03 декабря 2024

ЦӔГАТ ИРИСТОНИ РАЙРӔЗТИ ГӔНӔНТӔ АГЪАЗИАУ ӔНЦӔ!..

30.06.2021 | 12:26

Гъуддаг ӕнтӕстгинӕй аразунбӕл ка архайуй, арфи аккаг дӕр е ӕй?..

Уӕхӕн гъудимӕ ӕрцудӕнцӕ, фӕстаг рӕстӕг Уӕрӕсей хецаудзийнади бӕрнондӕр косгутӕй нӕ республикӕ ка бабӕрӕг кодта, ӕ социалон-экономикон уавӕртӕ ӕма гӕнӕнти хӕццӕ бӕлвурдӕй ка базонгӕ ‘й, етӕ.

Уӕрӕсей Президенти ӕнхусгӕнӕг Максим Орешкин, нӕ республикӕ бабӕрӕг кӕнгӕй, фӕууидта цалдӕр кустадон ӕма социалон объекти. Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, республики бӕрнон косгутӕ радзурдтонцӕ нури социалон-экономикон уавӕри туххӕй, уӕдта нӕмӕ ци инвестицион программитӕбӕл цӕудзӕнӕй куст, уонӕбӕл.

Сергей МЕНЯЙЛО æма Денис МАНТУРОВ нæ республики промышленнон кустуæтти продукций равдисти.

Фермерон хӕдзарадӕ «Долина спаржи» дӕс ӕма ӕртинсӕй гектаребӕл алли анз дӕр ӕрзайун кӕнуй аци халсари дууадӕс хуземӕй 100 тонней бӕрцӕ продукци. Косуй си ӕртинсӕй адӕймаги.

Максим Орешкин аразийӕй байзадӕй сӕ архайдӕй, ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, хуарз уидӕ иристойнаг спаржӕ дуйней алли рауӕнтӕмӕ ӕрветун, федӕни ба уӕхӕн хуӕрӕндонӕ байгон кӕнун, хуӕруйнӕгтӕ си аци пайдайаг халсарӕй конд куд цӕуонцӕ.

Дзӕуӕгигъӕуи ӕхсӕзинсӕй ӕригон футболисти 12-16 анзей кари уӕнгӕ сӕ зонундзийнӕдтӕ уӕлдӕр кӕнунцӕ футболон академи «Алани»-й. Иуазгутӕ фӕууидтонцӕ, куд арӕзт ӕй ахурадон ӕма тренерон куст, бакастӕнцӕ, биццеутӕ хъазмузи хӕццӕ куд арӕхсунцӕ, уомӕ. Максим Орешкин устур аргъ искодта сӕ архайдӕн ӕма син арфӕ ракодта.

Нӕ республики промышленности къабази райрӕзтбӕл дзубанди цудӕй наукон-технологон ӕма промышленнон центр «Баспик»-и бундорбӕл. Иуазгутӕ бабӕрӕг кодтонцӕ наукон цехтӕ, байгъустонцӕ, ахургӕндтӕ тагъд рӕстӕги ци проектбӕл косдзӕнӕнцӕ, уомӕ.

Раздӕри завод «Электро-цинк»-и агъазиау цехтӕ ӕма бӕстихӕйттӕ нӕуӕг хузи райаразун, хауӕццӕгти дуккаг бакустӕй продукци есун, аци ӕма ӕндӕр фарстатӕбӕл дӕр цудӕй дзубанди. Куд фӕннисан кодтонцӕ, уотемӕй еугур гъуддӕгутӕмӕ дӕр цӕстдард уодзӕнӕй ӕрдзон фӕрӕзнитӕ ӕма экологий Министрадӕ ӕма «Росприроднадзор»-и ‘рдигӕй.

Идарддӕр делегаций иуонгтӕ ӕрлӕудтӕнцӕ нӕ сахари сӕйрагдӕр гъӕунгтӕй еу, Сабурдзийнади проспекти райдайӕнбӕл. Нуртӕккӕ ами цӕунцӕ арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куститӕ Евгений Вахтангови хӕдзарӕ-музейи. Нӕ республики райрӕзти Агентади программӕ «Культурӕ»-йи разамонӕг
Атайти Мӕдинӕ лӕмбунӕг радзурдта хабӕрттӕ.

– Дуйней фиццаг циртдзӕвӕн Вахтанговӕн байгон кодтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи, ами ес ӕ номбӕл Хонсар Уӕрӕсей зӕронддӕр драмон театр.

Федералон нисанеуӕг кӕмӕн ес, уӕхӕн устур культурон артдзӕстӕ исаразунмӕ бавналдтан. Уодзӕнӕй си камерон зал, актертӕн фусунуӕттӕ, игон сӕрдигон театралон фӕзӕ ӕма кинотеатр, ӕрмдӕснити минкъий тукан, – загъта Мӕдинӕ. Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, проект арӕзт цӕуй хецӕн амалгъонтӕ ӕма Вахтангови номбӕл театри агъазӕй. Паддзахадон академион театри сӕдӕ анземӕ ӕма Уруссаг академион театри дӕс ӕма авдинсӕй анземӕ аци анз байгон уодзӕнӕй хӕдзарӕ-музей. Фӕстӕдӕр си арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй алцӕмӕй ӕнхӕст культурон центр.

Уӕрӕсей Президенти агъазгӕнӕгӕн ӕхцӕуӕн балци адтӕй нӕ сахари паркмӕ, уоми ‘й базонгӕ кодтонцӕ, Терки билгӕрӕнттӕ идарддӕр куд аййевгонд цӕудзӕнӕнцӕ, уой хӕццӕ.

ПАЙДАХӔССӔГ ФАДУӔТТӔ ГЪӔУАМА ДЗӔГЪӔЛ ЛӔУД МА КӔНОНЦӔ…

Уой хуӕдфӕсте Цӕгат Иристони косӕг балций адтӕй Уӕрӕсей Федераций промышленности ӕма базаради министр Денис Мантуров. Ӕ хӕццӕ нӕ республики Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, республикон профилон министрадтӕ ӕма ведомствити разамонгутӕ, уотемӕй е бабӕрӕг кодта гъӕдӕ ӕма гъӕдӕй дзаумӕутти кустгӕнӕг фабрикӕ «Рокос». Министр ӕрзилдӕй кустуати цехтӕбӕл, базонгӕ ‘й кустадон процесси хӕццӕ. Фабрики разамонӕг Цомайти Марат министри базонгӕ кодта, кустуат гъӕдӕй конд ци дзаумӕуттӕ уадзуй, ци гъӕдӕрмӕг ӕма ци техникӕй косунцӕ, сӕ продукцийӕн фӕлхасгӕнгутӕ ци хузи аргъ кӕнунцӕ, уӕдта, кустуати идарддӕри ирӕзтӕн сӕмӕ циуавӕр инвестицион проект ес, еугур уони хӕццӕ. Сӕ инвестицион проект баст ӕй кустадӕ рапарахат кӕнуни хӕццӕ. Уомӕн ци мадзӕлттӕ ӕма агъази фӕрӕзнитӕ ес, уобӕл Денис Мантуров ӕма Цомайти Марат лӕмбунӕг ӕрдзубанди кодтонцӕ.

Нæ республики Хецауади Сæрдари ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг ТУСКЪАТИ Таймораз (рахесæрдигæй – фиццаг) æма Максим ОРЕШКИН (рахесæрдигæй – дуккаг) фермерон хæдзарадæ «Долина спаржи»-й.

Минкъий фӕстӕдӕр хецауади Хӕдзари фойей федералон министр базонгӕ ‘й Цӕгат Иристони промышленнон кустуӕтти продукций равдисти хӕццӕ. Сӕ продукций хӕццӕ иуазгути базонгӕ кодтонцӕ: акционерон ӕхсӕнадтӕ «Радуга», «Кетон», «Наукон-кустадон еугонд «Бином», «Дзӕуӕгигъӕуи завод «Электроконтактор», «Дзӕуӕгигъӕуи вагӕнттӕ цалцӕггӕнӕн завод»; ӕнӕнхӕст бӕрнондзийнади ӕхсӕнадтӕ: наукон-кустадон еугонд «Токар», «Иристони сӕуӕхседт», «Еугонд арӕзтадон компани «21 век», «Ирӕфи хуйӕн фабрикӕ», «Уӕледарӕс», «Галион», «Дезомед», «Изольда»; игон акционерон ӕхсӕнадтӕ «Магнит», «Кавдоломит», «Мӕздӕггаг нивӕфтудтӕ».

Денис Мантуров дзурдта алли кустуати разамонӕги хӕццӕ дӕр: сӕ кусти ци къулумпидзийнӕдтӕ ес, циуавӕр тухстдзийнӕдтӕ ӕййафунцӕ ӕма федералон хецауади ‘рдигӕй циуавӕр агъазмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уобӕл.

– Ци равдист фӕууидтон, е дзорӕг ӕй, республики промышленнон гъомусадӕ агъазиау ке ‘й, уобӕл, – уӕхӕн хатдзӕг искодта Денис Мантуров. – Ӕма, цӕмӕй гъомусгиндӕр кӕна, уой туххӕй, фиццагидӕр, размӕ ракӕнун гъӕуй арӕзтадон ӕрмӕгутӕ уадзуни къабазӕ, химион, электронон, металлургон промышленностӕ. Еугур еци къабӕзтӕ размӕ цӕмӕй цӕуонцӕ, уомӕн ес федералон ӕма регионалон агъази фӕрӕзнитӕ, ӕма си сӕ бон ӕй пайда кӕнун. Еци гъуддаги син мах дӕр фӕййагъаз кӕндзинан.

Сергей Меняйлой гъудимӕ гӕсгӕ, Цӕгат Иристони ес берӕ промышленнон фӕзуӕттӕ, ин-нӕ регионти уойбӕрцӕ нӕййес. Уой фӕдбӕл ӕ радзубандий уотӕ баханхӕ кодта:

– Ӕма етӕ дзӕгъӕл лӕуд гъӕуама ма кӕнонцӕ!.. Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма ӕвӕстеуатӕй гъӕуй райаразун промышленнон парктӕ ӕма технопарктӕ, уӕхӕн гъомус дӕр республикӕмӕ ес. Хецауади ‘рдигӕй ес айдагъдӕр еунӕг домӕн – кустуатӕн ӕхемӕ гъӕуама уа райрӕзти программӕ, ӕма имӕ уӕд агъази гӕнӕнтӕ ӕнцондӕрӕй бахъӕртдзӕнӕнцӕ. Иннӕ расагъӕскӕнуйнаг ахсгиаг гъуддаг – ӕгустдзийнадӕ нӕ республики хъӕртуй ӕхсӕрдӕс процентемӕ, уотемӕй ба, ци промышленнон кустуӕттӕ нӕмӕ ес, уонӕми косгутӕ нӕ фагӕ кӕнуй, нӕййес, ка гъӕуй, уӕхӕн дӕсни специалисттӕ. Уомӕ гӕсгӕ ӕркӕсдзинан ӕма бундоронӕй райараздзинан астӕуккаг профессионалон ахуради къабазӕ, дӕсни косгутӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги абони домӕнтӕн дзуапп куд дӕтта, еци хузи.

Бӕлвурд дзубанди цудӕй металлургий къабазӕ размӕ ракӕнунбӕл, хузгин ӕма сау металлургий къабазӕ ци промышленнон продукци уадзуй, уобӕл феддонтӕ ӕвӕруни фӕткӕ ӕма ибӕл, хъалонтӕ федунӕн ци ӕгъдау ӕвӕрд ес, уой бахузӕнон кӕнунбӕл, сӕ гъомусадӕ ӕма син се ‘фтуйӕггӕгтӕ фӕффулдӕр кӕнунӕн син гъӕугӕ равгитӕ куд уа, уобӕл ӕма ӕндӕр ахсгиаг хӕдзарадон фарстатӕбӕл.

Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Хекъилати Маринӕ.