26 декабря 2024

«КӔДДӔРИДДӔР УОДЗӔНӔН УӔ ХӔЦЦӔ…»

28.08.2021 | 16:52

… Уотӕ ’й цард. Адӕймаги адгин цард. Кӕми нӕ фудуагӕ тумугъти рахӕссуй, кӕми зин нӕдтӕбӕл, кӕми ба деденӕгӕй фӕлуст игуӕрдӕнти. Цард дӕр уой туххӕй хуннуй – аллихузон ӕй, ӕ хуарзӕн дӕр, ӕ зинӕн дӕр кӕрон нӕййес.

… Рӕсугъд уалдзигон бон. Хърупси гъӕугӕрон. Кӕддӕр бӕгъӕнвадӕй, бӕгъӕнзӕнгӕй уӕситӕ кӕми хизтон, еци фӕзӕ.

Цалдӕр сабийи. Сӕ дзӕкъолтӕ кӕрӕдзебӕл ниввардтонцӕ, сӕ хӕдӕнттӕ гъӕддаг кӕрдтуй къалеубӕл ӕрауигътонцӕ. Бӕлӕути хузӕн ратӕхӕ-батӕхӕ кодтонцӕ. Бӕстӕ сӕ сӕрбӕл исистонцӕ.

Аййевӕй сӕмӕ кӕсун. Хуӕрзхуз, ӕфснайд лӕхъуӕнтӕ.

«Тӕходуй, сумах кари ма ку уинӕ!.. Гъӕйдӕ, ӕма мӕ дзабуртӕ фелвасон. Гӕрр, нӕ сӕ баййафдзӕнӕн? Ӕма уӕд мӕ сӕри уорситӕ ба? Зӕрондӕрдӕмӕ ӕ зунд фӕццудӕй, зӕгъгӕ, ми ку зӕгъонцӕ, уӕдта?» – гъуди кӕнун ӕз, ӕма мӕ мӕ гъудитӕ сӕ уӕлнихти исистонцӕ, сӕ рӕуӕг базуртӕбӕл мӕ фӕххастонцӕ мӕ сабийдогӕмӕ.

1929 анз. Уӕллаг Згид. Ӕргъайзӕн. Ӕрӕгвӕззӕг. Мегъӕ ӕнгом ӕрбадтӕй коми, ӕрӕнцадӕй хуӕнхтӕбӕл. Уазал сӕлфунӕг. Къӕхтӕ ресунцӕ. Зӕронд  нимӕт дӕр син нецибал агъаз ӕй. Фонс мегъи бунӕй нӕбал зиннунцӕ. Еуминкъий мӕстгун дӕн мӕ фидӕмӕ, дуккаг анз мӕ еунӕг хатт дӕр ке нӕ бабӕрӕг кодта, уой туххӕй. Ме ’мбӕлттӕ айфонмӕ скъолай гъар уати бадунцӕ, ӕз ба ме ’скъудтӕ нимӕти бӕгъӕнвадӕй фонси фӕдбӕл… Берӕгъи амӕттаг фӕууӕнтӕ, еу дӕр си мабал байзайӕд!

ЦÆГÆРАТИ Максим (рахесæрдигæй фиццаг) е ’мзæнхон хестæрти хæццæ.

Мӕ кӕундзӕг мӕ хъури рабадтӕй. Къостай уӕлигӕсау мӕ фӕлледзунмӕ берӕ нӕбал гъудӕй. Уӕдта мӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕй, абони сӕумӕй мин не ’рвадтӕлти биццеу Геуӕр ци киунугӕ равардта, е. Сабургай ӕй исистон мӕ дзӕкъолӕй, цӕмӕй ма ницъцъифӕ уа, уой туххӕй ӕй нимӕти къабазӕй ӕрбамбарзтон. Киунуги фарсӕй ба мӕмӕ мӕтъӕлӕй искастӕй ме ’нӕзонгӕ хъӕрӕу биццеу. Бугъзуртӕ дарӕси. Ӕнӕ ходӕй, бӕгъӕнвадӕй. Ӕ къохи гъесин фӕндур. Цума мӕмӕ уотӕ дзурдта: «Ду ба цӕмӕй тӕрсис, мӕн хузӕн хъӕрӕу ку нӕ дӕ? Фидӕ, мадӕ, ӕнсувӕртӕ дин…»

Уӕдта киунуги ӕрмӕгутӕй ести  ку зонинӕ! Айдагъдӕр ӕ хузтӕ. Еци хъӕрӕу биццеуи хӕццӕ. Кӕми – еунӕгӕй, кӕми ба адӕми ’хсӕн…

Цалдӕр боней фӕсте, мӕ киунугӕ мӕ дзӕкъоли, Уӕллагкомӕй Гъевони ӕфцӕгбӕл мӕ хӕццӕ ци гъӕдин къоппа рахастон, е ӕ фарсмӕ, уотемӕй ниууагътон Ӕргъайзӕн. Фӕрсгӕ дӕр неке бакодтон, хуӕрзбон дӕр некӕмӕн загътон. Мӕ гъостӕ мӕ сӕригъунти бунӕй нӕ зиндтӕнцӕ, уотемӕй ӕрхъӕрдтӕн Хърупсмӕ, нӕ хӕдзарӕмӕ.

Ӕз уӕд фиццаг хатт фӕууидтон мӕ фиди цӕститӕ уомӕлӕй. Ӕнӕнгъӕлти ке ӕрцудтӕн, е ин кӕд цийфӕнди зин адтӕй, уӕддӕр мӕмӕ схустӕй исдзорун не ’сфӕразта.

Дуккаг бон нӕ синхи биццеути хӕццӕ скъоламӕ бамедӕг ан. Синдзитӕбӕл цума бадтӕн, уотӕ фӕббадтӕн еу урок, уӕдта мӕ дуккаг уроки ахургӕнӕг исистун кодта.

– Ардӕмӕ ӕнӕ фӕрсгӕй цӕмӕн ӕрбацудтӕ?..

Ӕ урок ниууагъта ӕма мӕ скъолай хецау Битарти Евджинмӕ бакодта.

– Ӕма нурмӕ кӕми адтӕ?.. Игъосай, мӕйи ӕмгъудмӕ дӕ уадзун. Кӕд де ’мбӕлтти баййафай, уӕд хуарз, кенӕ ба ми  ма рагъаст кӕнӕ, – ӕ дзубанди фӕцӕй скъолай хецау…

Ӕз Евджини дуар мӕ сӕрбӕл рахастон. Тъӕбӕрттӕй нӕхемӕ, уордигӕй – туканмӕ. Уӕдта, мӕ нӕуӕг киунугутӕ мӕ дӕлуагис бакодтон, уотемӕй фӕстӕмӕ скъолай исмедӕг дӕн.

Урокти фӕсте мӕнмӕ бакӕсӕ – цума мӕнӕй лӕгдӕр неке адтӕй, уой хузӕн сӕрустурӕй цудтӕн нӕхемӕ, тагъд кодтон. Ме ’рбацудмӕ мӕ бийнонтӕ еугурӕйдӕр, устурӕй-минкъийӕй, мӕ размӕ рацудӕнцӕ. Ӕз мӕ мадӕмӕ батъӕбӕртт кодтон ӕма ’й мӕ хъури никкодтон…

Уотӕ райдӕдтонцӕ ме скъолай бӕнттӕ. Уотӕ ниууагътон хонхи мӕ минкъий фиййауи лӕдзӕг, мӕ саунӕмгутӕ, мӕ скъелдутӕ, Ӕргъайзӕни деденгутӕ, мӕ гъунтъуз фӕззигон бӕнттӕ, мӕ хуӕздӕр хӕлар Геуӕри…

Цуппӕрӕймаг къласи ахургӕнгӕй, фиццаг хатт ниффинстон райони газет «Раздзог»-мӕ. Мӕ бон куд адтӕй, уотӕ ниффинстон нӕ гъӕуи тукангӕс Габанти Хаджумари хуарз кусти туххӕй.  Дуккаг бон мӕ уадзимис рӕсугъд рамки хурфи ӕвӕрдӕй фӕззиндтӕй ӕ тукани фарсбӕл.

Фал гъуддаг еци финстбӕл нӕ рахецӕн ӕй – скъолай мӕбӕл уацхӕссӕги ном исӕвардтонцӕ. Нур дӕр ма мӕ гӕгъӕдити хӕццӕ ӕфснайдӕй лӕуунцӕ Хутъинати Цӕппой ӕма Дзадтиати Тотурбеги къохфинститӕй хунди билеттӕ. Уӕд етӕ дууемӕй дӕр кустонцӕ «Раздзог»-и редакций.

Еци бӕнтти райони уацхӕсгути ӕмбурди базонгӕ дӕн, ӕнсувӕрти хузӕн ке хӕццӕ фӕццардан, еу хӕдонӕ дӕр нин урух ке хӕццӕ адтӕй, еци кӕдзосзӕрдӕ, искурдиадӕгин лӕхъуӕн – Басити Дзаххотти хӕццӕ.

Еумӕ рандӕ ан Дзӕуӕгигъӕуи рабфакмӕ дӕр. Кочисати Мухарбег, Калоти Хазби, Муртазти Барис, Цӕрукъати Александр, Цирихати Михал – берӕ фӕсевӕд адтӕй еци ӕнзти Дзӕуӕгигъӕуи, литературӕмӕ е ’ргом ка ’здахта, уӕхӕнттӕ. Нӕ кӕрӕдзей цийнӕбӕл цийнӕ кодтан, не ’мбали лӕмӕгъдзийнадӕ нӕ еугуремӕн дӕр уидӕ зин.

Уӕдта… (О, еци «уӕдта»! Аллихатт ӕ фӕдбӕл ести ӕнӕрасайгӕ нӕ фӕууй!) Нӕ нӕдтӕ аллирдӕмӕ фӕццудӕнцӕ…

… Хор ранигулдӕй. Ӕз фӕстӕмӕ ӕздӕхун Хърупси дони билӕй. Еунӕгӕй нӕ – мӕ гъӕуи сувӕллӕнтти хӕццӕ, цъӕх фӕзӕбӕл гъазгӕ ке ӕрбаййафтон, еци цӕрдхуз сабийти хӕццӕ.

«Финсӕг… Цума нӕуӕгӕй ци косуй нуртӕккӕ?» – биццеутӕй еу инней сабургай фӕрсуй.

Финсӕг… Уотӕ мӕ хонунцӕ етӕ, уотӕ мӕ гъӕуама рахононцӕ сӕ хестӕртӕ дӕр. Ци ма ес уомӕй кадгиндӕр, устурдӕр ном. Тӕходуй, еци номи аккаг ка фӕууй, ӕ зар адӕми зӕрдӕмӕ кӕмӕн багъаруй!

Хор ранигулдӕй. Ӕз цӕун мӕ кӕстӕрти хӕццӕ. Аййевӕй мин кӕсунцӕ мӕ сӕри уорситӕмӕ.

Ма си фӕттӕрсетӕ! Еунӕгӕй мӕ ма ниууадзетӕ! Ӕз кӕддӕриддӕр уӕ хӕццӕ уодзӕнӕн!

ЦӔГӔРАТИ Максим,

1966 анзи, 14-аг январь.