26 декабря 2024

ФИДИБÆСТИ ХЪАЗАУАТОНТÆЙ – АРФИАГ

15.09.2020 | 14:37

Устур Фидибæстон тугъди Уæлахези 75-анзей кадæн нæ республики хузæгæнгути Цæдес исаразта армæй-дæснити кустити æма хуæдахур хузæгæнгути кустити дуйнеуон еумæйаг равдист «Арфиаг, нæ царди туххæй».
Равдисти фæууинæн ес армæйдæснити дæс æма инсæй кустемæй фулдæр Дзæуæгигъæуæй, Дагестанæй, Стъараполæй, Хонсар Иристонæй, нæ республики районтæй. Етæ исаразтонцæ гъæдæй, хъумацæй, зæрийнæ халæй конд æма худ дзаумæуттæ. Ес си дæс æма дууинсæй кустемæй фулдæр. Нæ фидтæлти лæгдзийнади цаути хæццæ цæйбæрцæбæл хуæздæр зонгæ уонцæ, уойбæрцæ нæ федæни фæлтæртæ æнцондæрæй кæсдзæнæнцæ размæ. Уодзæнæй син, ке æскъуæлхтдзийнадæбæл ахур кæнонцæ, уæхæн дæнцитæ. Ами ци куститæ фæууинæн ес, уони фæрци зиннуй, Кавкази æма Фæскавкази цæрæг адæмтæ ци исфæлдистадон гъудибæл хуæст æнцæ, е, – загъта æ радзубандий Дудай-фурт.
Равдист байгон кæнуни фæдбæл ци цитгин мадзал арæзт æрцудæй, уоми нæ республики культури министри хуæдæййевæг Дудайти Чермен уотæ загъта:
– Аци равдистæн ес агъазиау аййевадон æма уодварнон нисанеуæг. Фиццагидæр уомæ гæсгæ, æма нæ дзилли абониккон фæлтæртæ нæ фидтæлти лæгдзийнади цаути хæццæ цæйбæрцæбæл хуæздæр зонгæ уонцæ, уойбæрцæ нæ федæни фæлтæртæ æнцондæрæй кæсдзæнæнцæ размæ. Уодзæнæй син, ке æскъуæлхтдзийнæдтæбæл ахур кæнонцæ, уæхæн дæнцитæ. Ами ци куститæ фæууинæн ес, уони фæрци зиннуй, Кавкази æма Фæскавкази цæрæг адæмтæ ци исфæлдистадон гъудибæл хуæст æнцæ, е, – загъта æ радзубандий Дудай-фурт.