29 апреля 2024

Ӕ УОДВАРНИ АГЪАЗИАУӔЙ НӔ ФИДИБӔСТӔН Ӕ ЦИТГИНГӔНӔГ АДТӔЙ

30.06.2021 | 12:22

Иристони номдзуддӕр лӕгтӕй еу, цӕмӕдессаг устур аййевадон искурдиади рӕдау зӕрдихатт ӕма уодиконди хецау адтӕй Туйгъанти Сафари фурт Мухарбег. Нӕ адӕмӕн, нӕ уарзон Иристонӕн ци берӕ агъазиау хуӕрзти бацудӕй, уонӕн еумӕйагӕй сӕ сӕйрагдӕр е ӕй, ӕма нӕ национ хузӕкӕнуйнади аййевадӕ ӕнӕгъӕнӕ дуйней хузӕкӕнуйнадон исфӕлдистади бӕрзӕндти-бӕрзонддӕр рауӕнтӕмӕ ке исиста, е. Ӕрӕги, 27 июни ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй авдинсӕй анзи (1881-1952). Аци ахсгиаг цау нӕ ихӕсгин кӕнуй ӕ рохс ном ин исцитгин кӕнунӕй, ӕ цардвӕндаги хабӕрттӕмӕ дӕр ӕма ӕ разагъди исфӕлдистадӕмӕ дӕр лӕмбунӕгдӕр ӕргом раздахунӕй, ӕ кадӕ цӕйбӕрцӕбӕл бӕрзонд ӕй, уойбӕрцӕбӕл кадгинӕй ӕй ӕримисунӕй, дзиллити, уӕлдайдӕр ба ирӕзгӕ фӕлтӕрти бацӕмӕдессаг кӕнунӕй, цӕмӕй ӕй зононцӕ ӕма, сӕрустур си уогӕй, аккаг аргъ ин кӕнонцӕ.

Нӕ зӕрди ес, уой фӕдбӕл нӕ газети сӕрмагондӕй аллихузон ӕрмӕгутӕ ниммухур кӕнун. Еуцалдӕр бал си кӕсетӕ абониккон номери 4-7-аг фӕрстӕбӕл.