугъдонтӕй беретӕ, устур уонӕхсарӕ равдесгӕй, ӕвдист ӕрцудӕнцӕ, цӕмӕй син еци кадгин ном аккаггонд ӕрцудайдӕ, фал син алли рӕуӕнттӕмӕ гӕсгӕ ба лӕвӕрд не ’рцудӕй.

Еци «рӕуӕнттӕ» ба аллихузон рауадӕнцӕ: кӕмӕн хуӕрзеуӕг райсуни туххӕй арӕзт гӕгъӕдитӕ надбӕл фесафтонцӕ ӕма афойнадӕбӕл не ‘сӕмбӕлиуонцӕ бунатбӕл, кӕмӕн ба ӕ бийнонтӕй, кенӕ къабӕзтӕй кадӕр 1937 анзи культи азарӕй ахӕст ӕрцудӕй ӕма ’й е багъигӕ дардта Бӕгъатӕри ном райсунмӕ. Уотӕ дӕр рауайидӕ ӕма Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном раттун ӕнгъезидӕ ӕма уой туххӕй гъӕугӕ гӕгъӕдитӕ цӕттӕгонд ӕрцӕуиуонцӕ, е еци рӕстӕг тугъдон архӕйдтити уӕззау цӕф фӕууидӕ ӕма ӕ кеми нӕ уидӕ, уотемӕй бахауидӕ уацари знаги къохтӕмӕ. Уидӕ ма берӕ ӕндӕр бахъоргӕнӕг гъуддӕгутӕ дӕр.

Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном райсунмӕ ӕвдист ка ‘рцудӕй, фал лӕвӕрд ба кӕмӕн не ’рцудӕй, уӕхӕнттӕ республики тугъдонтӕй нерӕнгӕ бал зундгонд ӕнцӕ дӕс ӕма инсӕй адӕймагемӕй фулдӕр. Етӕ ‘нцӕ, Бӕгъатӕри ном син раттуни туххӕй гъӕугӕ гӕгъӕдитӕ ке туххӕй бӕлвурдӕй бӕрӕггонд ӕрцудӕнцӕ. Абони мухур кӕнӕн уонӕй цалдӕрей туххӕй цубур игъосункӕнуйнӕгтӕ.

 

Акъоти Лазӕр

Акъоти Дзамболати фурт Лазӕр райгурдӕй 1916 анзи Цӕгат Иристони Дигорай гъӕуи. 1939 анзи барвӕндонӕй рандӕ ’й Сурх Ӕфсади рӕнгъитӕмӕ. 1939–1940 ӕнзти архайдта Финляндий хӕццӕ тугъди.

Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд архайдта Мӕскуй, Сталингради ӕма Курски къӕлӕти бунмӕ тугъдтити. Архайдта операци «Багратион»-и, фиццаг гвардион авиацион дивизий 75-аг ӕмпурсӕг полкки, Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр, майор Жабинскийи экипажи хӕццӕ хестӕр ӕхсӕг-радист уогӕй.

Аци экипаж берӕ карз  тугъдтити фескъуӕлхтӕй. 1945 анзи 15 феврали ӕмпурсӕг хуӕдтӕхгути къуарӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй ихӕс, сахар Кенигсберги рӕбун ци тугъдон наутӕ ӕма транспорт бамбурд ӕнцӕ, уони ниддӕрӕн кӕнун. Кӕд бонигъӕдӕ бустӕги нӕбӕзгӕ адтӕй – мегъӕ хъӕбӕр ниллӕг ӕрбадтӕй, мет, уӕддӕр хуӕдтӕхгутӕ (фараст экипажи) кӕрӕдзей фӕдбӕл истахтӕнцӕ уӕлдӕфмӕ…

Командӕкӕнуйнади ихӕслӕвӕрд ӕнхӕстгонд ӕрцудӕй, фал фӕстӕмӕ ку ӕздахтӕнцӕ, уӕд бахаудтӕнцӕ зениткити тухгин дорадзагъди. Жабинскийи хуӕдтӕхӕг иссугъдӕй. Командир бардзурд равардта ӕхсӕг – радист Акъой-фуртӕн, цӕмӕй хуӕдтӕхӕгӕй рагӕпп кӕна, фал ин федарӕй дзуапп равардта: «Батя, кӕронмӕ дӕр еумӕ уодзинан ӕма ма знагӕн агъазиау зӕрантӕ ӕрхӕсдзинан!..»

Ӕма уӕд сӕ цӕфсгӕ-содзгӕ ИЛ-2 исаразта знаги танкти, бронетранспортерти ӕма хуӕдтолгити колоннӕмӕ…

Еци ӕскъуӕлхтдзийнади туххӕй 75-аг ӕмпурсӕг авиаполкки командир балӕвардта курдиадӕ, цӕмӕй еци бӕгъатӕр экипажи иуонгтӕн еугуремӕн дӕр аккаггонд ӕрцудайдӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном… Фал еци курдиадӕ, гъулӕггагӕн, цӕмӕдӕр гӕсгӕ нимад не ‘рцудӕй…

Немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тохи агъазиау бӕгъатӕрдзийнадӕ ке бавдиста, уой туххӕй Акъоти Лазӕр хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Сурх Стъалуй дууӕ орденемӕй, Устур Фидибӕстон тугъди фиццаг къӕпхӕни орденӕй, Сурх Турусай дууӕ орденемӕй, цалдӕр тугъдон майданемӕй.

…Калинингради облӕсти сахар Мамоновай (раздӕри сахар Хейлигенбайли) бӕрӕгастӕу бунӕттон парки мраморӕй конд мемориалон циртдзӕвӕнбӕл  ӕностӕмӕ финст ӕрцудӕнцӕ Жабинский ӕма Акъоти Лазӕри нӕмттӕ.

 

Гацолати Виктор

Гацолати Аслӕмурзи фурт Виктор райгурдӕй 1916 анзи Дигоргоми Нӕуӕггъӕуи. 1937 анзи хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ каст фӕцӕй Цӕгат-Кавкази педагогон институт, 1941 анзи ба каст фӕцӕй. Ф. Э. Дзержинскийи номбӕл Академий артиллерий ӕфсӕддон-техникти къурситӕ.

Устур Фидибӕстон тугъди командӕ кодта хецӕн зениткити-артиллерион дивизионтӕн, полктӕн Калинински, Нигулӕн, Цӕгат-Нигулӕн, Воронежи ӕма Украини фиццаг фронтти.

Архайдта Мӕскуй, Курски ӕма Берлини тугъдтити.

1943 анзи 5 июли, Курски къӕлӕти тугъд ӕ тӕккӕ тӕмӕни ку адтӕй, уӕд зениткити-артиллерион 848-аг полкки командир майор Гацолати Виктор, ӕхе цардӕн тӕссаг уогӕй, тугъди цӕхӕрӕй, ӕ арӕхстгин команди фӕрци райервӕзун кодта ӕ полкки 1-аг ӕма 3-аг батарейтӕ. Еци усми сӕбӕл уӕлдӕфӕй сӕдӕгай бомбитӕ калдтонцӕ немуци хуӕдтӕхгутӕ, сӕ нихмӕ ба лӕудтӕй знаги 80 танки. Нӕуӕг бунӕттӕ ӕрахӕсгӕй, Гацолай-фурти ӕфсӕддонтӕ сӕ тох никки фӕккарздӕр кӕнгӕй, еци бон ӕргӕлстонцӕ 15 немуцаг хуӕдтӕхӕги, уой уӕлӕнхасӕн ба ма дзӕвгарӕ зӕран ӕрхастонцӕ сӕ нихмӕдзӕуӕг бронетехникӕн.

Курски бунмӕ тугъди уӕхӕн бӕгъатӕрдзийнадӕ ке бавдиста, уой туххӕй 848 зениткити-артиллерион полкки командир бавдиста Гацолай-фурти, цӕмӕй ин исаккаг кодтайуонцӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном. Фал ин, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, лӕвӕрд ба не ’рцудӕй. Гацолай-фурт уӕззау тугъдтити хӕццӕ бахъӕрдтӕй сауӕнгӕ Берлинмӕ. Райгурӕн бӕстӕ ин исаккаг кодта Сурх Турусай ӕртӕ ордени, Александр Невскийи орден, Фидибӕсти тугъди 1-аг къӕпхӕни дууӕ ордени, Сурх Стъалуй орден ӕма берӕ майдантӕ.

Фӕстугъд командӕ кодта ракетон дивизийӕн, адтӕй ӕфсӕддон округи командӕгӕнӕги хуӕдӕййевӕг, куста ССР Цӕдеси ӕдасдзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади Министради Сӕйраг аппарати. Инӕлар-лейтенант Гацолати Виктор адтӕй зундгонд ахургонд. Берӕ ӕнзти ахур кодта фӕлтӕртӕ командиртӕ исунбӕл, ниффинста дзӕвгарӕ методикон ӕма наукон куститӕ. Ӕй «ССР Цӕдеси уӕлдӕф гъӕуайкӕнуйнади ӕфсӕддонтӕ», – ӕртӕтомон монографий автор (1941–1945 ӕнзтӕ).

1994 инӕлар-лейтенант Гацолати Аслӕмурзи фурт Виктор ӕ цардӕй рахецӕн ӕй. Ӕвӕрд ӕй Дзӕуӕгигъӕуи Намуси Аллейи.

 

Катаути Владимир

Катаути Василийи фурт Владимир райгурдӕй Дигори райони Дур-Дури гъӕуи. Будуйрон фронти 53-аг ӕфсади батальонтӕй еуемӕн командӕгӕнгӕй, Катауи-фурт архайдта Белгород ӕма Харьков знагӕй исуӕгъдӕ кӕнуни тохти.

Еци сахартӕ иссӕребарӕ кӕнунбӕл тохти ци ӕхсарӕ ӕма бӕгъатӕрдзийнадӕ бавдиста, уой туххӕй 53-аг ӕфсади командӕгӕнӕг батальони командир Катаути Владимири бавдиста, цӕмӕй ин лӕвӕрд ӕрцудайдӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном, фал ин цӕмӕдӕр гӕсгӕ, уой бӕсти лӕвӕрд ӕрцудӕй Сурх Турусай орден.

Фӕстӕдӕр Владимир адтӕй 61-аг ӕфсади 89-аг Варшави Сурхтурусагин ӕхсӕг корпуси сгаргути командири хуӕдӕййевӕг. Архайдта сахар Варшавӕ знагӕй исуӕгъдӕ кӕнуни фӕдбӕл тугъдтити. Еци хабӕрттӕй ӕ зӕрдӕбӕл ке бадардта, уонӕй еу адтӕй мӕнӕ ауӕхӕн. Цӕветтонгӕ, советон тъасхӕгӕнгутӕ сӕ тугъдон ихӕс ӕнхӕст кӕнгӕй исцурӕвӕрӕ ‘нцӕ польшаг партизантӕбӕл ӕма, еумӕ архайгӕй, ниддӕрӕн кодтонцӕ знаги артиллерион полк. Владимирӕн е ‘мбӕлттӕ хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕнцӕ ордентӕ ӕма майдантӕй, ӕхецӕн ба ин исаккаг кодтонцӕ Фидибӕстон тугъди 1-аг къӕпхӕни орден. Цифуддӕр знаги дӕрӕн кӕнгӕй Катаути Владимир ӕ тугъдон ӕмбӕлтти хӕццӕ бахъӕрдтӕй Берлинмӕ. Нацистон Германий сӕйраг сахар Берлин байсуни уӕззау тугъдтити, адтӕй ӕхсӕг батальони командир ӕма америкаг ӕфсӕддонти хӕццӕ еумӕ ниддӕрӕн кодтонцӕ 1945 анзи 3 майи немуци «СС»-и устур къуар.

Америки Еугонд Штатти 9-аг ӕфсади командӕгӕнӕги бардзурдмӕ гӕсгӕ майор Катаути Владимир хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй америкаг Кадгин Легиони орденӕй. Е адтӕй бӕгъатӕр тугъдонӕн ӕ фӕндзӕймаг хуӕрзеуӕг. Фӕстугъд Катаути Владимир куста нӕ республики автоуправлений аллихузон бӕрнон бунӕтти.

Зӕгъун ма гъӕуй уой дӕр, ӕма Владимирӕн Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау тугъди фӕммард ӕнцӕ ӕ цуппар хестӕр ӕнсувӕри, уони бӕгъатӕрдзийнади туххӕй сӕбӕл нӕ дзиллӕ искодтонцӕ зӕрдӕмӕгъаргӕ зар. Уонӕбӕл хъонц кӕнгӕй, Владимир зӕрдристӕй имиста е ‘дзард тугъдон ӕмбӕлтти дӕр: Евгений Огородникови, Къӕбисти Геуӕргий ӕма ма берети. Ӕ имисуйнӕгти уотӕ финста: «Хестӕр лейтенант Къӕбисти Г.Х. 1942 анзи ноябри фиццаг бӕнтти ӕверхъау тугъдтити рӕстӕг фӕммард ӕй бӕгъатӕрӕй…» Владимир хъӕбӕр фӕсмон кодта, Огородников ӕма Къӕбиси-фурт кӕцӕй адтӕнцӕ, уой бӕлвурдӕй ке нӕ базудта, уобӕл.

 

Нигкоти Беза

Нигкоти Темурхъани фурт Беза райгурдӕй 1920 анзи Дигоргоми гъӕу Мӕхчески.

Лейтенант, 409-аг ӕхсӕг дивизий 964 артиллерион полкки взводи командир Нигкой-фурти тугъдон над райдӕдта 1942 анзи Цӕгат Кавкази. Ами искъобалӕ ’й знаги хӕццӕ комкоммӕ. Майкопи рӕбунти цудӕй карз тугъдтитӕ. Дӕсни разамунд ке лӕвардта дзармадзанти батарейӕн, уой туххӕй ин 1943 анзи 25 феврали исаккаг кодтонцӕ Устур Фидибӕстон тугъди 1-аг къӕпхӕни орден. Дууӕ мӕйей фӕсте хестӕр лейтенант Нигкой-фурт нисангонд ӕрцудӕй хецӕн артиллерион дивизиони командири хуӕдӕййевӕгӕй.

Берӕ устур лӕгдзийнӕдтӕй фескъуӕлхтӕй Нигкой-фурт. Тугъдтитӕй еуей рӕстӕг е ци разагъди лӕгдзийнадӕй фескъуӕлхтӕй, уой туххӕй 1944 анзи 2 декабри дивизиони командир капитан Нобелев балӕвардта гӕгъӕдитӕ, цӕмӕй хестӕр лейтенант Нигкоти Безайӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном. Фал… Дивизий командир инӕлар-майор Гречанный цӕмӕдӕр гӕсгӕ райеуварс кодта Безай туххӕй гӕгъӕдитӕ. Ӕма ин исаккаг кодтонцӕ айдагъдӕр Тугъдон Сурх Турусай орден. Тугъди дӕр, ӕвӕдзи, нивӕ гъудӕй…

Уогӕ, ци! Беза разиндтӕй хъӕбӕр нивгун – уодӕгасӕй, уӕлахездзауӕй исӕздахтӕй фронтӕй, тугъдӕн ӕ арф содзгӕ артӕй. Ӕ тугъдон над фӕцӕй Германий зӕнхӕбӕл. Фӕссурдта знаги Кавказӕй уомӕн ӕхе лӕгӕтмӕ. 1946 анзи Нигкой-фурт исӕмбалдӕй ӕ райгурӕн хӕдзарӕбӕл. Усхъитӕбӕл капитани стъалутӕ, реубӕл ӕртӕ ордени ӕма цалдӕр майдани, уони ӕной ба ма Сӕйраг командӕгӕнӕги номӕй Арфи гӕгъӕдитӕ ӕхсӕрдӕс.

Тугъди фӕсте Беза райста дууӕ дӕсниади ахури фӕрци. Куста астӕуккаг скъолай ахургӕнӕгӕй, Мӕхчески райони партий фиццаг секретарӕй, уой фӕсте Чиколай гъӕдикустгӕнӕн хӕдзаради директорӕй, гъӕусовети сӕрдарӕй, цалдӕр хатти ’й исӕвзурстонцӕ гъӕуи, райони Совети адӕмон депутатӕй. Адтӕй ин устур кадӕ адӕми астӕу, берӕ ’й уарзтонцӕ фӕсевӕд, цудӕй фӕстаг бӕнтти уӕнгӕ дӕр фиццӕгти разӕй. Гъе уӕхӕн адтӕй нӕ хестӕр тугъдон лӕг, ӕнӕ Сугъзӕрийнӕ Стъалуйӕй Советон Цӕдеси ӕцӕг Бӕгъатӕр Нигкоти Темурхъани фурт Беза… Гъулӕггагӕн, абони не ‘хсӕн нӕбал ӕй – 1984 анзи мартъий рахецӕн ӕй ӕ уӕлзӕнхон цардӕй… Рохсаг уӕд… Ӕ рохс ном ба нӕ дзиллӕй иронх некӕд уодзӕнӕй…

 

Уруймӕгти Михал

Уруймӕгти Тараси фурт Михал райгурдӕй 1923 анзи Дигорай гъӕуи. Архайдта Курск, Польшӕ, Венгри ӕма Чехословаки знагӕй иссӕребарӕ кӕнуни тугъдтити. Михалӕн тугъд фӕцӕй 1945 анзи 17 майи.

Михал разамунд ци ӕсгарӕг ротӕн лӕвардта, етӕ ӕнхӕст кодтонцӕ тӕккӕ уӕззаудӕр ихӕстӕ. Архайдтонцӕ 205 ӕсгарӕн нимпурстеми. Уацари райстонцӕ 53 «ӕвзаги». Тугъдон бардзурдтӕ ӕнхӕст кӕнгӕй, тъасхӕгӕнгути ци уавӕрти архайун багъӕуидӕ, уони нецӕй хӕццӕ рабарӕн  адтӕй.

Уой туххӕй Уруймӕгти Михали хуарз зонгӕ отставки инӕлар-лейтенант Е. Малашенко не ‘мзӕнхони туххӕй ӕ имисуйнӕгти уотӕ финста: «Беретӕ ‘й, ӕвӕдзи, нур  ба зонунцӕ, тъасхи архайун кенӕ знаги фӕскъилдунмӕ багъузун ци ӕй, уой. Уотид балӕдӕрун дӕр зин ӕй, тъасхӕгӕнӕги цӕйбӕрцӕ уоди хъаурӕ гъӕуй, цӕмӕй ӕхсӕвӕ кенӕ фудрӕстӕги бониккон бурай минитӕй ефтигъд будури сӕрти, телин горени хурфити, нихмӕлӕууӕги ӕхсти фулдӕр знаги ӕхстити топпӕй-пулеметтӕй ӕма артиллерий ӕхсти ӕмбӕрзӕни комкоммӕ цӕун. Уӕхӕн уавӕрти тугъди рӕстӕг еудадзуг архайгӕ рауайидӕ тъасхидзӕуӕг Уруймӕгти Михалӕн дӕр…»

Ахид уотӕ дӕр рауайидӕ, ӕма си кадӕртӕ фӕммард уиуонцӕ. Ӕма Уруймаги-фурти ӕмбӕлттӕй ескӕбӕл еци бӕлах ку ӕрцӕуидӕ, уӕд си некӕд неке ниууагъта знаги фӕскъилдуни. Уордигӕй ӕ рагъбӕл ӕхецӕн мӕлӕтӕй тӕссаг уогӕй, рахаста ка фӕммард ӕй, ӕ еци ӕмтохгӕнӕгемӕй цуппӕрдӕсей. Зӕгъун гъӕуй, не ‘мзӕнхон тугъди будурӕй рахаста инсӕйемӕ хӕстӕг цӕф  афицери ӕма тугъдони.

Уруймӕгти Михал хуарзӕнхӕгонд адтӕй цалдӕр паддзахадон хуӕрзеуӕгемӕй: лӕвӕрд ин ӕрцудӕй Намуси 2-аг ӕма 3-аг къӕпхӕнти ордентӕ, Сурх Стъалуй дууӕ ордени, Фидибӕстон тугъди 1-аг къӕпхӕни орден. Ӕ еци хуӕрзеугути ‘хсӕн гъӕуама исӕрттивтайуонцӕ Сугъзӕрийнӕ Стъалу ӕма Ленини  орден дӕр, фал…

Цӕугӕдон Одери сӕрти бахезуни ӕма сахар Острави алфамбулай арӕсӕн байахӕссунбӕл ци бӕгъатӕрдзийнадӕ бавдиста, уой туххӕй Уруймӕгти Михал, е ‘мтохгӕнгутӕ Ф. Ненашев, В.Леонов, радист Н. Савкин, Г.Шекера, В.Рудаков, Л.Ростекаев, А. Давыдкин, С.Пеликанов ӕма майор Е. Малашенко (къуари командир) ӕвдист ӕрцудӕнцӕ, цӕмӕй син Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном лӕвӕрд ӕрцудайдӕ, фал циуавӕрдӕр рӕуӕнттӕмӕ гӕсгӕ, уонӕй еунӕгемӕн дӕр лӕвӕрд не ‘рцудӕй еци кадгин ном.

 

Хачирти Сӕлих

Хачирти Хъансауи фурт Сӕлих райгурдӕй 1916 анзи Ирӕфи райони Лескени гъӕуи. 1933 анзи каст фӕцӕй сахар Владикавкази дууӕанзон къурситӕ. 1937 ба ӕрвист ӕрцуӕй Сурх Ӕфсади рӕнгъити службӕ кӕнунмӕ.

1939 анзи ин лӕвӕрд ӕрцудӕй кӕстӕр лейтенанти ном, ӕма иссӕй 72-аг артиллерион полкки взводи командир. Архайдта Финляндий хӕццӕ тугъди.

Хачирти Сӕлих Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг архайдта Ленингради, Волхови, 1-аг Прибалтиаг ӕма 2-аг Белоруссаг фронтти, немуци нихмӕ тох кӕнгӕй. Еци рӕстӕг ин ӕ бӕгъатӕрдзийнади туххӕй райгурӕн бӕстӕ исаккаг кодта Ленини, Сурх Турусай, Александр Невскийи, Фидибӕсти тугъди 1-аг къӕпхӕни ордентӕ ӕма финддӕс майдани.

Хачири-фуртӕн ци ӕфсӕддон характеристикӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй, уоми бакӕсӕн ес: «Тугъди рӕстӕг ӕй ӕдӕрсагӕ, федар, бӕгъатӕр. Прибалтики ӕма Скӕсӕйнаг Пруссий, сахартӕ Данциг ӕма Берлин райсунбӕл тугъдтити ӕхе равдиста хъӕбӕр ӕхсаргинӕй. Хачири-фурти дивизион, 5-аг цӕвӕг ӕфсади уогӕй, артиллеристти ‘хсӕн разӕй бахъӕрдтӕй Берлинмӕ. Уӕлдай устурдӕр бӕгъатӕрдзийнадӕ ба Хачири-фурт равдиста Берлин байсунбӕл тугъдтити. Уомӕ гӕсгӕ ба ’й 1-аг Белоруссаг фронти командӕгӕнӕг бавдиста Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном райсунмӕ, фал ин цӕмӕдӕр гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй Ленини орден.

Берлин байсунбӕл тугъдтитӕ имисгӕй, Хачири-фурт уотӕ дзрдта: «Уӕд мах, берӕ цидӕртӕ нӕ зудтан, абони ӕфсӕддон училищети алли курсант дӕр ӕма уӕлдӕр ахургӕнӕндӕнтти студенттӕ бӕлвурдӕй ке зонунцӕ, уӕди хабӕрттӕй берӕ цидӕртӕ. Зӕгъӕн, нӕ нин адтӕй зундгонд, 1-аг Белоруссаг фронти Ӕфсӕддон Совет ӕхе ке бахадта Берлини гарнизони командӕкӕнуйнадӕмӕ, цӕмӕй ӕруорамонцӕ ӕнӕсӕрфат нихмӕлӕуд ӕма дууердигӕй дӕр дзӕгъӕли зиантӕ мабал цӕуонцӕ. Фал еци рӕстзунд фӕндонбӕл не ‘сарази  ‘нцӕ. Уӕд нӕ зудтан, уой дӕр, ӕма Гитлер Деницмӕ тел ке барвиста, кӕцими загъд адтӕй: «Берлинбӕл тох Германийӕн ӕй адзайлаг тох…»

Берлин байсуни тугъдтити Хачирти Сӕлих уӕлдай ӕхсардзийнадӕ ке бавдиста, уомӕ гӕсгӕ ‘й 1-аг Белоруссаг фронти артиллерий командӕгӕнӕг бавдиста Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном райсунмӕ, фал ин, гъулӕггагӕн,  цӕмӕдӕр гӕсгӕ еци ном лӕвӕрд не ‘рцудӕй, лӕвӕрд ин ӕрцудӕй Ленини орден.

 

Хӕтӕгти Харитон

Райгурдӕй Цӕгат Иристони Олгинскийи гъӕуи 1914 анзи 20 декабри. 1938 анзи каст фӕцӕй Дзӕуӕгигъӕуи гъӕууонхӕдзарадон институт. 1939 анзи ба имӕ фӕдздзурдтонцӕ Сурх Ӕфсади рӕнгъитӕмӕ. Устур Фидибӕстон тугъди тӕккӕ райдайӕнӕй фӕстӕмӕ хъазауатонӕй тох кодта немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ – фиццаг фронти, фӕстӕдӕр ба уотӕ рауадӕй, ӕма архайдта Белоруссий партизанти ӕмрӕнгъӕ, адтӕй си къуари командир, кунӕггӕнӕг-ӕсгарӕг хаййи комиссар, минскаг оперативон Центри командири хуӕдӕййевӕг. 1944 анзи ба ахур кодта ӕсгарӕг афицертӕ цӕттӕгӕнӕн Уӕлдӕр къурсити, ӕ фӕууни фӕсте ба ӕрвист ӕрцудӕй Чехословакимӕ. Ӕ агъазиау тугъдон ӕскъуӕлхтитӕмӕ гӕсгӕ партизанти командӕкӕнуйнадӕ балӕвардта курдиадӕ, цӕмӕй ин лӕвӕрд ӕрцудайдӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном, фал цӕмӕдӕр гӕсгӕ сӕ еци курдиадӕ ӕнхӕстгонд не ’рцудӕй…

Сурх Ӕфсади рӕнгъити служби фӕсте Хӕтӕги-фурт исӕздахтӕй Цӕгат Иристонмӕ. Куста республики гъӕууон хӕдзаради министради. 1947 анзӕй 1954 анзи уӕнгӕ разамунд лӕвардта кӕркитӕдарӕн совхоз «Цӕлыкк»-ӕн, цалдӕр анзей дӕргъи адтӕй Даргъ-Къохи гъӕусовети, уой фӕсте ба Кирови райони ӕнхӕсткоми сӕрдар. Ӕвзурст ӕрцудӕй партий Орджоникидзей райкоми фиццаг секретарӕй. Берӕ ӕнзти дӕргъи разамунд лӕвардта Цӕгат Иристони гъӕууон хӕдзаради министрадӕн. Хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй аллихузон паддзахадон хуӕрзеугутӕй, уони ’хсӕн I къӕпхӕни Сурх Турусай орден, майдан «Устур Фидибӕстон тугъди партизан», уӕдта берӕ ӕндӕр ордентӕ ӕма майдантӕй, Кади гӕгъӕдитӕй.

Хӕтӕгти Харитон ӕма ӕ тугъдон ӕмбӕлттӕн фӕстугъд ци фембӕлдтитӕ уидӕ, уонӕй еуей туххӕй уотӕ имиста: «Ӕрӕмбурд ан Мински. Уоми нӕ къуарӕй беретӕ ‘нцӕ: Золотухин косуй машинистӕй, Пучовский иссӕй юрист, санитаркӕ Александрӕ Стефанович нуртӕккӕ ӕй дохтир, Лещинская Софья ӕма Мосевич Станислав дӕр уоми ‘нцӕ… Фембалдан. Кӕрӕдземӕ кастан ӕма нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕнцӕ, ка фӕммард ӕй, етӕ. Нигъгъос ан. Ӕма бабӕй нӕуӕгӕй дзорун райдӕдтан. Нӕ дзубандийӕн кӕрон нӕ адтӕй: «Гъуди ма кӕнис, гъуди ма кӕнис…» – раст магнитофон ӕрӕвӕрӕ ӕма нӕ къуарей цардӕгас истори финсӕ…

Хӕтӕгти Александри фурт Харитон ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй 2005 анзи. 2011 анзи ба, Хӕтӕги-фурт Дзӕуӕгигъӕуи ци хӕдзари цардӕй (Бородинскийи гъӕунгӕ, 19), уой фарсбӕл цитгин уавӕри федаргонд ӕрцудӕй ӕ кадӕн мемориалон фӕйнӕг.