28 апреля 2024

ӔНӔХЪӔРТОН АДӔЙМАГИ ФӔЛДЕМӔНТӔ НӔ, ФАЛ КОМКОММӔ АГЪАЗ ГЪӔУЙ!..

21.08.2021 | 16:29

Дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕ куд фегъосун кодтонцӕ, уотемӕй Уӕрӕсей Президент В. Путин бафинста Указ, кӕцимӕ гӕсгӕ нӕ бӕсти еугур пенсиесгутӕн уӕлӕнхасӕн еухаттон хузи аци анз бафеддзӕнӕнцӕ дӕс мин соми. Еци ӕхцатӕ дӕр цанӕбӕрӕг ӕнцӕ, фал уӕддӕр еуцӕйдӕрбӕрцӕдӕр агъаз уодзӕнӕнцӕ тухамӕлттӕгӕнӕг пенсиесгутӕн.