21 ноября 2024

ХЪАЗАР АДӔЙМАГ НИН АДТӔЙ…

30.06.2021 | 13:09

Туйгъанти Мухарбег æ мадæ Асиати (Санати Гацири кизгæ) æма æ хуæрифуртти хæццæ.

Мӕхе амондгунбӕл нимайун, Сталинирмӕ бафтуйгӕй хузӕгӕнӕг Туйгъанти Мухарбеги хӕццӕ ке базонгӕ дӕн, уомӕй. Мухарбег адтӕй, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн зӕрдесгӕ адӕймаг.

Е адтайдӕ 1932 анзи сентябрӕн ӕ фиццаг кенӕ ӕ фӕстаг бӕнтти. Мухарбеги хӕццӕ мӕ базонгӕ кодта хузӕгӕнӕги фурт Энвер. Уӕд ӕз косун райдӕдтон парткабинети. Еци азгъунсти адтӕй облӕсти сӕйраг кӕсӕндонӕ дӕр. Энвер куста уоми директорӕй. Ӕма ӕ дзубандитӕй базудтон, ӕ фидӕ хузӕгӕнӕг ке ’й, уой ӕма фӕннӕхстӕр ан студимӕ. Цудтӕн, фал мӕ гъудий кӕрони дӕр нӕ адтӕй, Райгурӕн бӕстӕ ӕведуйгӕ рӕсугъдӕй ке фӕууиндзӕнӕн ӕма мӕ зӕрдӕ хузӕгӕнӕги ӕрмадзи ке байзайдзӕнӕй.

Мухарбег адтӕй хуӕрзконд, ӕлвӕст,  рӕсугъд цӕсгон ин, дуйнемӕ кастӕй кӕдзос, алциуинагӕ цӕститӕй. Адтӕй еци  раст ӕма еузӕрдиуон, адӕймаги тавта ӕ цӕстингасӕй дӕр. Ӕгӕрон хъазар мин иссӕй Туйгъанти Мухарбег, ӕгӕрон устур аргъ ин кӕнун ӕ уадзимистӕн. Ку базонгӕ ан, уӕдӕй фӕстӕмӕ уӕхӕн бон нӕ адтӕй, ӕма ӕз студимӕ кӕд нӕ бацудтӕн. Мӕ цӕстӕ дардтон хузӕгӕнӕги алли ӕрмдзӕфмӕ дӕр нӕуӕг хузӕ куд райгуруй, уомӕн адтӕн ӕвдесӕн.

Студий кустонцӕ ӕ ахургӕнуйнӕгтӕ дӕр. Ӕ гъос сӕмӕ куд ӕновудӕй дардта, куд зӕрдибунӕй сӕ уарзта, уобӕл деси бацудтӕн. Студий базонгӕ дӕн ӕригон студент Засети Александри хӕццӕ. Ӕмбӕлттӕ ’й гъазгӕй Къогъо исхудтонцӕ. Уотемӕй  е еци рӕстӕги иллюстрацитӕ искодта Бегизати Чермени киунугӕн «Бирӕгътӕ». Студимӕ ка цудӕй, уонӕй ӕндӕр мӕ зӕрдӕбӕл неке бадардтон.

Туйгъанти Мухарбегмӕ цудӕнцӕ хестӕртӕ дӕр, кӕстӕртӕ дӕр. Ӕма ӕрбацӕугутӕ ӕртемӕй ку фӕффулдӕр уиуонцӕ, уӕд ӕз сабургай мӕхе исесинӕ, хъори хуасӕй ӕндӕр неци дӕн, зӕгъгӕ.

Рацудӕй анзи ’рдӕг, уотӕ ӕз бахизтӕн Туйгъанти хӕдзари къӕсӕрӕй. Фидӕ ӕма фурт цардӕнцӕ еу уати. Дессагӕй сӕмӕ неци разиндтӕй: дууӕ тъахтини нимӕтӕй ӕмбӕрзт, стъол, ӕртӕ-цуппар къелай, къуми табуреткӕбӕл – керосинкӕ, тӕрхӕгутӕбӕл – киунугутӕ амад. Фӕрстӕбӕл – хузтӕ, этюдтӕ. Цӕстӕ сӕмӕ кӕсунӕй не ’фсастӕй, цума алӕмӕти бӕстӕмӕ бахаудтӕн, хори рохс си ивулдӕй. Абони хузӕн мӕ цӕстити рази лӕууй хуарӕн къариндӕстӕй хъӕбӕр дӕсни конд, зӕгъӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн рӕсугъд этюд: ирд хорбон, надбӕл фӕццӕуй, бӕлвурддӕр зӕгъгӕй ба, лӕсӕгау кӕнуй адӕймаг. Ӕнгъӕл адтӕн, ӕма еци этюд айдагъ мӕнӕн уотӕ хъазар адтӕй, фал ма хузӕгӕнӕг Ходи-фуртмӕ дӕр ӕнахур дессаг ке кӕсуй, уой ку базудтон, уӕд си хъӕбӕр фӕббоз дӕн.  Аслӕнгерий хӕццӕ баздахтан Мухарбегмӕ ӕма ин загътан нӕ курдиадӕ, гъома, этюдӕй хузӕ исаразӕ, зӕгъгӕ. Е бахудтӕй ӕма, ӕ къох ракъуӕргӕй, уотӕ бакодта: «Уомӕ мӕ нӕ евдӕлуй».

Хуцаубӕнтти сӕумӕраги Мухарбег цудӕй этюдтӕ финсунмӕ, еци бӕнтти ӕ ахургӕнуйнӕгтӕй ӕ хӕццӕ неке адтӕй. Фӕстӕмӕ цӕугӕй махмӕ ӕнӕ ’рбауайгӕ нӕ фӕууидӕ. Къӕсӕрӕй ӕрбадзоридӕ:

– Еу каст уӕмӕ, зӕгъун, бакӕнон. Уӕ фиди хъӕбӕр имисетӕ? Кӕд уӕмӕ естӕмӕй фӕккӕсун гъӕуй? Ӕфсӕрми ма бакӕнетӕ…

Туйгъанти Мухарбег Абисалти хуæрти хæццæ.

Мухарбеги ӕрбацудмӕ нӕ еугуремӕн дӕр нӕ цӕститӕ исуорс уиуонцӕ. Нӕ мадӕ фингӕ ӕвӕрунмӕ фӕууидӕ. Мӕ кӕстӕр хуӕрӕ ӕма ме ’нсувӕр ба Мухарбегмӕ баледзиуонцӕ, ӕ этюдти папкӕ ин ӕ къохӕй ракъахиуонцӕ, ӕма ибӕл цийнӕ кӕнунмӕ фӕууиуонцӕ, фӕстагмӕ ба ’й финги уӕлгъос исбадун кӕниуонцӕ.

Еууӕхӕни дин Мухарбег ӕ сосӕгдзийнадӕ ку исгъӕр кӕнидӕ: сӕумӕраги ести кустмӕ бавналуй, ӕма, цалинмӕ ӕ зӕрди фӕндӕуагӕ нӕ фӕффудӕбон кодтайдӕ, уӕдмӕ ӕ гъӕлӕсмӕ комидзаг нӕ хаста. Уотемӕй ибӕл ахид байзӕр уидӕ. Нӕ мадӕ ’й уайдзӕфти буни фӕккӕнидӕ.

– Мадта гъенур ӕфсес адӕймагмӕ уӕлтӕмӕнадӕ куд гъӕуама ӕрцӕуа?!. – зӕгъидӕ ин.

Еууӕхӕни Сталинирмӕ ӕрбацудӕй Абайти Васо. Мухарбег ӕй зӕрдибунӕй уарзта. Бонӕй киунугӕдонӕмӕ ӕрбауадӕй ӕма мин уотӕ:

– Изӕри, ирон-индийаги сорӕт конд ку фӕууон, уӕд уӕмӕ Абайти Васой хӕццӕ фӕццӕуӕн. Барӕ нин ес? Сомехаг ӕма бердзейнаг ӕвзӕгтӕбӕл ка дзоруй, уотемӕй ӕхе маддӕлон ӕвзаг дӕр кӕмӕй нӕ феронх ӕй, еци ирӕнтти хӕццӕ ’й базонгӕ кӕнон.

Еци изӕр нӕбӕл райевгъудӕй игъӕлдзӕгӕй. Мухарбег ӕ хӕццӕ ӕрбахаста, Васомӕ кӕсгӕй ке искодта, уӕхӕн сурх хуарӕнтӕй конд хузӕ, – уой размӕ сурх индийаги кой кодта, ӕма нур ӕ дзурд нӕ фӕссайдта. Аци сорӕт рауадӕй дессаг, студий фарсбӕл ауигъдӕй берӕ фӕллӕудтӕй.

Нӕ иуазгути дзубандитӕй мӕ зӕрдӕбӕл, гъулӕггагӕн, нецибал лӕууй. Ӕцӕг, гъуди ба ма кӕнун мӕ мади райдзаст цӕсгон: ӕ конд цихтгунтӕ иуазгути зӕрдӕмӕ фӕццудӕнцӕ.

Хузӕгӕнӕги куститӕмӕ кӕсгӕй нин ӕрмадзи дзубанди байеудагъ ӕй аййевади туххӕй. Еууӕхӕни ӕрӕстӕфтӕн, Мухарбеги бӕхтӕ мӕмӕ Клодти бӕхти хузӕн ке кӕсунцӕ, уой. Туйгъани-фурт мӕмӕ десӕйдзаг цӕститӕй ӕрбакастӕй, мольбертӕй ӕ цӕститӕ нӕ исиста, уотемӕй еуварсдӕр ӕрлӕудтӕй, ӕ сӕр батилдта ӕма загъта:

– Раст зӕгъис. Ӕма ’й мӕхуӕдӕг куд не ’ргъуди кодтон.

Туйгъанти Мухарбег æ хуæрифурти хæццæ.

Нарти таурӕхътӕ фиццагидӕр Мухарбеги дессаги хузтӕмӕ гӕсгӕ базудтон, уой фӕрци базонгӕ дӕн ирон литератури хӕццӕ, Иристон мин уой фӕрци ӕнӕзонгӕ нӕбал адтӕй.

Гъуди ма кӕнун уой дӕр, ӕма 1933 анзи нӕмӕ сӕрди ӕрбацудӕй Хохти Аслӕнгерий. Ӕ кой ин ахид кодтан, ӕма ’й фӕсаууонмӕ хуарз зудтан. Мухарбег мӕ музеймӕ бахонидӕ, ӕма си кастан Хохи-фурти конд хузтӕмӕ. Мухарбег ӕй уӕди хузӕгӕнгутӕй беретӕй уӕлдӕр ӕвардта, ирон орнаментбӕл ци фудӕбон бакодта, уомӕн ин устур аргъ кодта. Аслӕнгери нӕмӕ дуккаг бон ку ’рбацудӕй, уӕд дуккаг бон базонгӕ ан. Адтӕй фудхузтӕ арӕзт, е ’змӕлд – цурд, ӕ дарӕс – хуӕрзаййев. Мухарбегбӕл – устур керзӕ цулухътӕ, ӕ хӕдони уӕллӕй ӕрбабаста нарӕг ронӕ.

Аслӕнгери тухстӕй, фӕсаууонмӕ кедӕр карз ӕхсилкъитӕ кодта. Фӕйнӕхузи адтӕнцӕ, уӕддӕр Мухарбег Аслӕнгерибӕл тухстӕй, ӕ сонт миутӕ ин хатир кодта, ӕмгъудмӕ ку нӕ исӕнхӕст кӕнидӕ кедӕр фӕдзӕхст куститӕ, уӕд ӕй, сӕйгӕ ’й, зӕгъгӕ, Мухарбег рӕститӕ кодта.

Цубур рӕстӕги фӕсте Аслӕнгери махмӕ дӕр ӕрбацудӕй. Ӕрбахудта ӕй Энвер. Е лимӕнӕй цардӕй мӕ хуӕрӕ ӕма ме ’нсувӕри хӕццӕ. Цуппаремӕй бакъуар уиуонцӕ, сахари кӕронмӕ рандӕуиуонцӕ, уомити ӕнафонӕмӕ фӕббадиуонцӕ. Мӕйи бӕрцӕ фӕццардӕй Аслӕнгери, бадзурд исаразта, аванс райста ӕма денгизи билӕмӕ рандӕй. Рацудайдӕ мӕйӕ, ӕма ин ӕ финстӕгутӕ еу инней фӕдбӕл есун райдӕдтон. Ӕ гъӕститӕ мин фӕккодта, цума зӕнхӕбӕл уомӕй ӕнамонддӕр нӕ адтӕй. Ӕз бацӕуинӕ Мухарбегмӕ, Аслӕнгерий финстӕг имӕ радтинӕ. Е  ӕ медбилходгӕй бакӕсидӕ финстӕг, е ’рмадзӕ нихгӕнидӕ, рандӕуидӕ пости хайадӕмӕ ӕма ӕхца рарветидӕ.  Е дӕр си ку райсидӕ, уӕд сӕ уайтӕккӕ дӕр исхарз кӕнидӕ ӕма бабӕй ин ӕ нӕуӕг фӕдесон финстӕг райсианӕ. Нӕ, Мухарбег не ’смӕстгун уидӕ, ӕ хӕларзӕрдӕ медбилтихудт некӕд ниууадзидӕ, ӕма бабӕй ин ӕхца рарветидӕ. Уотӕ бакӕнидӕ:

– Цӕуон. Еци адӕймагмӕ фӕккӕсун гъӕуй. Дессаги хузӕгӕнӕг ӕй ӕма ’й судӕй дӕр куд рамарӕн.

1937 анзи зумӕги каникулти рӕстӕг нӕмӕ Аслӕнгери ӕма Энвер ӕрбалӕудтӕнцӕ. Ӕдеугурӕй нӕмӕ фӕцӕнцӕ дууӕ бони. Ме ’нсувӕр ӕма мӕ хуӕрӕ сӕ хӕццӕ сахарбӕл ӕрзилдӕнцӕ. Фиццаг бон бацудӕнцӕ Аййевадон музеймӕ. Аслӕнгери хъӕбӕр бӕлдтӕй сомехаг хузӕгӕнгути куститӕ фӕууинунмӕ, уӕлдай фулдӕр ба уарзта Сарьяни исфӕлдистадӕ. Еци изӕр бацудӕнцӕ оперон театрмӕ.

Радзубанди кӕнуни барӕ дӕр сӕ нӕ фӕууидӕ, фал мин  еууӕхӕни Аслӕнгери ӕ бӕлдӕ раргом кодта: фӕндадтӕй ӕй  Туркмӕ фӕццӕун, евгъуд ӕности уордӕмӕ ка рафтудӕй, еци ирӕнтти карнӕ базонун. Сӕ цард, дан, син равдесинӕ, цума, дан, ма ирон ӕгъдӕуттӕй естӕбӕлти хуӕст ӕнцӕ, ӕнхӕст ма сӕ кӕнунцӕ. Бӕргӕ ку бафтудайдӕ Туркмӕ, фал ӕ бӕлдӕ не ’сӕнхӕст ӕй.

Ӕзинӕ цума адтӕй, уоййау ма мӕ зӕрдӕбӕл лӕууй еу уӕхӕн хабар. Туйгъанти Мухарбегӕн еу кадӕр уӕхӕн хузӕ искӕнун бафӕдзахста: равдесӕ, дан, мин Кавказ иссӕребарӕ кӕнуни сӕрбӕлтау ци тох цудӕй, уой. Ӕнӕмӕнгӕ, дан, си гъӕуама зинна фидтӕлтиккон мӕсуг. Хузи гъӕуама ӕвдист ӕрцудайдӕ, мӕсуги фарсӕй нӕмгутӕ фӕстӕмӕ куд ӕсхъеунцӕ, ӕма  ка сӕ ’хста, уонӕн сӕхебӕл куд уайунцӕ, уой дӕр. Бӕлах уой медӕгӕ адтӕй, ӕма еци лӕгӕй не ’руагӕс кодта, хузӕгӕнӕги бон тӕхгӕ нӕмгутӕ равдесун ке нӕй, е.

Минкъий мӕститӕ не ’скодтонцӕ Мухарбегӕн, ӕхе «аййевади аргъгӕнӕг» ка худта, етӕ. Киунугӕдони директорӕй ку кустон, уӕд ин бафӕдзахстон Хетӕгкати Къостай сорӕт искӕнун. Мӕ курдиадӕ мин бадзубандигонд ӕмгъудмӕ исӕнхӕст кодта хузӕгӕнӕг. Фӕткӕмӕ гӕсгӕ къамиси иуонгтӕ гъӕуама исаргъ кодтайуонцӕ хузӕн ӕма ин гӕгъӕдитӕ исаразтайуонцӕ. Куд нӕ!.. Къоста къамиси иуонгтӕй неке зӕрдӕмӕ фӕццудӕй – сӕ еу уайдзӕф иннемӕй карздӕр. Куд сӕ балӕдӕрдтӕн, уотемӕй хузӕгӕнӕгӕй курдтонцӕ устур хузӕ искӕнун, фал ӕ куст аййевадӕмӕ ести барӕ даруй ӕви нӕ, уой мӕтӕ  ба си неке кодта. Исмӕстгун дӕн, фал ци гӕнӕн адтӕй. Раздахтон Мухарбеги куст. «Аййевади дӕснитӕ» кӕд ӕрцӕриуонцӕ, зӕгъгӕ, ӕма ин загътон:

– Уайдзӕфтӕмӕ ӕркӕсгӕй, хузӕбӕл бундоронӕй бакосӕ… Хебарӕй ба Мухарбегӕн бафӕдзахстон:

– Ӕмбӕлгӕ дӕр ибӕл мабал бакӕнӕ, уони ба мӕхе барӕ уадзӕ!.. Мӕйи фӕсте ба къамиси иуонгтӕ нӕуӕгӕй ӕрӕмбурд ӕнцӕ, нӕ рази ӕрӕвардтан хузӕ. Ӕз син загътон, сӕ еугур уайдзӕфтӕмӕ дӕр ке ’ркастӕй, уой. Фӕрракӕсӕ-бакӕсӕ кодтонцӕ хузӕгӕнӕги кустмӕ, фал си неке нецӕбӕл фӕггурусхӕ ’й. Ӕма Къостай сорӕт облӕстон киунугӕдони фарсбӕл ауигъд ӕрцудӕй.

Туйгъанти Мухарбег еци-еу рӕстӕг куста облӕстон театри декораторӕй дӕр. Сӕр багъудӕй, зӕгъгӕ, уӕд балетмейстери бӕсти дӕр бакосидӕ, ӕ устур цулухътӕ ӕ уӕле, уотемӕй амудта, кафӕг ӕ къах кӕми куд гъӕуама аййевдӕрӕй еса, уой, амудта син кафуни ритм. Ирон адӕми кӕфтити ритм хъӕбӕр хуарз зудта Мухарбег.

Антон Асибе. Туйгъанти Мухарбеги конд хузæ.

Туйгъанти Мухарбег хъӕбӕр хуарз зудта дуйней адӕмти культурӕ, зудта европаг ӕма уруссаг аййевадӕ, истори, этнографи, литературӕ. Мухарбег адтӕй ирон адӕми аййевадӕ ӕновуд ӕртасӕг. Иристони гъӕутӕбӕл, хонхӕй дӕр ӕма будурӕй дӕр зилдӕй, игъуста кадӕнгӕгӕнгутӕмӕ ӕма финста адӕмон исфӕлдистади уадзимистӕ, Нарти кадӕнгитӕ. Исахур кодта алантӕ ӕма сомехӕгти астӕу историон бастдзийнӕдтӕ. Ӕмбурд кодта зундгонд историктӕ Мовсес, Хоренци, Халатян ӕма ӕндӕрти фӕллӕнттӕ. Зудта рагон сомехаг аййевадӕ ӕма архитектурӕ.

Еууӕхӕни нӕмӕ дзубанди рауадӕй фрескити туххӕй. Мухарбег нин радзурдта, Нарти кадӕнгитӕмӕ гӕсгӕ ци фрескитӕ искодта, етӕ ин куд фесавдӕнцӕ, уой. Етӕ ин Октябри революций размӕ конд адтӕнцӕ. Хузӕгӕнӕг си исфӕлгонц кодта ӕ райгурӕн хӕдзари фӕрстӕ. Советон хецаудзийнадӕ ку исфедар ӕй, уӕд Туйгъанти хӕдзари, ӕнгъӕлдӕн, ӕрӕнцадӕй гъӕусовет. Ӕма гъе уӕд фесавдӕнцӕ Мухарбеги фрескитӕ, дзӕбокӕй сӕ фӕххуастонцӕ. Ӕма къирӕйцӕгъдгутӕн нӕдӕр сӕхецӕй, нӕдӕр ба сӕ размӕ еу уӕхӕн адӕймаг нӕ фӕцӕй, еци хъазар куститӕ ка багъӕуай кодтайдӕ. Уой фӕсте ма Мухарбег бӕргӕ ӕрцудӕй сӕ хӕдзарӕмӕ. Фрескитӕ къирӕй цӕгъдгӕй фӕббунӕй ӕнцӕ, зӕгъгӕ, ӕнгъӕл адтӕй, ӕма фарси еу цӕстӕ нихснадта – ӕ мӕгур зӕрдӕй фрескитӕ реставраци кӕнунмӕ гъавта. Еци рӕстӕг Мухарбеги размӕ кадӕр ӕрбацудӕй, ӕма ин уотӕ:

– Алливудтӕ дин фӕккалдтонцӕ, Мухарбег, къирӕйцӕгъдгутӕ. Къирӕ ӕгириддӕр фарсбӕл нӕ цӕфстӕй. Ӕма дин дӕ «гъолӕнттӕ» дзӕбокӕй фӕххуастонцӕ. Мухарбег ба, дан, хӕдзари фӕрстӕ ӕндегӕй-медӕгӕй «нигъгъолӕнттӕ» кодта.

Ӕ кустити иннӕ хай ба фӕсарӕнти, Вени сахарӕ, байзадӕй. Мухарбег ӕздахтӕй ӕ райгурӕн бӕстӕмӕ, ӕма  е ’рмадзи дӕгъӕлтӕ рӕстӕгмӕ бал равардта хӕдзари хецаумӕ. Ӕ зӕрдӕ дардта, Венӕмӕ ма нӕуӕгӕй ке бафтуйдзӕнӕй, уобӕл, фал ин уӕхӕн равгӕ нӕбал фӕцӕй.  Туйгъани-фурт нин 1943 анзи уӕхӕн хабар радзурдта: 1939 кенӕ 1940 анзи Венӕй Мӕскумӕ ка ӕрбафтудӕй, уӕхӕн фӕсарӕйнаг, дан, агурдта хузӕгӕнӕг Туйгъанти Мухарбеги. Фӕсарӕйнаг разиндтӕй, Мухарбег е ’рмадзи дӕгъӕлтӕ кӕмӕ ниууагъта, е. Уӕдӕй нурмӕ, дан, ӕнгъӕлмӕ кӕсун хузӕгӕнӕгмӕ, ӕ хузтӕмӕ, дан, кӕд фӕззиннидӕ.

– Гъе, ӕма ци исаразтай? – рафарстон хузӕгӕнӕги.

– Неци, – ӕнгъӕл кӕмӕн нӕ адтӕн, уӕхӕн дзуапп мин равардта Мухарбег.

Устур Фидибӕстон тугъди фӕсте мӕ зонгитӕй кадӕртӕ рандӕнцӕ Венӕмӕ,  уоми советон ӕфсӕддон хӕйтти службӕ кодтонцӕ. Сӕ еу цубур рӕстӕги дӕргъи иссудӕй ӕ райгурӕн бӕстӕмӕ. Вени ке фӕууй, уой базонгӕй, мӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕй Мухарбеги хузти хабар. Куд ӕма ци, уой ин радзурдтон. Е мин зӕрдӕ байвардта, кӕд еци фӕсарӕйнаги хӕдзарӕ ӕнӕгъӕнӕй байзадӕй, уӕд Мухарбеги хузтӕ райсдзӕнӕн ӕма сӕ ӕрбаласдзӕнӕн, зӕгъгӕ. Мухарбегмӕ финстӕг рафинстон, зӕгъун, рарветӕ мин еци фӕсарӕйнаги муггаг ӕма адрес. Гӕнӕн ес, ӕма дӕбӕл, зӕгъун, дӕ хузтӕ исӕмбӕлдзӕнӕнцӕ. Мухарбег мин уӕхӕн дзуапп равардта: «Феронх ми ӕй ӕ адрес. Уӕдӕй нурмӕ цӕйбӕрцӕ рӕстӕг рацудӕй, ӕма ма ин ӕ муггаг дӕр ка гъуди кӕнуй…»

Мюнхени уогæй, Туйгъани-фурт ахур кодта аци зундгонд ахургæнæги скъолай; Туйгъанти Мухарбег, актер Бесати Ладо æма Абайти Васо.

Мухарбег  1943 анзи декабри мӕйи ӕнӕнгъӕлти Еревани балӕудтӕй. Нӕ цийнӕн кӕрон нӕ адтӕй. Фусунуатмӕ дӕр ӕй нӕ рауагътан. Ме ’нсувӕртӕ ӕма мӕ сиӕхстӕ тугъди будури адтӕнцӕ. Мӕнмӕ цардӕнцӕ мӕ хуӕрифурттӕ. Мухарбег си неке зудта. Фӕсевӕд уайтӕккӕ балимӕн ӕнцӕ иуазӕги хӕццӕ, фурбоцӕй имӕ «дада» дзорун райдӕдтонцӕ. Мухарбег уӕд Хонсар Иристони ахурадон-ӕртасӕг институти командировкӕмӕ гӕсгӕ ӕрбафтудӕй Ереванмӕ, сомех ӕма ирон адӕми ’хсӕн ци бастдзийнӕдтӕ адтӕй, еци фарста ахур кӕнунмӕ. Еревани цардӕнцӕ Мухарбеги рагон лимӕнтӕ, аййевадӕ ӕма литератури архайгутӕ. Мухарбег мӕ бафарста, куд иссерон адӕмон хузӕгӕнӕг Акоп Коджояни, зӕгъгӕ. Кӕддӕр Коджоянтӕ Владикавкази цардӕнцӕ ӕма уӕд, се ’ригон бӕнтти базонгӕ ’нцӕ Акоп ӕма Мухарбег. Коджоянтӕ кодтонцӕ ювелирон куст, уӕлдай ӕрмарӕхстгиндӕр адтӕй кӕстӕр ӕнсувӕр Акоп. Петербурги аййевади Академи каст фӕууни фӕсте Мухарбег исфӕндӕ кодта Мюнхенмӕ рандӕ ун ӕма архайдта, цӕмӕй Акоп дӕр ӕ хӕццӕ рандӕ уа. Сомехаг биццеуи фидӕ цӕхгӕр ниллӕудтӕй, кой кӕнун дӕр ӕй нӕ уагъта ӕ фурти, фал имӕ Мухарбеги фидӕ Сафар ӕхе ку бахатта, уӕд дууӕ нӕбал загъта. Дууӕ лимӕни еумӕ рандӕнцӕ Мюнхенмӕ, кустонцӕ хузӕгӕнӕг Антон Ажбейи студий.

Ӕз телефонӕй бадзурдтон Акопмӕ, зӕгъун, Туйгъанти Мухарбеги фӕндуй дӕу фӕууинун.

– Мухарбег ами ’й?! – ниццийнӕ  кодта Акоп. – Ӕма кӕми ’й?! Нуртӕккӕ ами куд уа, уотӕ! Аци минут!..

Ӕ адрес мин байамудта, ӕма хилӕ кӕнунмӕ фӕцӕй:

– Ӕма мӕ разӕй ӕндӕр кедӕр цӕмӕн байагурдта?..

Ӕз ин балӕдӕрун кодтон, зӕгъун, хеуӕнттӕмӕ ӕрфусун кодта, ӕхе ӕмзӕнхонтӕ.

…Мухарбег ӕма Акоп кӕрӕдзебӕл уоййасӕбӕл цийнӕгӕнгӕй ниттухстӕнцӕ, раст цума сӕ рази ӕндӕр некебал адтӕй. Кӕрӕдзей нӕмттӕ ма исдзориуонцӕ, ӕндӕр сӕ цъухи дзурд нӕбал бадтӕй. Цалинмӕ сахари гъӕунгти цӕуни барӕ адтӕй, уӕдмӕ фӕббадтан. Уӕд си сӕ еуей, уӕд инней цъухӕй исхауидӕ: «Гъуди ма  кӕнис?» Имистонцӕ, имистонцӕ…

Ма сӕ хъор кӕнон, зӕгъгӕ, мӕхе Акопи ӕрмадзӕмӕ байстон. Уӕдмӕ етӕ дӕр ӕрмадзӕмӕ ӕрбацудӕнцӕ. Мухарбег, куд алли хатт, уотӕ нур дӕр ӕ гъудитӕ дзурдта ӕргомӕй, хузтӕмӕ кастӕй лӕмбунӕг ӕма си  ести гъӕндзийнадӕ ку ӕрӕстӕфидӕ, уӕд нӕ басосӕг кӕнидӕ ӕ зӕгъуйнаг. Коджоян ӕ хӕццӕ ахид исарази уидӕ,  фал ефстагмӕ ба уӕддӕр уотӕ бакӕнидӕ: «Нӕ, ами, ка ’й зонуй, ӕз растдӕр дӕн…»

Уӕхӕн бон нӕ адтӕй, ӕма нӕ Коджоян сӕумӕй кӕд нӕ рабӕрӕг кӕнидӕ. Сехуари фӕсте Мухарбеги хӕццӕ рандӕуиуонцӕ. Ӕнгъӕлдӕн, е ӕртиккаг бон адтӕй. Коджоян нӕмӕ ӕрбахудта зундгонд поэт Аветик Исаакяни. Фӕсӕхсӕвӕр син дзубанди байеудагъ ӕй литератури туххӕй, рауадӕй сӕмӕ эпоси кой дӕр. Сомехаг поэт бакастӕй цалдӕр скъуддзаги «Давид Сасунский»-ӕй. Туйгъани-фурт ба ин Нарти кадӕнгитӕй бакастӕй. Нарти фӕсевӕд гъолӕй гъазунбӕл ахур кӕнунмӕ Сомехмӕ ке цудӕнцӕ, Мухарбег уой ку радзурдта, уӕд Исаакяни цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй, гъома, нӕ фидтӕлтӕ кӕрӕдзей куд хуарз зудтонцӕ.

Еци изӕр Исаакян бакастӕй ӕхе ӕмдзӕвгитӕ дӕр. Мӕ кӕстӕр хуӕрӕ ба разардта поэти дзурдтӕмӕ гӕсгӕ финст зар. Поэти зӕрдӕ исунгӕг ӕй, ӕ цӕстисугтӕ сӕрфгӕй мӕ хуӕрӕмӕ бакастӕй ӕма Мухарбегӕн уотӕ зӕгъуй:

– Мӕ зартӕ мин берӕ ӕвзӕгтӕбӕл зардтонцӕ, фал сӕ ирон кизгӕ разардзӕнӕй, уӕлдайдӕр ба мӕхе маддӕлон ӕвзагбӕл, уой ӕнгъӕл ба нӕ адтӕн.

Уӕд Акоп Коджоян нӕбал фӕллӕудтӕй ӕма Исаакянӕн уотӕ бакодта:

– Аветик, ӕз хъӕбӕр ихӕсгин ке рази дӕн, Сомехмӕ адӕмон хузӕгӕнӕг ке фӕрци ес, ду уой зонис? Е Мухарбег ӕй. Е ку нӕ адтайдӕ, уӕд уотид ювелирӕй байзадайнӕ…

Ӕма нин Коджоян радзурдта, сӕ бийнонтӕ Туйгъанти бийнонти хӕццӕ куд лимӕнӕй цардӕнцӕ, еци хабӕрттӕ.

Коджоян ӕма Туйгъани-фурт алли бон дӕр зилдӕнцӕ музейтӕбӕл. Коджоян ӕй базонгӕ кодта уордигон хузӕгӕнгути хӕццӕ. Уотемӕй бафтудӕй Сарьянмӕ дӕр. Еци изӕр Мухарбег уӕлдай ӕрӕгӕмӕдӕр ӕрбацудӕй нӕхемӕ. Сарьяни хузти койӕй ӕндӕр си неци игъустӕй. «Е кӕбӕлти лӕг ӕй, кӕбӕлти!.. Къӕдзӕх!..» – дзурдта Мухарбег.

Мухарбег фӕстӕмӕ Иристонмӕ исӕздахтӕй 28 кенӕ 29 декабри. Адтӕй ирд хорбон – еци анз декабрь гъар  рахаста. Е адтӕй нӕ фӕстаг фембӕлд. Уой фӕсте ма кӕрӕдземӕ ӕрвистан финстӕгутӕ. Мухарбег мӕмӕ ӕрбарветидӕ ӕ куститӕ, ӕз ба сӕ бахӕссинӕ академик Агаджанянмӕ.

ПЛИТИ Верӕ,
1971 анз.