26 декабря 2024

Ӕ ХЪАУРӔ ӔМА Ӕ КАДӔЙ ТУХГИНДӔР ӔМА ЦИТГИНДӔР КОДТА НӔ ИРИСТОН!..

05.08.2021 | 17:02

ДАУРАТИ Дамир, Цæгат Иристони адæмон финсæг

Мӕ фембӕлдтитӕ Билари хӕццӕ раздӕр уиуонцӕ мӕ кустмӕ гӕсгӕ, куд фӕскомцӕдесон ӕма партион косӕгӕн, – уотӕ райдӕдта Дамир ӕ дзубанди.

Баруагӕс ди уӕд, мӕ дзубандий мӕнгӕттӕй неци ес, ӕма дин уотӕ зӕгъдзӕнӕн: ӕз райкоми кӕддӕри ӕригон инструктор, алкӕддӕр бӕлдтӕн обкоми уӕди фиццаг секретари алли дзубандимӕ дӕр байгъосунмӕ. Уӕди ӕнзти еуӕй-еу устур хецӕуттӕн сӕ дзубанди трибунӕй уидӕ цидӕр ӕнӕуод, сор, партион унаффити ӕнсӕнст ӕвзагӕй, зӕрдӕмӕ ӕгириддӕр нӕ гъардта. Билармӕ игъосунӕй ба фулдӕр адӕм не ’фсастӕнцӕ, сӕйрагдӕр ба е адтӕй, ӕма ӕууӕндтӕнцӕ ин ӕ алли дзурдбӕл дӕр. Нур ӕй уал анзей фӕсте ци римӕхсон, фал куд рӕсугъд дзурдта, уомӕ ӕз хицӕ кодтон, мӕн дӕр уотӕ фӕндӕ адтӕй, уомӕн ӕма еци рӕстӕги ӕхсӕнадон косӕгӕн аргъ кодтонцӕ, куд дӕсни дзоруй, уомӕ гӕсгӕ.

Биларӕн ӕ алли радзубандий дӕр адтӕй лирикӕ дӕр ӕма юмор дӕр, ахид пайда кодта Къостай гъудитӕй.

Фӕстӕдӕр ба ӕз Билари хӕццӕ фембӕлинӕ, куд исфӕлдистадон косӕг, уотӕ. Фиццаг хатт, еуцалдӕр анзей размӕ ин ӕ дуар ку бахуастон уӕд имӕ, цума, мӕнӕ рагӕй кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уӕхӕн иуазӕг ӕрбацудӕй, уоййау мӕбӕл бацийнӕ кодта. Еци ездон ӕма хумӕтӕгӕй байзадӕй. Сӕхемӕ еунӕгӕй разиндтӕй ӕма мин уайтӕккӕ фингӕ ӕрӕвардта.

Ӕз кастӕн ӕма игъустон мӕ дзӕбӕх хестӕрмӕ, мӕхе зӕрдӕ ба идзаг кодта сӕрустурдзийнади ӕнкъарӕнтӕй: ӕгайтима имӕ уӕхӕн нифсхастдзийнадӕ ес, уӕхӕн уарзондзийнадӕ цардмӕ. Уал анзи уӕхӕн бӕрнон бунати ка фӕцӕй, уойбӕрцӕ мӕтӕ ӕма сагъӕстӕ ка бавзурста, фӕстагмӕ, ӕвудӕй уӕхӕн ӕфхуӕрд ка баййафта, уомӕ ма абони уӕхӕн хъаурӕ ке ес, е дессаг ӕй…

Ӕрӕгиау ин ме ’рбацуди сӕр исгъӕр кодтон. Зӕгъун, мӕ зӕрди ес дӕуӕн дӕ цардвӕндаги туххӕй уадзимис ниффинсун, базонун мӕ фӕндуй, дӕ сабийдогӕ куд рацудӕй, дӕ фӕллойнадон над куд райдӕдта, уӕхӕн устур бунати уал анзи куд бафӕразтӕй, еци хабӕрттӕ.

Нӕ мин исарази ‘й, нӕ бакумдта, ӕз, дан, еци дзубандитӕ нӕ уарзун. Ӕма ин ци мӕ бон адтӕй?! Кенӕ естӕбӕл дузӕрдуг кӕнуй, кенӕдта естӕмӕй кенӕ ескӕмӕй ӕфсӕрми кӕнуй, кенӕ ба ӕндӕр ескӕмӕн байвардта уомӕй зӕрдӕ, ка ’й зонуй, мӕнбӕл куд финсӕгбӕл, уотӕ не ’ууӕндуй. Зин мин нӕ уодзӕнӕй, зӕгъгӕ, дӕр загътон мӕхецӕн, ӕндӕр еске дӕр ибӕл ку ниффинса, уӕд, уомӕн ӕма Билар ӕй тӕккӕ зингӕдӕр уадзимиси аккаг. Берӕ хуӕрзти бацудӕй Иристонӕн, берӕ цидӕртӕ зонуй ӕма раст нӕ уодзӕнӕй, ескӕд сӕ ӕ хӕццӕ мӕрдтӕмӕ ку фӕххӕсса, уӕд. (Ӕма уотӕ нӕ рауадӕй? Ци берӕ дессӕгтӕ зудта. Ци берӕ дессаги хабӕрттӕ – кӕцитӕ нин устур агъаз адтайуонцӕ абони – нӕ ракодта, ӕ хӕццӕ сӕ фӕххаста е ’носон дуйнемӕ!.. – Ред.) Мӕ нифс нӕ бахастон, федардӕр фӕллӕуунмӕ, Билари еци дзубандитӕ ракӕнунбӕл исарази кӕнун…

ХЪÆБÆЛОТИ Билар республики царди ахсгиагдæр фарстати туххæй æнæмæнгæ унаффæ кæнидæ адæми хæццæ.

Билар берӕ хуӕрзтӕ исаразта. Хъӕппӕрес равдиста, цӕмӕй нӕмӕ байгон уа нӕ паддзахадон университет, цӕмӕй хуӕрзгъӕдӕ ӕма афойнадӕбӕл арӕзт ӕрцӕуа нӕ аэропорт, байгон нӕмӕ уа «Электроцинк»-и тауӕгади агъазиау цех ӕма уотӕ идарддӕр. Еци гъуддаги ин ӕнсувӕрон агъаз бакодтонцӕ уӕди устур паддзахадон лӕгтӕй беретӕ: Алексей Косыгин, Юрий Андропов, Николай Шелепин.

Билар лимӕнӕй цардӕй разагъди финсгутӕ Расул Гамзатови, Алим Кешокови, Николай Тихонови, Советон Цӕдеси аййевади зундгонддӕр архайгути хӕццӕ. Дӕлӕ махмӕ Беслӕни культури Галауан ку игон кодтонцӕ, уӕд си разагъди кафӕг Махмуд Эсамбаев дӕр адтӕй, ӕма ма абони дӕр мӕ гъостӕбӕл изӕлунцӕ, е Биларӕй ци хуӕрзтӕ фӕдздзурдта, етӕ. Ӕз, дан, ӕй мӕ дуккаг фидӕбӕл нимайун, Иристон ба мин мӕ дуккаг фидибӕстӕ ‘й… Мадта Сталини туххӕй дӕр берӕ зудта, ахид ӕмбалдӕй Исси хӕццӕ, Мамсурати Хаджи-Умари хӕццӕ, нӕ Иристони устур лӕгтӕй берети хӕццӕ.

Цидӕр адтӕй, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ дардтон, хизтон, мӕнӕ мӕмӕ фӕдздзордзӕнӕй, рацо, Дамир, байгъосӕ мӕмӕ, зӕгъгӕ.. Уотӕ ку рауадайдӕ, уӕд, ӕвӕдзи, мӕнӕй амондгундӕр нӕбал адтайдӕ Иристони. Уогӕ уӕддӕр исфӕлдистадон хийнӕдзийнадӕ равдесинӕ, хатгай ин ӕ дуар бахуайинӕ, ниллигъстӕ кӕнинӕ, цӕмӕй мин хецӕн цаутӕ, кенӕ хецӕн адӕймӕгути туххӕй ӕ гъудитӕ загътайдӕ. Ӕма сӕ уӕд мӕ диктофони мӕ хӕццӕ рахӕссинӕ. Ӕнцӕ мӕ зӕрди…

ХЪÆБÆЛОТИ Билар уæлдай зæрдиагæй архайдта, цæмæй ирæзгæ фæлтæртæн арæзт цæуонцæ еугур фадуæттæ дæр.

Еу дзӕбӕх хестӕр мин ес уартӕ Ольгинскийи, Темболат, зӕгъгӕ. Ӕма мин е кӕддӕр мӕнӕ уотӕ радзурдта: «1981 анзи октябри цаути рӕстӕги ӕз, мӕ гъӕла сӕрӕй нӕ рагъуди кодтон, ӕма еу ӕхсӕвӕ сахари хӕдзӕрттӕй еуей фарсбӕл ниффинстон «Долой Кабалоева!» Мӕнӕ куд рӕдудтӕн, уӕд мӕ дууӕ къохи дӕр цӕмӕннӕ рахаудтӕнцӕ! Ӕ фӕсте ци хецауадӕ кустонцӕ, уони ку ‘ргъуди кӕнун, уӕд мӕ сӕр ниххуайун, мӕнӕ ци бакустан, зӕгъгӕ…»

ГУРЖИБЕКТИ Ирин, Цæгат Иристони адæмон поэт

Хъӕбӕлоти Билар ӕ нӕуӕг кусти бунатмӕ, Монголимӕ ку цудӕй, уӕд ӕз ӕма журналист Бетойти Мария Дзӕуӕгигъӕуи аэропорти уӕхӕн ӕведауцӕ нивӕ фӕууидтан нӕхе цӕститӕй. Цӕветтонгӕ, е ӕ рӕстӕги кӕмӕн фӕййагъаз кодта, хецауеуӕггӕнӕн бунӕтти ке ниввардта, е ’мкосӕгбӕл ке нимадта, уонӕй мӕнӕ ’й рафӕндараст кӕнӕн, зӕгъгӕ, еунӕгей дӕр нӕ фӕууидтан. Фӕндараст ӕй кодтонцӕ айдагъдӕр ӕ хӕстӕгутӕ, хеуонтӕ. Алкедӕр тарстӕй ӕхецӕн, алкедӕр кодта ӕхе уоди кой, ке фӕрци ислӕг ӕй ӕма адӕми рӕнгъӕбӕл ӕрлӕудтӕй, уомӕй ба сӕхе римахстонцӕ.

Мӕнӕн ба уӕд мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕй евгъуд ӕноси 70-аг ӕнзтӕй еу цау. Уӕд кустон газет «Социалистическая Осетия»-йи культури хайади сӕргълӕууӕгӕй ӕма ахури нӕуӕг анзи райдайӕни бабӕрӕг кодтон нӕ сахари еу скъола. Кӕсун ӕма игъӕлдзӕг фӕсевӕди ‘хсӕн еуварси лӕууй кизгӕ ӕма кӕуй. Цӕбӕл кӕуис, зӕгъгӕ ’й ку бафарстон, уӕд рабӕрӕг ӕй: скъолайӕн ци азгъунст аразтонцӕ, уомӕн ӕ еу хай, фиццагкъласонтӕ кӕми ахур кодтайуонцӕ, е арӕзт нӕ фӕцӕй ӕма кизги зӕрдӕ уобӕл ристӕй. Дуккаг бон газети фӕззиндтӕй мӕ уац «Цӕбӕл кудтӕй Зӕлинӕ».

Газет рацудӕй сӕумӕраги. Ӕвӕдзи адтайдӕ дӕсӕймаг сахат ӕрдӕг, уотемӕй партий обкоми фиццаг секретарь Хъӕбӕлоти Билари рази лӕудтӕнцӕ, Министрти Совети сӕрдари, арӕзтадӕбӕл дзуапп ка лӕвардта, еци хуӕдӕййевӕг, ахуради министр, иннӕ разамонгутӕ. Фудгинти уотӕ бакодта, ӕма ӕхсӕвӕ-бон нӕбал базудтонцӕ, цалдӕр бонемӕ скъолай азгъунст кӕронмӕ арӕзт фӕцӕй. Уӕхӕн аргъ кодта Билар газетти мухури алли критикон ӕрмӕгӕн дӕр.

Ӕрбахъӕрдтӕй Хетӕгкати Къостай райгурди 120 анзей юбилей. Бӕрӕгбонмӕ еугур республикӕ дӕр ӕхе цӕттӕ кодта. Мӕнӕн бабарӕ кодтонцӕ, скъоладзаутӕн салам дӕттуни ӕмдзӕвгитӕ ниффинсун. Уонӕбӕл куд кустон, уотемӕй ӕвеппайди мӕ косӕнуати телефони дзӕнгӕрӕг низзӕлланг кодта. Уайтӕккӕ фелвастон хӕтӕл.

– Хъӕбӕлой-фурт дӕн. Куд цӕуй дӕ салам дӕттуни ӕмдзӕвгӕбӕл куст? Цӕбӕл рагъуди кодтон: Хъубадий (Къостай зундгонд уадзимиси хъайтар – Ред.) кой дӕр си ку искӕнисӕ, гъома, сабийти уарзондзийнадӕ поэтмӕ. Рагъуди кӕнай уобӕл…

ХЪÆБÆЛОТИ Билар, номдзуд дагестайнаг поэт Расул ГАМЗАТОВ (æ рахесæрдигæй) æма Социалистон Фæллойни Бæгъатæр ÆЛБЕГАТИ Харитон (æ галеуæрдигæй) цитгин мадзали рæстæг.

Е дессаг куд нӕ ’й: партий обкоми фиццаг секретарь нӕдӕр редактормӕ, нӕдӕр газети иннӕ разамонгутӕй кӕмӕдӕр нӕ фӕдздзурдта, фал хумӕтӕг журналистмӕ, куст ка ӕнхӕст кодта, уомӕ. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма куд нимади имӕ адтӕй хумӕтӕг косӕг адӕймаг, куд ин аргъ кодта ӕ хъиамӕтӕн. Абони хецӕуттӕн ба уӕхӕн зундирахаст нӕ фагӕ кӕнуй…

… Иристони кадгиндӕр, дзурддзӕугӕдӕр лӕгӕн, кӕд абони не ’хсӕн нӕбал ӕй, уӕддӕр мӕ сӕрӕй ниллӕг ковун ӕма зӕгъун: «Ирон адӕм ди адтӕнцӕ ӕма ди нур дӕр ма сӕрустур ӕнцӕ. Ӕма еци сӕрустурдзийнадӕ ба нӕ дзиллити зӕрдити ӕности уӕд, макӕд фесӕфӕд!»

КУЧИТИ Эльбрус, (1925-2015) Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади раздæри министр

Е адтӕй 10 феврали 1982 анзи. Сӕумӕраги мӕмӕ нӕхемӕ телефонӕй ӕрбадзурдта Билар ӕма мин уотӕ зӕгъуй:

– Ӕз сахатти фӕсте тӕхун Мӕскумӕ, фал ди мӕнӕ ци корун. Ӕзинӕ республикон сӕйгӕдонӕмӕ хъӕбӕр тухстӕй бахаудтӕй Тотрати Эммӕ, медицинон институти ректор. Дӕ хуарзӕнхӕй, цидӕриддӕр гӕнӕн ес, уой исаразӕ ӕма ин байагъаз кӕнӕ.

Ӕз мӕ куст уомӕй райдӕдтон, фӕдздзурдтон тӕккӕ фӕлтӕрдгиндӕр дохтиртӕмӕ, фӕссехуар нӕмӕ Мӕскуйӕй ба сӕрмагонд консультант истахтӕй. Неци ин нӕ бон бацӕй.

Ӕз уӕд нӕма зудтон, Билар Мӕскумӕ цӕмӕн ратахтӕй, уой. Мӕнӕ уой размӕ анзи Горӕтгӕрон районӕй обкоми размӕ мард ӕд кирӕ ку ӕрбахастонцӕ, уӕд си ци змӕнститӕ рауадӕй, уони ин Центрон Комитет нӕ ниххатир кодта. 15 феврали ба нӕхе обкоми пленум цудӕй: Билар рандӕй, Одинцов ӕрбацудӕй. Капитонов трибунӕй, уой размӕ ЦК-и ци Секретариат адтӕй, уой кусти бӕрӕггӕнӕнти туххӕй радзурдта, загъта, Хъӕбӕлой-фурт, дан, уӕгъдӕгонд ӕрцудӕй фиццаг секретари бунатӕй, нӕбал уодзӕнӕй партий обкоми бюрой иуонг дӕр ӕма ин ӕ къохӕй райамудта, гъома, дан, президиумӕй ӕрхезӕ. Билар исистадӕй. Дзоргӕ неци скодта, арӕхстгай къӕпхӕнтӕбӕл ӕрхизтӕй. Еци гъуддаг мӕнӕн хъӕбӕр зин адтӕй! Уал анзи фӕккуста еци устур бунати, берӕ хуӕрзти бацудӕй Иристонӕн, уӕд ци ‘рцудайдӕ, президиуми ӕй кӕронмӕ бадун ку бауагътайуонцӕ, уӕд? Ӕз нӕбал фӕллӕудтӕн, исистадтӕн мӕ бунатӕй, рацудтӕн адӕми ‘хсӕнти ӕма ӕ тӕккӕ фарсмӕ ‘рбадтӕн. Е еугуремӕн дӕр ӕнӕнгъӕлти адтӕй, базмалдӕнцӕ, президиуми иуонгтӕ кӕрӕдземӕ бакӕсӕ-бакӕсӕ кӕнунцӕ, къус-къус кӕнунбӕл фӕцӕнцӕ. Билар дӕр базмалдӕй, мӕн ӕрдӕмӕ ӕхе разилдта ӕма мӕ фӕрсуй:

– Ци хабар ӕй, ци косис ами?

Неци, зӕгъун, ӕз раздӕр дӕр ами бадтӕн, Билар Емазаевич, мӕнӕ кумӕдӕр рауадтӕн.

Пленуми фӕсте еци-еу цуд нӕхемӕ ракодтон, еци мӕстгунӕй мӕмӕ неци кӕнун цудӕй, мӕ мадӕ тухст сӕйгӕ адтӕй ӕма ма уой рази еуминкъий рабадтӕн, уотӕ мӕмӕ Билар телефонӕй ӕрбадзурдта:

– Тотратӕмӕ ду зиани адтӕ, уой зонун, фал ма, кӕд гӕнӕн ес, уӕд ма мӕн хӕццӕ дӕр ку фӕццӕуисӕ? Тӕфирфӕс син уӕддӕр ракӕнон…

– Е ба дин ци загъд ӕй? – бадес кодтон ӕз, – цӕуӕн.

– Мадта бунмӕ ‘рхезӕ, ӕз дӕр фӕццӕун…

Тотратӕмӕ Эмми фӕлуст хуссӕнбӕл нӕ къохтӕ байвардтан, уӕдта, рохсаг дӕр ин зӕгъетӕ, зӕгъгӕ, нӕ иннӕ авармӕ фингӕмӕ бахудтонцӕ. Кӕстӕреуӕг нин кодта сӕ синхаг Хъулати Хъубадий бийнойнаг Нинӕ. Уобӕл дӕр бацийнӕ кодта Билар, фӕффӕрститӕ ‘й кодта, Хъубадий дӕр ӕримистан. Е адтӕй дессаги зӕрдагайгӕ изӕр…

Номдзуд кафæг Махмуд ЭСАМБАЕВ, ХЪÆБÆЛОТИ Билар, æ цардæмбал Майæ æма сæ цæуæти хæццæ.

Гъе нур ба мин, Дамир, еу уӕхӕн фарстайӕн дзуапп раттӕ. 10 феврали Билар Мӕскумӕ ку рандӕ ‘й, уӕд ӕй зудта, уоми имӕ ци устур ӕфхуӕрд ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой, фал ма уӕддӕр рӕстӕг иссирдта ӕма сӕйгӕ адӕймагбӕл батухстӕй. Зӕгъӕн, уомӕй фондз боней фӕсте дӕубӕл, мӕнбӕл, никкидӕр ма ескӕбӕл Билари хузӕн ӕгъатир цӕф ку ‘руадайдӕ, уоййасӕ маст нӕмӕ ку бацудайдӕ, уӕд махмӕ дӕр еци минкъий лӕги бӕрцӕ хъаурӕ разиндтайдӕ, иннӕ бон нӕ, фал уӕд, еци тӕккӕ сахат, зиангинти уӕлгъос ӕрлӕуунмӕ, сӕ уӕззау ристӕй син еуминкъий хай дӕхемӕ райсунмӕ, нифсӕвӕрӕн, цардмӕседӕг дзурдтӕ син зӕгъунмӕ? Циуавӕр характеристикӕ раттун гъӕуй адӕймагӕн ӕ уӕхӕн миуи туххӕй, цӕбӕл ин дзорӕг ӕй е?

… Ӕма дин ӕз зӕгъун: Билар ци фӕццардӕй, ци фӕккуста, уой кӕдзосӕй, алцӕмӕйдӕр ӕхе гъӕуай кодта, уомӕн ӕма зудта: уӕхӕн устур бунати ка фӕббадуй, уомӕн адӕм ӕ алли миуӕмӕ дӕр уӕлдай лӕмбунӕгдӕр фӕккӕсунцӕ, е ‘знӕгтӕ ба гӕппӕрвонгӕй фӕббадунцӕ, мӕнӕ нур фӕррӕдуйдзӕнӕй, мӕнӕ исон, зӕгъгӕ. Мӕнӕ дин уотӕ кӕмӕй зӕгъун, мухури аккаг нӕ ‘нцӕ, зӕгъгӕ, еци къулумпитӕ ба ин ӕнцӕ хумӕтӕг адӕймаги лӕмӕгъдзийнӕдтӕ. Ӕндӕр морӕ дӕр неци…

КОРТИАТИ Леван, Цæгат Кавкази хуæнхон-металлургон институти профессор

Билари рӕстӕги ӕз кустон Трансками хонсайраг хаййи разамонӕгӕй. Кӕд ӕма Хонсари хай Гурдзимӕ хаудтӕй, уӕддӕр си фулдӕр фарстатӕ лух кодта Хъӕбӕлоти Билар. Нади арӕзтади райдайӕнӕй анзи ‘рдӕг ку рацудӕй, уӕд техникон фӕрӕзнитӕ Хонсари адтӕнцӕ мӕгур. Ӕма ӕз, кустӕн дзуапдӕттӕг, агурдтон аллихузи мадзӕлттӕ, цӕмӕй уавӕр фӕххуӕздӕр уа. Бацудтӕн Гурдзий компартий ЦК-мӕ, Санахъоти Гришмӕ. Уӕд, е еци рӕстӕги куста партий Гурдзистони ЦК-и партион контроли бӕрнон косӕгӕй. Мӕ хабӕрттӕ ин ку ракодтон, уӕд ӕ усхъитӕ базмӕлун кодта ӕма мин бардзурди хузи загъта: «Тагъддӕр уайӕ Хъӕбӕлой-фуртмӕ!»

Раст зӕгъгӕй, ӕндӕр республикӕмӕ мӕ проблемитӕ хӕссун мӕмӕ куддӕр ӕнӕбунати кастӕй, уомӕн ӕма ци гъуддӕгути фӕдбӕл адтӕй мӕ цуди сӕр, етӕ хаудтӕнцӕ Гурдзимӕ. Фал ӕндӕр гӕнӕн мин нӕ адтӕй ӕма рандӕ дӕн Цӕгат Иристонмӕ.

Билари косӕнуатмӕ Челдити Александри хӕццӕ ку бацудтӕн, уӕд Емӕзай-фурт исистадӕй ӕма нӕ размӕ рацудӕй. Ӕ уати астӕу фембалдан. Раст зӕгъгӕй, ами дӕр фефсӕрми дӕн, гъома, фиццаг секретарь хумӕтӕг прораби размӕ куд рацудӕй. Мӕ тухститӕ ин ку радзурдтон, уӕд Александрӕн зӕгъуй: «Тагъд, цӕугӕ Мӕскумӕ, фембӕлӕ транспортон министр Соснови хӕццӕ, цӕмӕй ӕ гъос ӕрдара Хонсари хаймӕ!»

Еу-дӕс бони рацудӕй еци хабарбӕл. Ӕз Дзауи адтӕн ӕма нӕмӕ уордӕмӕ Цхинвали ӕфсӕнвӕндаги хецау Гойати Васили седуни хузӕн фӕххабар кодта: «Тагъд, адӕм ӕркӕнӕ! Мӕнӕ дин нӕуӕг техникӕ исӕрвистонцӕ Уӕрӕсейӕй!.. Вагӕнттӕ исуӕгъдӕ кӕнетӕ!..»

Нӕ цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй. Трансками нади арӕзтадӕн Билари фӕййагъазӕн аргъ нӕййес. Уой хъӕппӕрес ӕма ӕвӕллайгӕ архайд ку нӕ адтайуонцӕ, уӕд Транскам дӕр нӕ адтайдӕ! Ӕма уӕд куд адтайдӕ ирон адӕми хъисмӕт!..»

 

ÆГЪУЗАРТИ Саукуй, (1943-2013) финсæг, публицист

Кӕд еске Иристонӕн хъӕбӕр устур хуӕрзти бацудӕй, уӕд уонӕй сӕ лӕгдӕр – Хъӕбӕлоти Емӕзай фурт Билар. Е ӕ дзилагӕн, ӕ адӕмӕн догъи куд фӕууадӕй, е фӕллад куд нӕ зудта, ӕхсӕвӕ-бон куд не ‘ртаста, реу-ӕмреу куд тундзтӕй ӕ нисанмӕ ӕма еу уӕлахезӕй иннемӕ куд ӕндиудӕй, куд разӕнгардӕй цудӕй, уомӕ абони лӕмбунӕгӕй ку рӕкӕсай, уӕд деси бацӕудзӕнӕ: «Цӕйбӕрцӕ бантӕстӕй асӕй еци минкъий, фал зундӕй устур лӕгӕн? Кӕцӕй имӕ разиндтӕй уойбӕрцӕ хъаурӕ, уойбӕрцӕ лӕгигъӕдӕ, уойбӕрцӕ нифс ӕма ӕхсарӕ?!» Ӕвӕдзи нӕ еу Хуцау исафта, иннӕ Хуцау ба нин Кӕсӕги зӕнхӕй ӕрбарвиста Емӕзай фурти ӕма загъта: «Гъа, Ири бӕстӕ, мӕнӕ дин уӕ фурти ӕрветун, хъӕбӕр рауон-циуон лӕг ӕй ӕма уин цирагъдарӕн исбӕздзӕнӕй».

Ӕгӕрдӕр ма нин исбӕзтӕй. Райдайӕнӕй кӕронмӕ ӕ царди фӕткӕн еу нивӕ искарста: ӕ бон кӕмидӕриддӕр адтӕй, уоми фӕлдиста, аразта, адӕми хуӕздӕр цардбӕл ӕ уод нӕ аурста.

Хъӕбӕлоти Емӕзай фурт Билар ӕ адӕмӕн ци исаразта, ӕ дзиллитӕн ци фӕцӕй, уой уӕнгӕ неке ма исхъӕрдтӕй, ӕ раз ин неке ма байахӕста, ӕ фӕсте республики хецӕуттӕй ка куста, уонӕй ӕ уӕлфадмӕ дӕр неке исхъӕрдтӕй.

Дзурдӕн байзадӕй адӕми ‘хсӕн: «Билари рӕстӕги атӕ уидӕ, Билари разамунди фӕрци нӕ къохи уотӕ бафтудӕй… Билар ӕй искодта, Билар байархайдта…»