24 ноября 2024

Дзилихти Инӕлар

21.05.2021 | 15:21

Устур Фидибӕстон тугъди архайӕг, Цӕгат Иристони адӕмон финсӕг ЦӔГӔРАТИ Николайи фурт Максимӕн (1916-1990) ӕ царди сӕйрагдӕр гъуддаг иссӕй литературон архайд. Ци берӕ аййевадон уадзимистӕ ниффинста, уонӕми, кӕми аййевадон, кӕми документалон хузи исӕносон кодта советон адӕми, уони хӕццӕ ба Иристони дзилли хъазауатон тох немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ, Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау сӕ уодуӕлдай фӕллойнӕ. Минкъий нӕ ’нцӕ, нӕ Иристони тугъдон бӕгъатӕрти туххӕй ке ниффинста, еци документалон ӕрмӕгутӕ дӕр. Уонӕй еу, мӕнӕ ин  абони ци очерк мухур кӕнӕн, е. Финст ӕй ӕ хуарз ӕмгарӕ ӕма ӕрдхуард, нӕ номдзуд инӕлар ДЗИЛИХТИ Бӕбуй фурт Михаили (1916-1984) туххӕй.

ЦАЛДÆР ДЗУРДИ ÆМГАРИ ТУХХÆЙ

ЦÆГÆРАТИ Максим, (1916-1990) Цæгат Иристони адæмон финсæг

Иригъӕуи аргъауӕни тургъӕ… Нӕ разагъди лӕгти ингӕнтӕ. Къоста, Дзанайти Иван, Мамсурати Дӕбе, Тӕбӕхсаути Бало… Нӕ инӕлартӕ, нӕ ахургӕндтӕ, нӕ бӕгъатӕртӕ. Иристони кадӕ бӕрзонд ка исиста, ӕ хуарзи ном ӕ фӕсте кӕмӕн байзадӕй, етӕ.

Исесӕн нӕ ходтӕ, цума син райгъалунӕй фӕттӕрсӕн, уоййау гъавгӕ цудӕй бахезӕн тургъӕмӕ. Ӕрлӕууӕн сӕ ингӕнти рази. Нӕ билти ’змӕлдӕй, нӕ арф ниууолӕфтӕй син фӕззӕгъӕн рохсаг. Сӕ ингӕнтӕбӕл син байвӕрӕн нӕуӕгтунд деденгутӕ…

Фӕззигон гъунтъуз бон. Ӕгъзӕлунцӕ бӕлӕсти цъифӕ сифтӕ. Еу дзӕбӕх думгӕ ма – ӕма бӕлӕстӕ бӕгънӕгӕй райзайдзӕнӕнцӕ. Иригъӕуи къубур ӕнкъардӕй лӕудзӕнӕй, ӕ сау циртити хӕццӕ.

Дзилихти инӕлари ингӕн… Мӕйӕ дӕр ибӕл нӕма цӕуй. Ӕ сикъит дӕр нӕма басор ӕй. Айдагъдӕр ӕ деденгутӕ бампулдӕнцӕ.

Сӕргубурӕй лӕуун ингӕни уӕлгъос. Мӕ гъудитӕ мӕ рахастонцӕ Хърупси дони билтӕмӕ, нӕ сабийбонтӕмӕ. Фиццаг хатт нин нӕ хъуртӕбӕл нӕуӕгдзаути сурх галстуктӕ ку бабастонцӕ, еци ӕнӕмӕтӕ ӕма арфиаг бӕнттӕмӕ.

Ӕмгӕрттӕ адтан Дзилихти Бӕбуй фурт Хайлойи хӕццӕ. Уотӕ худтонцӕ Михали боцӕй ӕ мади номӕй. Ахурмӕ дӕр бацудан еци-еу анз. Ӕцӕг ӕз сахармӕ раздӕр рафтудтӕн. Педагогон рабфаки еу анз ку исахур кодтон, уӕд, кӕсун ӕма дуккаг анз Хайло дӕр уоми балӕудтӕй. Хъӕбӕр бацийнӕ ан кӕрӕдзебӕл. Нӕ хуӕрдӕ, нӕ цуд, нӕ зӕрдибун дзубандитӕ бабӕй нӕуӕгӕй байеу ӕнцӕ. Хърупси дони билтӕ, гъӕуи буни устур ӕрдозӕ, нӕ кӕсалгахӕссӕн къотӕртӕ, «Ири» колхози байрӕгутӕмӕ куд зилдан, етӕ бабӕй нӕуӕгӕй нӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕнцӕ. Уӕдта Нагкий дзӕхӕрай сурхвазӕ фӕткъутӕ. Сӕрдигон изӕрти кинойӕй ку рацӕуианӕ, уӕд ци зартӕ кодтан, етӕ…

Хайло сосӕггай финста ӕмдзӕвгитӕ. Ӕцӕг сӕ махӕн – Басити Дзаххот, Чехойти Сӕрӕби, мӕнӕн – некӕд исгъӕр кодта, фал ӕй еуӕй-еу хатт рауӕйӕ кӕниуонцӕ не ’мдзӕвгитӕмӕ нин ци феппайуйнӕгтӕ ӕрхӕссидӕ, етӕ.

Ӕлвӕст, ӕфснайд лӕхъуӕн адтӕй алкӕддӕр Хайло. Уотӕ дӕр мӕмӕ  кӕсидӕ, цума ин цидӕр нӕ фагӕ кодта. Ӕ уод – ӕ цӕстӕ турникбӕл гъазун. Хуӕрзконд, федарарӕзт дӕр уомӕн адтӕй. Догъи уайунмӕ, гъӕбесӕй хуӕцунмӕ ӕ разӕй неке уагъта.

Еу фӕззӕг, ӕнгъӕлдӕн, 1937 анзи фӕззӕги Хайло рабфакмӕ нӕбал фӕззиндтӕй. Рацудӕй еу-дууӕ къуӕрей бӕрцӕ, уотӕ нӕмӕ изӕрӕй ӕмдзӕрӕни ӕфсӕддон дарӕси ӕрбалӕудтӕй.

– Орджоникидзей ӕфсӕддон училищей курсант Дзилихти Бӕбуй фурт Хайло! – сӕрӕн лӕуд ӕркодта нӕ уӕлгъос.

– Нӕ сосӕггай?.. – уайдзӕфгӕнӕгау загъта Дзаххот ӕма мӕн ӕрдӕмӕ ӕрбакастӕй.

– Сосӕг зар гъӕрӕй нӕ фӕккӕнунцӕ, – бахудтӕй е.

Ӕфсӕддон дарӕс ибӕл уотӕ хуарз федудта ӕма ӕз мӕхе нӕбал бауорӕдтон:

– Гъӕйдӕ, уайдзӕфтӕй нецибал… Хуцау дӕ инӕлар искӕнӕд…

– Хуцау зӕгъӕд! – гъӕрӕй загътонцӕ иннетӕ дӕр.

Ахид нӕбал ӕмбалдан Хайлой хӕццӕ, ӕ тугъдон ахуртӕй ӕй махмӕ нӕбал евдалдӕй. Дзаххот каст фӕцӕй дууанзон ахургӕнгути институт ӕма косун райдӕдта Киристонгъӕуи. Ахургӕнӕгӕй куста Сӕрӕби дӕр.

Тугъди размӕ Хайло райста командири цин. Ӕ арӕхстдзийнадӕ, ӕ сӕрӕндзийнадӕ ӕма хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ ке фӕцӕй каст, уой туххӕй ӕй ниууагътонцӕ училищей.

Фӕххецӕн нӕ кодта Устур Фидибӕстон тугъд. Ӕз рандӕ дӕн Камышинмӕ танкити училищемӕ, Хайло ба байзадӕй Орджоникидзей ӕфсӕддон училищей. Мӕ рандӕуни размӕ ма имӕ училищей рази еу сахатти бӕрцӕ фӕллӕудтӕн, фенгъӕлмӕ кастӕн, фал Хайло уоми нӕ разиндтӕй.

Ци нӕ дессаг ӕрцӕуй царди! Уойбӕрцӕ дзиллитӕ исистӕнтӕ, уойбӕрцӕ нӕдтӕбӕл рапурхӕ уӕнтӕ, ӕма бустӕги ӕнӕнгъӕлӕги тугъди будури исӕмбӕлӕ дӕ хуарз ӕмбали хӕццӕ, дӕ еунӕг ӕнсувӕрбӕл! Дессаг ба куд нӕй е?!

1942 анзи сентябри фиццаг бӕнттӕй еу. Бӕстӕ сугъдӕй. Топпихуаси хъуӕцӕ, дзармадзанти нӕрун, хуӕдтӕхгути еугӕндзон гув-гув, бомбити уодласӕн ӕскъот, танкити гӕбар-губур, цӕфти уӕззау гъӕрзун… Зӕнхӕ ӕмрезӕги ризтӕй. Арвӕй еу гӕбазӕ дӕр нӕбал зиндтӕй.

Устур Фидибæстон тугъди рæстæги Польший цæугæдон Одери сæрти советон æфсæдти бахизт.

Сталингради сугъд будуртӕ. Дӕргъӕй-дӕргъӕмӕ ӕрхӕ. Содзунцӕ, сау хъуӕцӕ калунцӕ нӕ танкитӕ. Дууемӕй ма тухамӕлттӕй фӕййервазтан нӕ содзгӕ танкитӕй. Хъуӕци бунӕй кумӕ цӕуӕн, уой дзӕбӕх дӕр нӕ зонӕн.

Кадӕр мӕмӕ мӕ номӕй гъӕр кӕнуй. Кӕд мӕ гъостӕбӕл ести уайуй, зӕгъгӕ, мӕ цуди кой кӕнун. Дуккаг хатт бабӕй мӕ гъостӕбӕл ӕрцудӕй кедӕр гъӕлӕс. Сагъдӕй райзадтӕн мӕ медбунати.

– Хайло… – Туххӕйти ма исфӕразтон.

Кӕмидӕр бабӕй хӕстӕгӕй сау хелгути хузӕн нискъот кодтонцӕ бомбитӕ. Зӕнхӕ нирризтӕй. Еуварсӕрдӕмӕ ралигъдан.

– Ардӕмӕ! – мӕ цонгбӕл мин фӕххуӕстӕй Хайло ӕма дууемӕй дӕр, раздӕр бомбӕ кӕми фехалдӕй, уӕхӕн къахти исмедӕг ан.

Еуцӕйбӕрцӕдӕр ӕгуппӕгӕй райзадан, нӕ дзубанди цӕмӕй райдӕдтайанӕ, уой нӕ зудтан.

Ӕз цӕф нӕ адтӕн. Ӕнӕ фидбилизӕй байзадӕй ме ’мбал дӕр. Айдагъдӕр ӕ хӕдони дустӕ ӕма хӕлафи галеу уӕрагисӕр басугъдӕнцӕ. Хайло адтӕй цӕф. Ӕ цонг бинтӕй тухт сауӕнгӕ ӕ усхъӕй ӕ арми фӕттасӕни уӕнгӕ. Тог си рагъардта. Ӕ цӕсгон ругӕ ӕма хедӕй нӕ зиндтӕй. Ӕ галеу фӕсгъосбӕл тоги фӕдтӕ.

– Кӕцӕй? – цума немуцаг хуӕдтӕхгути унгӕг гъӕрзунмӕ игъуста, уоййау хӕрдмӕ искастӕй, уотемӕй рафарста Хайло.

– Раст ду кӕцӕй, ӕз дӕр уордигӕй, – ӕма имӕ комкоммӕ бакастӕн.

– Дӕ цонг хъӕбӕр цӕф ӕй?

– Уомӕн бӕргӕ неци ’й, фал… – ӕ дзубанди ӕрдӕгбӕл раскъудта Хайло ӕма ӕ рахес къох ӕ губунбӕл арӕхстгай ӕрхаста, ӕ хӕдони дустӕбӕл бунмӕ ӕрхуӕстӕй.

Ӕ хӕдони скъудӕй мӕмӕ цидӕр сурх ферттивта. Мӕнмӕ уотӕ фӕккастӕй, цума ӕ фарс дӕр цӕф ӕй ӕма ӕ бӕститӕ дзӕбӕхтӕ кодта. Цума ӕ цӕфтӕ мӕнӕй римахста.

Хайло тухстӕй, тагъд-тагъд дзурдта ӕ хабӕрттӕ:

– Тугъди дуккаг бон курдиадӕ балӕвардтон, тугъдмӕ мӕ рарвететӕ, зӕгъгӕ. Неци мин си рауадӕй. Ниффинстон дуккаг, ӕртиккаг хатт. Баруагӕс ди уӕд, мӕ цӕсгон нӕбал хуӕстӕй гъӕунгӕмӕ рацӕун. Сауӕнгӕ ма мӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Аслӕнбегмӕ дӕр комкоммӕ бакӕсун ӕфсӕрми кодтон. Нӕхемӕ, Алагирмӕ, еу цуд дӕр нӕ никкодтон. Уӕдта… Нӕ курсантти ма цалдӕр мӕйи гъудӕй каст фӕуунмӕ, уотӕ нӕ еу ӕхсӕвӕ рарӕвдзӕ кодтонцӕ. Еци-еу цӕфӕй нӕ тугъди исмедӕг кодтонцӕ. Цалдӕр бони немуци размӕ еу къахдзӕф дӕр не ’рбауагътан. Фал танкитӕ… Уони нихмӕ нӕ бон нецибал бацӕй… Никки хуӕдтӕхгутӕ… Нӕ сӕрмӕ ауигъдӕй лӕудтӕнцӕ. Исистадан, нимпурстан сӕ нихмӕ. Цалдӕр танки си басугътан… Уӕдта аци цӕф… Ами гъӕуама не штаб хӕстӕг уа… Уордӕмӕ мӕ байервӕзун гъӕуй… Ӕнӕмӕнгӕ.

Хайло исистадӕй. Ӕз айдагъдӕр уӕд бафеппайдтон, ӕ цӕсгон куд ниффӕлорс ӕй, уой.

Кӕрӕдземӕн нихъхъури кодтан. Губур-губурӕй, ӕ рахес фарсбӕл ӕ къохӕй хуӕстӕй, уотемӕй фӕрраст ӕй е ’мбал курсанти хӕццӕ Хайло. Ӕ хӕдони скъудӕй ма еу хатт фӕззиндтӕй еци сурх уадздзаг.

Ӕмбесӕхсӕвӕ адтайдӕ, уотӕ тухтӕ-амӕлттӕй иссирдтон нӕ танкити бригади штаб. Дуккаг бон Хайломӕ финстӕг рарвистон, ӕхуӕдӕг мин ци адрес равардта, уордӕмӕ. Неци дзуапп мин равардта.

Сталингради бунмӕ тугъдтитӕ уӕлахезӕй рахецӕн ӕнцӕ.

«Нӕ, ӕвгъау ӕй уӕхӕн биццеу уотӕ раги фесӕфунмӕ», – гъуди кодтон мӕхенимӕр ӕма мӕ цӕстити рази лӕудтӕй Хайлой сорӕт: саулагъз, сауцӕстӕ, сауӕрфуг, айдагъдӕр ӕфсӕддон службӕн ка райгурдӕй, тугъдон гъуддагӕн ӕ цард ка иснивонд кодта, Орджоникидзей проспекти айдагъ ӕ еунӕг рацудбӕл дӕр адӕм сӕ цӕстӕ кӕбӕл ӕвардтонцӕ, еци хӕларзӕрдӕ ӕма хуӕрзконд Хайлой сорӕт.

Сталингради тугъдтити фӕсте Тамбови сахармӕ хӕстӕг гъӕди, Тригуляй, зӕгъгӕ, еу лагери рӕстӕгмӕ нӕ фӕллад уагътан. Уоми райстон финстӕг Хайлойӕй. Финста мӕмӕ:

Мӕлӕт нӕ фӕдыл зилы, –

Лӕбуры нӕм ӕдзух,

Йӕ цӕвӕг нӕм ниттилы, –

Ӕрцахсӕм ын йӕ къух…

Зӕнгиати Бӕбуй ма гъуди кӕнис? Е Магкӕти Ботасӕн куд загъта, уотӕ мӕнӕй дӕр ӕмдзӕвгитӕ финсӕг нӕ рауадӕй. Кӕд ма ести ниффинстайнӕ, уӕддӕр нур финсунти рӕстӕг нӕбал ӕй. Уӕлдайдӕр мӕнӕн, ӕфсӕддон лӕгӕн. Цалдӕр боней размӕ рацудтӕн сӕйгӕдонӕй, мӕ цӕфтӕ ӕнхӕст нӕма бадзӕбӕх ӕнцӕ, заманай лӕхъуӕнти къуар мин мӕ бӕрни бакодтонцӕ. Дӕ зӕрдӕ мӕбӕл дарӕ, Хърупси ном нӕ фегадӕ кӕндзинан… Ард сӕ хӕдзари бацӕуӕд, махӕн Сталингради бунмӕ дзӕбӕх радзубанди кӕнуни бон ке туххӕй нӕ фӕцӕй… Еуӕй еци ӕнӕхайири хуӕдтӕхгутӕ, иннемӕй ба… Нур дин ӕй исгъӕр кӕндзӕнӕн. Мӕхе мӕтӕ мӕмӕ уойбӕрцӕ нӕбал адтӕй, фал нӕ полкки туруса… Ӕ бунатбӕл ку нӕ исӕмбӕла, уомӕй тарстӕн… Мӕ астӕубӕл тухт адтӕй»…

«Мӕ астӕубӕл…» – мӕ бауӕр нирризтӕй еци дууӕ дзурдемӕй. Нӕуӕгӕй бабӕй мӕ цӕстити рази фестадӕнцӕ Сталингради бунмӕ тогкалӕн тугъдтитӕ. Хайлой фӕлорс цӕсгон, ӕ тогӕйдзаг цонг ӕма ӕ хӕдони бунӕй ци сурх уадздзаг зиндтӕй, е.

АЙДАГЪДӔР ЕУНӔГ КЪУӔРЕ АЛАГИРИ

1944 анзи кӕрон. Цума дзубанди бакодтан, уотӕ ӕнӕнгъӕлӕги нӕ райгурӕн гъӕу Алагири исӕмбалдан цуппар ӕрдхуардемӕй – майор Дзилихти Михайло, дууӕ капитани – ӕз ӕма Цихити Махар, уӕдта хестӕр лейтенант Бидети Ислам – ка ӕфсӕддон сӕйгӕдони фӕсте, ка ба цалдӕр боней ӕмгъудмӕ.

Мӕтъӕл бонтӕ. Не ’мгӕрттӕй, нӕ хӕстӕгутӕй лӕгъуз хабар беретӕй исигъустӕй. Нӕхемӕ ци цубур рӕстӕг адтан, е нин нӕ еугур бийнонтӕбӕл ӕрзелунӕн ке не ’сфагӕ уодзӕнӕй, уой зудтан ӕма ӕмзундӕй баунаффӕ кодтан: тӕккӕ фиццаг бал бабӕрӕг кӕнӕн ахур ке хӕццӕ кодтан, еумӕйаг ӕрдхуӕрдтӕ нин ка адтӕй, уони бийнонти, уӕдта хӕстӕгути. Уогӕ уонӕн радех кодтан ӕхсӕвтӕ.

Абони дӕр ма дес кӕнун, куд бафӕразтан не ’мгӕртти, не ’рдхуӕрдти ниййергути содзгӕ цӕстисугтӕн, сӕ хъӕболти мӕтӕй ка батадӕй, еци ниййергутӕмӕ комкоммӕ бакӕсун. Нӕхуӕдтӕ дӕр кӕбӕл не ’ууӕндтан, уӕхӕн нифситӕй ма син бӕргӕ ӕлхӕдтан сӕ рист зӕрдитӕ. Фал… Фулдӕр хатт нӕхуӕдтӕ нӕхе сайдтан. Сӕ сосӕггай тухнихъуӕрд кодтан нӕ цӕстисугтӕ. Уӕхӕн дзаман сӕ нартихуари кӕрдзини къӕбӕр, сӕ цихти морӕ дӕр хъури кӕми цудайдӕ. Алли рӕуӕнттӕй финги къӕбӕртӕ ӕнӕвнӕлдӕй байзадӕнцӕ, айдагъ фӕйнӕ арахъи. Е дӕр паддзахади размӕ, ӕ адӕми сӕрбӕлтау ӕ тог тугъди будури ка калуй, уони цӕрӕнбони туххӕй. Цӕмӕй нин нӕ мӕнгӕ дзубандитӕбӕл ма фӕггурусхӕ адтайуонцӕ, уой туххӕй.

Еу уӕхӕн изӕр Габисти хӕдзарӕй рахизтан. Се ’ртӕ биццеуи – Роман, Аврам ӕма Захар адтӕнцӕ тугъди. Зудтан, Аврам ӕма Захар ке фӕммард ӕнцӕ ӕма син сӕ мади бабӕрӕг кодтан. Зӕрдитӕ ниддор ӕнцӕ, дзурд ни некӕмӕй хаудтӕй, уотемӕй рацудан гъӕунгӕмӕ. Аврами мадӕ цавддорау лӕудтӕй сӕ дуармӕ. Синхи уоститӕ нӕ фӕсте мӕтъӕлӕй кастӕнцӕ. Цалинмӕ Хърупси дони сӕрмӕ ци нарӕг гъӕдин хед адтӕй, уой размӕ не ’рбахъӕрттан, уӕдмӕ ни хъип-сун некӕмӕй бал исхаудтӕй.

– Сумахӕн нӕ зонун, фал мӕнӕн мӕ бон нӕбал ӕй, фӕстагмӕ загъта Хайло. – Уотӕ мӕмӕ кӕсуй, цума не ’мгӕртти исӕфти ӕз дӕр ести фудгин дӕн… Уӕдта нӕ дзубандитӕ… Нифсӕвӕрӕнтӕ… Уомӕй дӕр комкоммӕ…

Ислам ниууолӕфтӕй:

– Раст зӕгъис… Цума син сӕ мастбӕл цӕнхӕ кӕнӕн…

Еци изӕрӕй фӕстӕмӕ ни гъӕунгӕмӕ кӕсгӕ дӕр некебал ракодта.

Кӕд мӕгур дзаман адтӕй, кӕд рӕстӕг еци еухузон ӕнтъуснӕг хаста, уӕддӕр еци къуӕре кӕбӕлти ратахтӕй, уой лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакодтан. Ислам ӕма Махар се ’фсӕддон хӕйттӕмӕ рандӕ ’нцӕ. Ӕрхӕстӕг ӕй мӕн ӕма Хайлой ӕмгъуд дӕр. Дууӕ бони ма нӕ гъудӕй, уотӕ райони ӕфсӕддон комиссармӕ иссудан. Саулагъз, къӕсхуртӕ капитан. Ӕ цонг ӕма ӕ къохи ӕнгулдзитӕ цалдӕр рауӕни пурхитӕ. Еу хабар си хъӕбӕр цӕмӕдесӕй дзурдтонцӕ адӕм. Цӕветтонгӕ, Хетӕги бони сӕумӕй Хетӕги къохи балӕудтӕй. Ӕ зӕронд бидарки сӕрмӕ исхизтӕй ӕма митинг исаразта:

– Хуарз адӕм, Уасгерги тугъдон лӕг адтӕй. Нӕ фӕсевӕдӕй нуртӕккӕ тугъди будури немуцаг фашистти нихмӕ бӕгъатӕрӕй ка тохуй, етӕ ибӕл кӕддӕриддӕр сӕхе бафӕдзӕхсунцӕ. Сӕхецӕн си нифс райсунцӕ. Ӕрбакӕсайтӕ  мӕнӕ мӕ цонги пурхитӕмӕ, мӕ бауӕри арф ностӕмӕ. Ци уин ӕй сосӕг кӕнон, атаки размӕ дӕр, мӕ уӕззау цӕфти рӕстӕг дӕр мӕ фиццаг дзурдӕй ӕ рохс ном иссирдтон… Цӕмӕй нӕ бӕгъатӕр Сурх Ӕфсад никки федардӕр уа, знаги ниппурхӕ кӕна, уой туххӕй советон адӕм ӕгириддӕр нецӕбӕл ауӕрдунцӕ. Уодуӕлдай кустӕй уӕлдай ма етӕ берӕ ӕнзти ци ӕхцати мортӕ фембурд кодтонцӕ, уонӕй ӕлхӕнунцӕ танкитӕ, хуӕдтӕхгутӕ. Гъӕуама мах дӕр еци устур гъуддаги фӕсте ма байзайӕн. Абони Хетӕги бон ӕй, ӕ ковӕндони ке ӕрӕмбурд кӕнӕн, еци ӕхцатӕй ӕлхӕд тохӕнгӕрзтӕ сӕ гъуддаг бакӕндзӕнӕнцӕ тугъди будури.

– Раст загътай Бӕдтий-фурт! Мах дӕр фӕстегӕй нӕ байзайдзинан! – дзурдтонцӕ аллирдигӕй, – айдагъ еу гъуддаг ма… Беретӕ сӕ хӕццӕ ӕхца нӕ рахастонцӕ, ӕма…

– Мах ардигӕй изӕри уӕнгӕ ами уодзинан, – бидарки сӕрбӕл лӕудтӕй, уотемӕй гъӕрӕй дзуапп равардта Бӕдтий-фурт.

Изӕрмелти райони тугъдон комиссар Бӕдтиати Барис ӕма е ’мбӕлттӕ Алагири банкмӕ голлаги дзаг ӕхца ӕрбаластонцӕ.

…Барис нӕбӕл бацийнӕ кодта. Еуцӕйбӕрцӕдӕр еумӕйаг дзубандитӕбӕл рафӕстеуат ан, уӕдта нӕ гӕгъӕдитӕбӕл ӕ къох бафинста, мухур сӕбӕл ӕрӕвардта, зинна-нӕзинна бахудтӕй:

– Гъаст ми ма ракӕнетӕ. Уе ’мгъуд уин нӕ фӕффулдӕр кодтон.

– Ӕма дӕмӕ уӕхӕн курдиади хӕццӕ ку не ’рбацудан, – фӕййарӕхстӕй Хайло.

– Раст зӕгъун гъӕуй, цӕугӕ не ’рбакодтайтӕ, фал… – Барис ӕ дзубанди кӕронмӕ нӕ фӕцӕй, телефони хӕтӕл исиста ӕма фӕлмӕн гъӕлӕсӕй загъта: «Нинӕ, заманай хинцуйнаг  иуазгутӕ. Ду цалинмӕ ести цӕтӕ кӕнай, уӕдма бал мах нӕхе естӕбӕлти райерхӕфсдзинан. Фӕццӕуӕн…»

Барис цардӕй комиссариати тургъи ниллӕгсӕр хӕдзари. Ӕ уосӕ къинсигъӕстӕ къохтӕй тургъӕмӕ нӕ размӕ рауадӕй. Цума ӕ рагон хуарз зонгитӕ адтан, уоййау нӕбӕл бацийнӕ кодта.

– Батухсун дӕ кодтан, – хатир корӕгау загъта Хайло.

– Ӕндӕр тухст Хуцау ма ӕруадзӕд, – бахудтӕй Нинӕ. – Уӕхӕн иуазгутӕ… Максими ма фӕууидтон, фал дӕу, – Хайлой ’рдӕмӕ бакастӕй ӕфсийнӕ, дуармӕ райамудта. – Медӕмӕ рахезетӕ.

Уати стъоли уӕлгъос ӕрбадтан. Барис, агуайӕн гъосинӕн ӕ дууӕ гъосебӕл ниххуӕстӕй, уотемӕй ӕй стъолбӕл ӕрӕвардта, бахудтӕй ӕма загъта:

– Ардигӕй уин рауадзӕн нӕййес, цалинмӕ гъосин исревӕд уа, уӕдмӕ.

Мах кӕрӕдземӕ бакастан. Хайло ба фӕййарӕхстӕй:

– Тӕрсун, не ’мгъудбӕл ма нин фӕйнӕ еу къуӕрей бафтаун ку багъӕуа, уомӕй.

– Мах хузӕн ӕртӕ уӕйугемӕн мӕнӕ аци нецӕййаг гъосин ци ’й? Цӕмӕй си фӕттарстайтӕ? Баруагӕс уи уӕд, дуккаг къуӕре ибӕл архайӕн ӕма нин е ’рдӕгмӕ дӕр нӕма фӕцӕй.

Е ’ртӕ къерей хӕццӕ уатмӕ ӕрбахизтӕй Нинӕ. Нартихуари инсадӕй конд цихтгунтӕн се ’скъудтӕй сӕ цихт ӕндӕмӕ калдӕй. Хуӕрзадӕ ке адтӕнцӕ, уой туххӕй се ’скӕнӕги цӕрӕнбонбӕл ракувтан. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, баниуазтан Нинӕн ӕхе ниуазӕнтӕ дӕр. Нӕ амондӕн, Барисмӕ райкомӕй фӕдздзурдтонцӕ. Рӕуонӕ нин фӕцӕй, исистадан мах дӕр. Барис гъосинмӕ бакастӕй, ӕ медбилти бахудтӕй ӕма загъта:

– Исон ба нин кумӕ ледздзӕнӕ? Не ’фсийнӕ, исон изӕрӕй ма нӕ иуазгути фагӕ исуодзинан?

Дуккаг изӕр нӕ Бӕдтиатӕмӕ нӕбал райевдалдӕй. Мӕ мадӕ Уӕлинкай, уӕдта Хайлой мадӕ Госӕдай нартихуари кӕрдзинтӕ ӕма нин сӕ карки толӕн адгиндӕр разиндтӕнцӕ. Фал нӕ Барис дӕр уотемӕй нӕ ниууагъта: дуккаг сӕумӕ, бон цъӕхтӕ кӕнун ку райдӕдта, уотӕ нӕмӕ Алагири «кукушки» станци ӕд хунӕ ӕрбалӕудтӕй. Фӕндараст нин загъта.

Бариси хӕларзӕрди нӕ уодтӕ байзадӕнцӕ.

 

МАХАЧКАЛА. РАСУЛ ГАМЗАТОВИ ХӔДЗАРИ

Хайлой инӕлари дарӕси фиццаг хатт уӕд фӕууидтон. Сӕрдӕ ӕ тӕккӕ тӕмӕни ку адтӕй, раст еци афони Махачкалай уогӕй ӕ хӕццӕ исӕмбалдтӕн, ӕнгъӕлдӕн, Расулӕн ӕ дӕс ӕма дууинсӕй анзей бӕрӕгбони. Сӕумӕй мӕмӕ кадӕр иуазӕгуати дуар ӕрбахуаста. Исистадтӕн имӕ. Кӕсун ӕма Расули кӕстӕр ӕнсувӕр Гаджи.

– Расул дӕмӕ дзоруй, – еци гъуддагхузӕй загъта Гаджи.

– Кӕми ӕй? – батухстӕн ӕз.

– Нӕхемӕ… Ӕнгъӕлмӕ дӕмӕ кӕсуй…

Нецибал загътон, мӕхе рӕвдзӕ кӕнунмӕ фӕдтӕн. Гаджий ма рафарстон:

– Уотӕ раги…

Е бахудтӕй:

– Махмӕ хор раги искӕсуй.

Иуазӕгуати рази  машини фӕббадтӕн ӕма уайтӕккӕ Расулетӕмӕ балӕудтан. Е тургъи нӕ размӕ фӕцӕй.

– Ӕз ба, зӕгъун, кӕд имӕ нӕ абӕргутӕй  еске мӕ разӕй фӕцӕй… Гъӕунгӕмӕ ракӕсӕ-ракӕсӕ кӕнун… – мӕ цонгбӕл мин фӕххуӕстӕй ӕма медӕмӕ бацудан. Уати бадтӕй тумбулдзӕсгон, бӕзӕрхуг нӕлгоймаг.

– Косолапов, – загъта лӕг мӕ къох мин райсгӕй.

– Зонун дӕ, – дзуапп ин равардтон ӕз. – Мӕ киунугӕ мин ку уагътайтӕ, уӕд исӕмбалдан…

– Киунугутӕ нӕмӕ берӕ цӕуй, адӕм дӕр. Бахатир кӕнӕ, фал сӕ еугурей… –  батухстӕй Расули иуазӕг.

Раст адтӕй. Аййевадон литератури рауагъдади хецау. Мӕскуй киунугӕуадзӕн… Сӕдӕгай финсгутӕ. Сӕ еугурей куд бадардтайдӕ ӕ зӕрдӕбӕл.

Фӕстӕдӕр куд базудтон, уотемӕй Косолапов ӕ бийнойнаги хӕццӕ ӕртиккаг мӕйӕ цардӕй Расулетӕмӕ. Е мин куд радзурдта, уотемӕй ин рауагъдадӕ цӕттӕ кодта ӕ уадзимисти ӕртӕ томи.

Цалинмӕ Расули бийнойнаг Патимат ӕма ӕ иуазӕг силгоймаг фингӕ рӕвдзитӕ кодтонцӕ, уӕдмӕ ӕз уатӕй синхӕгти тургъӕ ’рдӕмӕ ци къӕразгӕ адтӕй, уой фарсмӕ бацудтӕн, кастӕн, хӕдзари дуккаг уӕладзугӕй тургъӕмӕ ци гъӕдин асинттӕ раурдуг кодтонцӕ, уонӕмӕ. Тургъӕ адтӕй нарӕг, ӕнӕ еу бӕласӕ. Тургъӕй асинтти ‘хсӕн ниллӕг горен, тарбун къирӕй цагъд Расули къӕрӕзгити хуӕдбунмӕ.

Ӕнӕнгъӕлӕги асинттӕбӕл фиццаг фӕззиндтӕнцӕ кедӕр цулухътӕ, ӕфсӕддон хӕлаф, уӕдта нӕлгоймаги гурӕ. Астӕуӕй уӕлӕмӕ – игон. Ӕ галеу усхъӕбӕл – хесӕрфӕн. Асинттӕ ӕ къӕхти буни хъис-хъис кодтонцӕ.

– Хайло! – мӕ фур цийнӕй имӕ къӕразгӕ ниххуастон.

Расул мӕ уӕлгъос ӕрбалӕудтӕй. Къӕразгӕ имӕ хуайуй е дӕр. Хайло сагъдӕй райзадӕй, уӕдта нӕмӕ горени сӕрти ӕрбакастӕй. Расул имӕ дзоруй.

– Михаил Бабуевич, медӕмӕ!..

Минкъий фӕстӕдӕр Хайло фӕззиндтӕй еци ӕлвӕстӕй. Инӕлари цини. Силгоймӕгтӕн арфӕ ракодта, иуазӕги къох райста, уӕдта Расулӕн уотӕ бакодта:

– Ду мин хатир бакӕнӕ, Максим дӕр иуазӕг ӕй, – ӕма мӕ ӕ гъӕбеси рӕуӕг фелваста.

Финги уӕлгъос ӕрбадтан. Уӕхӕн дзамани куд фӕууй, уотӕ дзубанди байеудагъ ӕй. Еу уӕлдай дзурд не ’схаудтӕй Хайлойӕй. Еу ӕнаййев ӕвнӕлд дӕр нӕ бакодта фингӕмӕ. Хуӕрди фӕсте тургъӕмӕ ку рацудан, уӕд мин Косолапов аййевӕй загъта:

– Дӕ лимӕн мӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй. Ӕвӕдзи, ездон бийнонти ‘хсӕн исгъомбӕл ӕй.

– Гъо. Хумӕтӕги зӕнхкосӕги бийнонти ’хсӕн.

– Ӕрдзӕй, мади губунӕй ке рахӕссунцӕ, уӕхӕн ездондзийнадӕ, – цума мӕнӕн нӕ, фал ӕхецӕн дзурдта, уоййау ниллӕг гъӕлӕсӕй загъта Расули иуазӕг.

Расул ӕма Хайло минкъий ӕндӕдӕр бӕласи буни лӕудтӕнцӕ. Расул цидӕр дзурдта ӕма худтӕнцӕ.

– Расули исарази кодтон. Сумахмӕ ба куд кӕсуй, уӕхӕн хуарз хуӕрди фӕсте нӕхе денгизи ку рауазал кӕнианӕ, уӕд? – загъта Хайло. Дзуапмӕ дӕр нӕбал бангъӕлмӕ кастӕй, машинӕ ӕрбакӕнон, зӕгъгӕ, тургъи дуарӕй рахизтӕй.

Дууӕ машинемӕй рандӕ ан денгизи билӕмӕ. Махачкалайӕй Дербенти ‘хсӕн дессаги рауӕн ӕрбунат кодтан. Хъаспий денгиз ӕ уолӕнтӕй гъазта. Ӕ билгӕрӕнтти борбун ӕзменсӕ хормӕ тӕмӕнтӕ калдта.

– Куд ӕнцӕ дӕ хабӕрттӕ? Дагестанӕн сӕ нӕуӕг ӕфсӕддон комиссар сӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй? – денгизӕй ку рахизтан ӕма гъар зменсӕбӕл нӕхе ку ӕруагътан, уӕд бафарстон Хайлой.

– Уомӕн дин, ӕвӕдзи, Расул хуӕздӕр дзуапп раттидӕ, – ниууолӕфтӕй Хайло. – Ӕфсӕддон гъуддаги ӕнцонӕй неци ес. Балӕдӕрдзинан кӕрӕдзей.

– Ӕнӕ Оляйӕй ӕнкъард кӕндзӕнӕ…

– Куд нӕ. Уӕлдайдӕр сувӕллӕнттӕ. Гӕнӕн нӕййес, аци дууӕ бони мин фатер ратдзӕнӕнцӕ ӕма уӕд…

– Хуӕнхти нӕма адтӕ?

– Адтӕн. Гуниби. Сауӕнгӕ ма Гурдзий арӕнмӕ дӕр бахъӕрттӕн. Сулаки донӕй дӕр баниуазтон. Фӕззилдтӕн Шамили тохӕн бунӕттӕбӕл… Даргинаг гъӕуи ма мин хъӕма дӕр балӕвар кодтонцӕ. Цӕнхӕ, кӕрдзинӕй нӕ барӕвдудтонцӕ.

Хайло дзурдта ӕ хабӕрттӕ. Ӕдзинӕг кастӕй, денгизи уолӕнти уорс финкӕ зменсӕбӕл куд тадӕй, уомӕ. Еуцӕйбӕрцӕдӕр нецибал исдзурдта, ӕ гъудити ранигъулдӕй. Ӕнӕнгъӕлӕги нӕбӕл денгиз ӕ уолӕнтӕ ӕрбасӕххӕт кодта. Ӕз мӕ ходун нӕбал бауорӕдтон:

– Гъуди ма кӕнис, Хърупси сӕрмӕ Дорӕфтауӕни рази ауӕдзтӕбӕл ку бадтан ӕма нин уолӕн нӕ хуӕруйнӕгтӕ ку ӕскъафта, уой?

– Куд нӕ! – ниххудтӕй Хайло. – Хуцау хуарз, ӕма ма нин Егор ӕ къӕбӕртӕй цидӕртӕ февӕридӕ, ӕндӕр судӕй ниммардайанӕ.

Сӕрди каникулти Дорӕфтауӕни Ӕрӕдони дони билгӕрӕнтти Бесолти Егори разамундӕй ауазӕнтӕ куд аразтан, Егор нин нӕ бони кустӕн ӕртигай сауӕритӕ куд фиста, етӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕнцӕ. Егор нин изӕрӕй не ’ртигай сауӕритӕ нӕ къохти ку фӕссадзидӕ, уӕд махӕй лӕгдӕр ма кӕми уидӕ! Тъӕбӕрттӕй нӕхемӕ балӕууианӕ.

Нӕ гъудити Алагири балӕудтан. Хърупси. Устур ӕрдози. Ӕримистан нӕ кӕсалгахӕссӕн къотӕртӕ… Ӕхсӕвӕ бӕхтӕ хезгӕй ци арти фарсмӕ бадтан, уони, уӕдта не ’мгӕрттӕй тугъди ка бабун ӕй, уони – Басити Дзаххоти, Реуазти Елдзай, Хосати Гапполай… Нӕуӕгӕй бабӕй Габисти Захари. Ӕримистан тугъди хабӕрттӕ. Уонӕн ба кӕрон нӕбал фӕууй. Айдагъ еуей кой ракӕнӕ – ӕма фӕкъкъӕрт унцӕ. Еу си инней ӕ фӕдбӕл раскъӕфуй. Ӕрӕдони донӕн алли уалдзӕг хумӕтӕги ауазӕнтӕй ӕ рохтӕбӕл ка хуӕстӕй, еци Бесолти Егори коймӕ мин Хайло уӕхӕн хабар ракодта:

– Адтӕй уалдзӕг. 1945 анзи уалдзӕг. Не ’фсӕдтӕ уӕлахезӕй ӕмпурстонцӕ, сурдтонцӕ фашистон сирди ӕ талингӕ лӕгӕтмӕ. Ӕз адтӕн фестӕг ӕфсӕддон полкки командири хуӕдӕййевӕг. Одери донмӕ нӕ берӕ набал гъудӕй, уотӕ бардзурд райстон: гъӕуама финддӕсӕймаг апърели боницъӕхти полкки батальонтӕй еуей хӕццӕ байахӕстайанӕ Одери билгӕрон, уӕдта артиллерион нимпурсти фӕсте дони иннӕ фарсмӕ бахизтайанӕ, уоми ӕрфедар адтайанӕ нӕ иннӕ ӕфсӕддон хӕйтти ӕрбацудмӕ. Ӕхсӕви тари ӕнӕ уӕлдай унӕрӕй ӕрбунат кодтан, дони билти ци гъӕди нарӕг уадздзаг  адтӕй, уоми. Фӕдздзурдтон ротити командиртӕмӕ. Никкидӕр ма син еу хатт балӕдӕрун кодтон нӕ размӕ ӕвӕрд ихӕс. Бабӕрӕг кодтон фиццаг роти ӕфсӕддонти. Етӕ гъӕуама раздӕр бампурстайуонцӕ дони. Цӕттӕй сӕ баййафтон. Сӕ резинӕ бӕлӕгътӕ дунстӕй лӕудтӕнцӕ.

Ниссабур ӕй бӕстӕ. Идард кӕцӕйдӕр ма игъустӕй еугай гӕрӕхтӕ, автоматти къӕр-къӕр. Дони дӕллаг фарсӕй арвбӕл фӕд-фӕди фӕззиндтӕнцӕ ӕртӕ сурх ракети. Еу си ӕрдӕг сугъдӕй нӕ бакомкоммӕ дони бӕрӕгастӕу исӕмбалдӕй. «Ӕвӕдзи нӕ базудтонцӕ», – загътон мӕхенимӕр ӕма сахатмӕ ӕркастӕн. Цудӕй ӕртиккаг сахат. Еуцалдӕр минутти ма ӕма, нӕ разӕй ци сгаргути къуар рарвистон, уой хестӕр лӕф-лӕфгӕнгӕ мӕ уӕлгъос ӕрбалӕудтӕй.

– Немуц донмарӕнтӕ ихалунцӕ.

– Бӕрзондӕй нӕбӕл ниллӕгмӕ дони зӕйӕ….

– Рагацау ацирдӕмӕ къанӕуттӕ ракъӕрт кодтонцӕ, загъта лейтенант.

Еуцӕйбӕрцӕдӕр сагъдӕй райзадан. Раст зӕгъун гъӕуй, немуц уотӕ бакӕндзӕнӕнцӕ, уой ӕнгъӕл нӕ адтан. «Фӕстӕмӕ нӕбал!» – искарстон мӕхенимӕри ӕма мӕ цӕститӕбӕл рауадӕй, дони зӕйӕ ӕмбохгӕ куд ратондзӕнӕй, е.

Штабмӕ рацийӕй хабар фегъосун кодтон. Фӕдздзурдтон ротити командиртӕмӕ. Бардзурд равардтон:

– Сгаргутӕ куд фегъосун кодтонцӕ, уотемӕй немуц донмарӕнтӕ ихалунцӕ. Дони зӕйӕ нӕбӕл ку рауадзонцӕ, уомӕй тӕссаг ӕй… Ӕвӕстеуатӕй уӕ дзармадзантӕ, машинттӕ бӕлӕстӕмӕ федар бабӕттетӕ. Уӕхуӕдтӕ ӕд тохӕнгӕрзтӕ – бӕлӕстӕмӕ. Уоми уӕхецӕн бунӕттӕ ӕрцӕттӕ кӕнетӕ. Уӕ гъос даретӕ мӕ командӕмӕ. Цъӕх ракетӕ.

Адӕм талинги куд ӕзмалдӕнцӕ, дзармадзантӕ бӕлӕстӕмӕ куд байстонцӕ, уомӕ кастӕн. Уӕдта мӕ гъостӕбӕл ӕрцудӕй дони хӕл-хӕл. Хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта. Цума ӕцӕг зӕйӕ рацудӕй, уоййау зӕнхӕ ӕзмалдӕй.  Машинттӕ хъан кодта, дзармадзантӕ. Дони уӕззау цӕфтӕй диз-диз кодтонцӕ нӕ буни бӕлӕстӕ. Мӕхенимӕри мӕстӕй фунхтӕн нӕ артиллеримӕ, ӕрӕгӕмӕ ке ӕхстонцӕ, уой туххӕй.

Немуцаг сахари цæргутæ дзубанди кæнунцæ советон афицери хæццæ.

Уӕдта мин цума мӕ уайдзӕфтӕ фегъустонцӕ, уоййау ӕмнӕрд никкодтонцӕ дзармадзантӕ, нӕмгутӕ ӕскъотгӕнгӕ нӕ сӕрти тахтӕнцӕ ӕма дони дӕллаг фарс бӕстӕ сӕ сӕрбӕл исистонцӕ. Дон уотӕ карзӕй нӕбал ӕмбухта. «Ӕвӕдзи, нӕ сапертӕ ӕрбахъӕрттӕнцӕ», – рагъуди кодтон ӕз. Кӕсун, ӕма немуци бӕлӕгътӕ хъӕбузати хузӕн мах ӕрдӕмӕ ӕрбалӕгӕрдунцӕ. Ракетӕ хӕрдмӕ исуагътон. Автоматтӕ искъӕр-къӕр кодтонцӕ. Немуц искатай ӕнцӕ. Кӕцирдӕмӕ цӕуонцӕ, уой нӕбал зонунцӕ. Фӕстагмӕ фӕстӕмӕ ледзунмӕ фӕцӕнцӕ. Мах бацудмӕ нӕ артиллери ӕ куст бакодта. Сугъдӕнцӕ немуци федӕрттӕ, пеллон арт уагътонцӕ…

Хайло рабадтӕй. Ниууолӕфтӕй.

– Фӕстӕдӕр, бон ку ӕрбацъӕх ӕй, не ’фсӕдтӕ немуци сӕ разӕй ку истумбул кодтонцӕ, уӕд ма бӕлӕстӕмӕ фӕстӕмӕ еу каст фӕккодтон. Раздӕри хузӕн фӕрсӕй-фӕрстӕмӕ лӕудтӕнцӕ, сӕ цӕнгтӕ кӕрӕдземӕ ивазтонцӕ. Цума кӕрӕдзей нихъхъури кӕнунмӕ гъавтонцӕ, уотӕ мӕмӕ фӕккастӕй: нуртӕккӕ сӕ бунатӕй фезмӕлдзӕнӕнцӕ, ӕрбалӕгӕрддзӕнӕнцӕ етӕ дӕр дони сӕрти…

(Уодзæнæй ма).