23 ноября 2024

ÆДАСДЗИЙНАДÆБÆЛ ГЪÆУАМА ЕУМÆЙАГÆЙ АРХАЙÆН…

28.05.2021 | 15:02

Цæгат Иристони Сæргълæууæги  ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло ин разамунд лæвардта, уотемæй адтæй террористон фæззиндтитæ ма ‘руадзуни фарстати  фæдбæл Республикон къамис æма Оперативон штаби радон æмбурд.

Видеоконференций бастдзийнади фæрци Хецауади иуонгтæ æма æндæр профилон ведомствити разамонгутæ æрдзурдтонцæ терроризми нихмæ профилактикон мадзæлттæ аразун æма информацион кусти фарстатæ нæ республики куд æнхæстгонд цæунцæ, уой фæдбæл. Сæрмагондæй уæлдай бæлвурддæр æргом æздæхт æрцудæй, республики скъолати æдасдзийнади системитæ куд косунцæ, уомæ.

Æмбурди райдайæни Сергей Меняйло бæрнон ведомствити разамонгути æргом раздахта цалдæр ахсгиаг фарстайемæ.

– Тæтæри республики сæйраг сахар Хъазани 11 майи ци æверхъау фидбилиз æрцудæй, е нæуæгæй карзæй æрæвардта ахурадон косæндæнтти æдасдзийнади фарста, – баханхæ кодта е æ радзубандий. – Уавæр куд æвдесуй, уотемæй аци гъуддаги нерæнгæ ма аййеппитæ ес. Уомæй уæлдай, æригæнтти терроризми идеологий тæвагæй багъæуай кæнуни туххæй ци мадзæлттæ арæзт цæуй, етæ дæр фагæ нæ ‘нцæ. Хъазани ци уæззау фудракæндæ арæзт æрцудæй, уой зæрдæбæл даргæй, лæмбунæг рагъуди кæнун æма исбæлвурд кæнун гъæуй багъæуай кæнуни системи фæгъгъомусгиндæр кæнуни фæткитæ.

Терроризми нихмæ архайди Национ комитети разамонæг Андрей Пржездомский куд радзурдта, уотемæй террористтæ æма иннæ фудгæнгути фæндитæ æма нисантæ рагацау рабæрæг кæнун зин æй. Еци уавæр лæдæргæй, фарста гъæугæ райаразунæй комкоммæ ихæсгин ка ‘й, еци ведомствитæ еугурæйдæр сæ хъауритæ гъæуама бæлвурдæй исаразонцæ, адæм берæгæйттæй кæми фæуунцæ, уæдта æндæр уæхæн тæссаг бунæтти æдасдзийнадæмæ:

– Еугур уæлдæр амунд фарстатæбæл республики бæлвурд куст цæуй. Уой хæццæ, еудадзуг цæстдарди аккаг æй террористон фæззиндтити профилактикæ дæр. Сæрмагонд мадзæлтти фæрци гъæуама рагацау бæрæггонд цæуонцæ, аллихузон æгъдауихæлдтитæ æма фудракæндтитæмæ  æмхец ка ‘й, адæми уæхæн къуæрттæ, сæ хæццæ гъæуй сæрмагонд куст кæнун. Аци æма иннæ нисантæбæл лæмбунæг æма æмхъаурæй куст ку цæуа, уæд нæ къохи æфтуйдзæнæй гъæугæ бæрæггæнæнтæ.

Ахурадон косæндæнттæ террористон фæззиндтитæй багъæуай кæнуни туххæй ци уæлæнхасæн мадзæлттæ арæзт цæуй, уой туххæй радзурдта ахурадæ æма науки министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Людмилæ Башарина. Æ дзубандимæ гæсгæ ахуради объектти террористон фæззиндтитæй æдасдзийнади мадзæлттæ æнхæст кæнунæн еу анзæн гъæуй 185 миллион  сомей бæрцæ. Куд ма загъта, уотемæй ахуради косæндæнттæй алкæмидæр исаразтонцæ террористон фæззиндтитæй æдасдзийнади сæрмагонд пълантæ, кæцитæ федаргонд æрцудæнцæ цæстдарæг ведомствити.

Æмбурди архайгутæ æрдзурдтонцæ æндæр ахсгиаг фарстатæбæл дæр, уæдта исфедар кодтонцæ, террористон фæззиндтитæй æдасдзийнади гъуддаг никки ахедгæдæр хузи райаразунæн гъæуама ка фæййагъаз уа, уæхæн унаффитæ.

Нæ уацхæссæг.