ӔНГОМ БИЙНОНТӔ АМОНДӔЙ ХАЙГИН КӔНУНЦӔ!..
Бийнонти уарзондзийнади ӕма еузӕрдиуондзийнади Еугуруӕрӕсеуон бони кадгин уавӕри цитгингонд ӕрцудӕнцӕ нӕ республики сахартӕ ӕма гъӕути цӕрӕг, фӕнзуйнаг, берӕ ӕнзти еумӕ ка цӕруй, хуарз кӕстӕртӕ ка исгъомбӕл кодта, ӕ кари бацӕугӕй, ӕ бӕнттӕ рӕвдудӕй ка ‘рветуй, уӕхӕн дӕc ӕма дууинсӕй бийнонти.
Зӕрдиаг арфитӕ син ракодта Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйло. Ӕ радзубандий уотӕ загъта:
– Бӕрӕгбони хуарзӕнхӕ уӕ уӕд, нӕ боц, нӕ зундамонӕг хестӕртӕ. Царди надбӕл ку рацӕуай, уӕд ӕй балӕдӕрдзӕнӕ, цӕйбӕрцӕбӕл ӕхцӕуӕн ӕй, зини дӕр ӕма дӕ цийни дӕр адӕймаги фарсмӕ еузӕрдиуонӕй ку ‘рбалӕуунцӕ ӕ бийнонтӕ, – ниййергутӕ, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, цардӕмбал ӕма сувӕллӕнттӕ. Куд фулдӕр нӕмӕ уа ӕнгом, фӕнзуйнаг бийнонтӕ, уотӕ федардӕр уодзӕнӕй не ‘хсӕнадӕ, не ‘гъдӕуттӕ ӕма традицитӕ, не ‘взаг ӕма культурӕ гъӕуайгонд уодзӕнӕнцӕ. Дуйнебӕл ӕнӕнездзийнадӕй, сабурдзийнадӕй устурдӕр хӕзна нӕййес, уонӕй Иристони алли бийнонтӕ дӕр ӕнхӕст уӕнтӕ.
Еумӕйаг бийнонтӕй финддӕс ӕма инсӕй анземӕй фулдӕр ка фӕццардӕй, еци хестӕртӕн фембӕлди рӕстӕг лӕвӕрд ӕрцудӕй сӕрмагонд зӕрдӕбӕлдарӕн майдантӕ «Уарзондзийнади ӕма еузӕрдиуондзийнади туххӕй». Уӕхӕн хуӕрзеуӕгӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕнцӕ чиколайӕгтӕ Будтути Виктор ӕма Эммӕ (Будайти Геуӕргий кизгӕ). Еумӕйаг бийнонтӕй цӕрунцӕ дӕс ӕма дууинсӕй анземӕй фулдӕр. Ӕма куд зӕгъунцӕ, уотемӕй боз ӕнцӕ сӕ цардиуагӕй, исӕнтӕстӕй син ӕртӕ сувӕллони – дууӕ фурти ӕма еу кизгӕ. Нур уонӕн дӕр ес сӕхе бийнонтӕ, сӕхе цӕуӕт – фараст сувӕллони.
– Цард цард ӕй ӕма си алцидӕр рауайуй, фал бийнонтӕ ӕнгом ку уонцӕ, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ӕма нимайгӕй ку аразонцӕ сӕ цардиуагӕ, уӕд син тӕссаг нецӕмӕй ӕй, сӕ зӕрди фӕндон син алцидӕр арфиагӕй бантӕсдзӕнӕй, – зӕгъуй Эммӕ.
Ӕ еци гъуди раст ӕй, ӕма ‘й сӕхецӕн сӕри зундӕн ӕригон бийнонтӕ дӕр ку есиуонцӕ, уӕд нӕ Иристон амонд ӕма фарнӕй зингӕ-зингӕ райдзастдӕр уидӕ.
БАРӔВДУДТОНЦӔ СӔ АХСГИАГ ЛӔВӔРТТӔЙ!..
Бийнонти, уарзти ӕма еузӕрдиуондзийнади Еугуруӕрӕсеуон бони фӕдбӕл дессаги арфиаг гъуддаг исаразтонцӕ нӕ республики берӕсувӕллонгин мадтӕлти Еугонд ӕма Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронти цӕгатиристойнаг хайадӕ.
Рагацау исбӕрӕг кодтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи ӕма республики районти цӕрӕг берӕсувӕллонгин бийнонтӕй фӕккӕсунгъӕуагӕ ка ‘й, уони. Ӕма сӕ исбоц кодтонцӕ ахсгиаг лӕвӕрттӕй – сауӕнгӕ син сӕ хӕдзӕрттӕмӕ баластонцӕ – уазалгӕнӕнтӕ, гази пецтӕ ӕма, бийнонти цардиуаги ӕнӕмӕнгӕ ка гъӕуй, уӕхӕн ӕндӕр техникон фӕрӕзнитӕ.
Аци арфиаг гъуддӕгутӕ исаразгутӕ куд загътонцӕ, уотемӕй фӕккӕсуйнаг берӕсувӕллонгин бийнонтӕн уӕхӕн хузи агъазгонд цӕуй алли анз дӕр. Уомӕй ба син алливӕрсугӕй агъаз кӕнунцӕ нӕ республики фӕллойни ӕма социалон райрӕзти Министрадӕ, уӕдта фӕсевӕди гъуддӕгути Комитет. Уӕдта ма зӕрдӕ байвардтонцӕ уомӕй дӕр, ӕма ауӕхӕн социалон акцитӕ араздзӕнӕнцӕ идарддӕр дӕр.