КОВИД ӔМА Ӕ ФӔСТЕУГУТӔ: БАФӔРАЗУНӔН СИН ЦИ ГЪӔУЙ?
Коронавируси хуӕцгӕ нез кӕмӕдӕр бахъӕрттӕй, етӕ си ку исдзӕбӕх унцӕ, уӕддӕр ма сӕ уой фӕсте дзӕвгарӕ рӕстӕги дӕргъи цидӕр фӕттухсун кӕнуй, цӕмӕйдӕр хъурдохӕн кӕнунцӕ, катай сӕбӕл бацӕфсуй. Е амонуй, нези фӕстеуӕги хузи организм ке ӕвзаруй психикон ӕййивддзийнӕдтӕ. Адӕймаг ӕхе фенкъаруй фӕллад ӕма мӕтъӕлӕй.
Дзӕвгарӕ рӕстӕг бауолӕфуни фӕсте дӕр ма адӕймаг ӕгӕр тагъд ку фӕллайа, ӕ хъаури ку нӕ уа ӕма ӕ зӕрдӕбӕл бадарун ӕ бон ку неци уа, уӕд е уой амонуй, ӕма етӕ ‘нцӕ ковиди фӕстеугутӕ. Ци кӕнгӕ ‘й уӕхӕн уавӕри?
Ранимад ӕууӕлтӕ сӕхуӕдтӕ сӕхе ӕгъдауӕй нӕ рандӕ уодзӕнӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ, тӕккӕ фиццаг, бацӕун гъӕуй дохтирмӕ – невролог кенӕ реабилитологмӕ. Уомӕн ӕма, ка ‘й зонуй, адӕймаги багъӕудзӕнӕй хуастӕй дзӕбӕх кӕнун. Дохтирти иннӕ амунддзийнӕдтӕ ӕнцӕ уӕхӕн:
♦ уӕхе ма фӕллайун кӕнетӕ – нецӕмӕн гъӕуй кусти кӕронмӕ бадун;
♦ фагӕ фунӕй кӕнетӕ – аст сахатти адӕймаг ку фӕффунӕй кӕна, уӕд уой фӕсте ӕ сӕримагъз дӕр косдзӕнӕй берӕ хуӕздӕр;
♦ физикон ӕгъдауӕй уӕхебӕл берӕ нӕ, фал ӕмбӕлгӕ уаргъ ӕвӕретӕ – адӕймаг ӕнӕхъаурӕ ку уа, уӕд спортивон залмӕ цӕун нецӕмӕн гъӕуй, бассейни ку ранакӕ кӕнайтӕ, уӕд е дӕр уодзӕнӕй уӕ фагӕ;
♦ хуӕруйнаги гъуддаг гъӕуама уа хузӕнон арӕзт – аккаг бӕрцӕй фингӕбӕл гъӕуама уа уорсаг, сойнӕ ӕма углеводтӕ, уони хӕццӕ си карз ниуӕзти кой гъӕуама ма уа;
♦ ахиддӕр гъӕуй кӕдзос уӕлдӕфӕй уолӕфун – кусти фӕсте дӕр, фӕлладуадзӕн бӕнтти дӕр сабургай тезгъо кӕнунӕн уалдзӕг ӕй ӕ тӕккӕ афонӕ, ӕма еци хуарз гӕнӕнӕй гъӕуй пайда кӕнун.
Уотемӕй, уӕхе гъӕуай кӕнетӕ ӕма ӕнӕнез уотӕ.
Медицинон профилактики республикон центр