21 ноября 2024

УАЛДЗИГОН НЕЗТӔ ӔМА ЗАЙӔГОЙТИ РУГӔ

21.05.2021 | 16:12

Сӕрдигон рӕстӕг  ка ӕхснирсун  райдайуй, ка хуфун, кӕмӕндӕр ба ӕ цӕстисуг кӕлун райдайуй. Е ӕй аллергийӕ, дохтиртӕ ма аци нез хонунцӕ «уалдзигон поллиноз». Аллергийӕ ци ӕй, циуавӕр незихатт, уой медицинӕ амонуй уотӕ: нез расайунцӕ кӕцидӕр бауӕргъӕдтӕ – аллергентӕ – уӕлдай хъӕбӕрдӕр ка фенкъаруй, уомӕ фӕззиннуй поллиноз кенӕ ба – аллергийӕ.

Аллергийӕ ке тухсун кӕнуй, етӕ, ка ’й зонуй, ӕма лӕдӕргӕ дӕр нӕ фӕккӕнунцӕ, сӕ гъигӕдарӕг аллергентӕ сӕ алливарс, аллирдигӕй ке ’нцӕ, уой. Аллергентӕ ‘нцӕ берӕ аллихузон – ке нӕ къӕхти буни горцъетӕбӕл кенӕ фӕрстӕбӕл ци ругӕ ӕрбадуй, е гъигӕ даруй, ке ӕ хӕдзари рази ци бӕласӕ ирӕзуй, уомӕн ӕ деденӕги ругӕ, ке ба багъигӕдардта ӕзинӕ ци хуасӕ баниуазта, е ӕма уотӕ идарддӕр. Адӕймаги организммӕ бахаунцӕ уӕлдӕфӕй дӕр, ӕ уолӕфӕнтӕй дӕр, сауӕнгӕ укол кӕнгӕй дӕр. Беретӕн ба сӕ нез расайӕг ӕй амбрози, бӕлвурддӕр зӕгъгӕй – ӕ ругӕ.

Поллиноз алкӕддӕр фӕззиннуй анзи еци-еу афони ӕма ӕхе ӕвдесуй еци-еу хузи: амбрози ӕ тӕккӕ деденӕгкалуни ку фӕууй, уӕд нез дӕр искарз уй. Фал куддӕр деденӕг калд фӕууй, уотӕ адӕймаг дӕр ӕ незӕй фӕййервӕзуй.

Мадта бонигъӕдӕ дӕр ахедуй поллинозӕй сӕйгити уавӕрбӕл: уаруни рӕстӕг син фӕууй ӕнцондӕр, сор, тӕвдӕ бони ба бустӕги лӕгъуз. Айдагъ ӕхснирсун ӕма цӕстисугӕй гъуддаг нӕбал фӕххецӕн кӕнуй, исбӕрзонд уй бауӕри тӕвдӕ, сӕр тъӕппитӕ хаун райдайуй, сӕйгӕ мӕстгун дӕр исуй. Еу-цуппар анзи ӕма уомӕй фулдӕр аци незӕй ка сӕйуй, уонӕмӕ аллергийӕ расайуй никки уӕззаудӕр незтӕ – гайморит, бронхиалон астмӕ ӕма ӕндӕртӕ.

Аллихузи ругтӕ ке гъигӕдарунцӕ, поллинозӕй уӕхӕн сӕйгитӕ гъӕуайкӕнуйнаг ӕнцӕ, тӕссагдӕр син ка ’й, уӕхӕн  тухтӕй. Циуавӕр ӕнцӕ еци тухтӕ? Фиццагидӕр, етӕ ӕнцӕ адӕймаг еудадзуг сӕйгӕ кӕмӕй ӕй, еци незтӕ. Поллинозӕй сӕйгитӕ куд дзорунцӕ, уотемӕй, ругӕ сӕ ку нӕма гъигӕдардта ӕма сӕмӕ аллергийӕ ку нӕма адтӕй, уӕд уой размӕ садӕнцӕ  ӕндӕр незтӕй, ӕма еци незти профилактикӕ еци-еу рӕстӕг ӕй профилактикӕ поллинозӕй дӕр.

Поллиноз адӕймагмӕ куддӕр фӕззиннуй, уотӕ, ӕнӕмӕнгӕ, гъӕуама бацӕуа дохтир – аллергологмӕ. Е ин ӕ уавӕрмӕ цӕстӕ дардзӕнӕй, кӕдмӕ гъӕуа, уӕдмӕ. Сӕйги гъӕуй хе гъӕуай кӕнун, ка ’й гъигӕдаруй, еци ругӕй, гъома, ӕнхӕст кӕнун гъӕуй нези профилактики мадзӕлттӕ:

♦ ци деденӕги ругӕ ӕй гъигӕдаруй, уомӕн ӕ  калуни рӕстӕг адӕймаги гъӕуй рацӕун еци деденӕг кӕми нӕ зайуй, уӕхӕн рауӕнмӕ;

♦ сӕумӕй раги ӕндӕмӕ цӕугӕ нӕй;

♦ хор бони сӕумӕй ӕндӕмӕ рацӕугӕй, бакӕнун гъӕуй кӕсӕнцӕститӕ, фий ба ӕмбӕрзун  уомӕл къохмӕрзӕнӕй;

♦ сор думги рӕстӕг къӕрӕзгитӕ гъӕуй ӕхгӕдӕй дарун;

♦ уатмӕ кӕдзос уӕлдӕф уадзун гъӕуй айдагъдӕр уаруни фӕсте;

♦ адӕймаг бонӕ дууӕ хатти ӕхебӕл гъӕуама дон ӕркала;

♦ гъӕунгӕй хӕдзарӕмӕ ӕрбацӕугӕй дзиккотӕ гъӕуй нихснун.

Поллинозӕй сӕйгитӕ се ’нӕнездзийнадӕбӕл гъӕуама уӕлдай хъӕбӕрдӕр тухсонцӕ, сӕ цӕстӕ фулдӕр даронцӕ ОРВИ, грипп ӕма иннӕ инфекцион незти профилактикӕмӕ. Ӕргом уӕлдай хъӕбӕрдӕр ӕздахун гъӕуй организм федардӕр кӕнуни гъуддагмӕ. Физикон ӕгъдауӕй федар ка уа, уомӕн незтӕй, уой хӕццӕ аллергентӕй дӕр тӕссаг нӕй.

Профилактикон мадзӕлттӕй сӕ ахсгиагдӕр еу ӕй кӕрдӕгутӕ ӕма зайӕгойтӕ афойнадӕбӕл никкӕрдун, уӕд етӕ уӕлдӕфмӕ сӕ ругӕ нӕ калдзӕнӕнцӕ, е ба, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, адӕми ӕнӕнездзийнадӕбӕл хуӕздӕрӕрдӕмӕ фӕззиндзӕнӕй. Ӕма еци гъуддагбӕл гъӕуй нӕ еугурей дӕр еумӕйагӕй архайун.