27 декабря 2024

ЗИНГИСЕРВÆЗТИ ФУДÆЙ

22.06.2021 | 22:22

Арти хæццæ æнæргъуди архайд, уой хæццæ – тамаку думун, ахиддæр æнцæ зингисервæзти анхосæгтæ, кæцитæми фæззиан унцæ адæм.

Нуриккон дуйней адæм кæмидæриддæр думунцæ: хæдзари, кусти, хеерхæфсæн бунæтти æма æндæр рауæнти. Ахид содзгæ сирник æма тамаку ниггæлдзунцæ: бугъти къоппи размæ, къæрæзгитæ æма балкъонтæй, газонтæмæ.

Тамаку нидæн сугъд кæнуй сахатти ’рдæг, æ тæвдæ фæууй 310-320 градуси. Æнæ рахуссун кæнгæй, тамаку ку рагæлдзай, уæд æ бон æй, ци æрмæгбæл æрхаудтæй, уой иссодзун кæнун. Тамаку ескæд бæргæ рахусдзæнæй, фал æ фæсте расайдзæнæй зингисервæзт.

Уæ зæрдæбæл уин лæуун кæнæн:

– уæ гъос даретæ, цæмæй сирниктæ æма тамакутæ сувæллæнтти къохтæмæ ма бахауонцæ;

– æ зинг кæмæн ниххустæй, еци тамакутæ дæр гæгъæдити хæццæ æма артаги æрмæгути хæццæ бугъти къоппитæмæ гæлдзæн нæййес, иссодзунæй син тæссаг æй;

– хуссæни тамаку думун не ’нгъезуй, никки ба ма ниуæзтгунæй,  уотемæй æнцонтæй бафунæй уодзæнæ æма содзгæ тамаку нæ рахуссун кæндзæнæ, уæледарæс æма си гъæдин дзаумау иссодздзæнæнцæ;

– æртхотæгдони бæсти гæгъæдитæй дзæкъолæ кенæ къоппитæй пайда кæнун не ’нгъезуй;

– къæрæзгитæ æма балкъонтæй, асинтти шахтитæмæ содзгæ тамакутæ гæлдзун не ’нгъезуй;

– зингисервæзти игурæнтæ медæмæ цæмæй ма бахауонцæ, уой туххæй фатерæй рацæуни агъоммæ, къæрæзгитæ æма дуар гъæуй исæхгæнун.

Цæмæй кусти кенæ хæдзари зингисервæзт ма ‘рцæуа, уой туххæй тамаку думуни рæстæг æдасдзийнади домæнтæ гъæуй æнхæст кæнун. Куддæр зингисервæзти фиццаг æууæлтæ балæдæрайтæ (сугъди  тæф, хъуæцæ), уотæ уайтæккæ телефонæй бадзоретæ зингисервæзти нихмæ тохгæнæг службæмæ, æ номер «01» кенæ «101»-мæ къохти хæсгæ телефонæй.  Цалинмæ служби косгутæ хъæртонцæ,  уæдмæ бал адæми æндæмæ рахонунбæл байархайетæ, арт хуссун кæнунмæ бавналетæ, уо къохи ци мадзæлттæ ес, уонæй. Уæхе æдасдзийнадæ уи ма иронх кæнæд.

Уæ зæрдæбæл уин лæуун кæнæн: тамаку думуни рæстæг ци æбæрнондзийнадæ равдесайтæ, е уин уæ цард фæццубур кæндзæнæй.

 

Æнæнгъæлти уавæрти министради цæгат-иристойнаг сæйраг управлений цæстдарди архайди службæ.